Диссаджы фæзынд у адæймаджы удысконд. Хуры рухс куы фены, уæдæй фæстæмæ царды уаргъ фæхæссы. Царды уæз хæсгæйæ, бирæтæ сæхицæн цæрæнбонтæм скæнынц рæсугъд ном. Къæбысты Шота Никъалайы фырт дæр ирон лæджы ном бæрзонд хаста. Æнæхин, куыстуарзаг, уæздан, адæмы фарнæй хайджын адæймаг уыд. Нымад цыд тынг хорз экономистыл, йæ хъуыддаджы æцæг дæсныйыл. Уый цардæй ахицæн ацы аз августы мæйы.

Йе ‘нæниздзинадыл ын тынг бандæвтой гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмы ныхмæ æнæмсæр хæст кæй расидтысты, уыцы цаутæ. Йæ уарзон горæт-хъайтар Цхинвалæй  иу бон дæр никуыдæм ацыд. Йæ радтæг Ирыстоныл цæрддзу кодта йæ алы хъуыддагæй дæр. 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы йæ хæдзар басыгъд стыр снаряд ыл кæй сæмбæлд, уый фæстиуæгæн. Йæхæдæг дæр ма тыххæй аирвæзт сæрæгасæй. Æмæ уæдæй фæстæмæ йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта, йæ сæрæн нал ссис.

Къæбысты Шота райгуырд 1936 азы Рустауы хъæуы. 1957 азы Рустауы астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ, 1957-1961 азты куыста Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры актерæй. Уый фæстæ та – «Цхинвалторг»-ы.

1962 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Донецкы паддзахадон университеты экономикон факультетмæ сæудæджерады бухгалтерон хыгъды дæсныйады фæдыл. 1957 азы кусын райдыдта «Сталинирторг»-ы планон хайады экономистæй. 1964 азæй куыста Хуссар Ирыстоны Облæххæсткомы коммуналон хæдзарады хистæр экономистæй. 1971 азы æрвыст æрцыд Бакуйы уæлдæр партион скъоламæ æмæ йæ 1973 азы каст  фæцис сырх дипломыл.

1973 азы августы мæйы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинаты директорæй. Ацы бынаты цалдæр азы бакусыны фæстæ, 1976 азы раконд æрцыд Хуссар Ирыстоны статуправленийы хистæры хæдивæгæй. Уым бакуыста аст азæй фылдæр. Уый фæстæ куыста Цхинвалы горæххæсткомы планон къамисы хистæр экономистæй. 1984-2007 азты та нысан æрцыд планон къамисы сæрдарæй. Ацы бынатæй ацыд пенсийы дæр.

Къæбысы фырт хорзæхджын æрцыд бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Йæ бирæ азты дæргъы  цæсгомджын куысты тыххæй та йын лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономисты кадджын ном. Никуы базивæг кодта йæ фæлтæрддзинад æвзонг кусджытæн бацамонынмæ, рæдауæй сын амыдта йæ дæсныйады æппæт сусæгдзинæдтæ.

Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, цы байтауай, уый æркæрддзынæ, зæгъгæ. Шотайы хуызæн адæймæгтæ цардæй куы ацæуынц, уæд æрмæст бинонтæ нæ фæкъахыр вæййынц, зæрдæрыстæй баззайынц, царды бирæ хæрзты кæмæн бацыд, уыдон дæр. Рæсугъд æмæ æнæлазæй, кадимæ фæцæрын йæ хæсыл чи нымайы, ахæм адæм бирæ уыд æмæ ис Ирыстоны. Уыцы нæртон лæгтæм хаудта Шота дæр. Ахæм уæздан æмæ зæрдæхæлар адæймæгтæ нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд цыма адæймаг фæсидзæргъуыз вæййы, афтæ нæм фæкæсы. Уымæн æмæ ахæмтæй фидауы цард.

Къæбысты Шота кæм фæнды ма куыстаид, алыран дæр ныууагъта хорз ном. Кад ын кодтой йæ коллегæтæ, йæ дæлбар кусджытæ иууылдæр. Шотайы хуызæн адæймæгтæй фæзæгъынц, куысты дæр æмæ ирон æгъдауы дæр йæ фарн йæ разæй цæуы, зæгъгæ. Йæ уаг æмæ йе ‘гъдауæй уыд фыдæлты фарнхæссæг. Æппæт Къæбысты мыггаг дæр сæрыстыр уыдысты сæ разагъды, кадджын æфсымæрæй. Уыд сын ныфсы адæймаг, бахъуыды сахат-иу сæ фарсмæ æрбалæууыд.

Цы фарн ныууагъта ацы зæххыл, уый уæлдай тынгдæр фæбæрæг йæ ныгæнæн боны. Фæстаг хæрзбон зæгъынмæ йæм æрбацыд тынг бирæ адæм, уыцы нымæцы йæ раздæры æмкусджытæ дæр. Тынг ыл фæрыстысты хионæй, æддагонæй.

Шота хъæрмудæй фæцард йе ‘мкъай Тедеты Ленæимæ. Ленæ бирæ азты дæргъы цæсгомджынæй бакуыста газет «Советон Ирыстон»-ы (абон газет «Хурзæрин») телейтайписткæйæ. Шота-иу Ленæмæ арæх æрбацыд редакцимæ æмæ йæ уымæ гæсгæ йæ цардæмбалы коллегæтæ хорз зыдтой. Кад ын кодтой иууылдæр. Сæ чызг Аидæ равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад. Кусы Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы. Ис ын хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбул. Сæ цинæй бæргæ радис Шотайы зæрдæ, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн…

Шота йæ фарн йемæ нæ ахаста, ныууагъта йæ йæ бинонтæн – йæ цардæмбал Ленæ, йæ хъæбул Аидæ æмæ йæ хъæбулы хъæбултæн æмæ йын уыдон йæ хорз хъуыддæгтæ дарддæр кæндзысты.

Чидæриддæр æй зыдта уыдон æй иууылдæр бахъуыды кодтой хæларзæрдæ адæймагæй. Йæ рухс сурæт цæрдзæн чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Шота, афтæ бирæ цы Ирыстоны уарзтай, уый сыджыт дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд!

Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.