Райгуырæн бæстæ цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд нæ ирон хъæбатыр лæппуты фыццаг хæс æмæ цалынмæ уырыссаг æфсæддонтæ фæзындысты, уæдмæ куыд сæ бон уыд, афтæ тох кодтой гуырдзиаг фашистты ныхмæ.

8-æм августы райсомæй 11 сахатыл Дзауы районы цæрджытæ Кады аллеяйы æрæмысыдысты 15 азы размæ августы хæсты сау бонтæ æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл цырты раз сæвæрдтой венок æмæ дидинджытæ. Традицимæ гæсгæ районы администрацийы кусджытæ Тыбылты Вандæйы сæргълæудæй бацыдысты, се ‘нусон бынаты чи æнцойад кæнынц, уыцы фæмардуæвæг хæстонты уæлмæрдтæм æмæ сын рухс загътой ирон æгъдаумæ гæсгæ. Уыцы дзæнæттаг хæстонтæ та уыдысты 90-æм азты, 2008-æм, æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард сты, уыдон.

Уыцы бон ма изæрæй центры цæрджытæ æрбамбырд сты «Мысынады цырагъ»-ы акцимæ. Судзгæ цырæгътимæ хъынцъымгæнæг адæм, иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдон рухс нæмттæ. Адæмæн та ногæй сæ зæрдыл æрлæууыд 2008 азы августы мæйы сæумæрайсом. Раст, цыма, знон уыдис, афтæ адæймаджы цæстытыл уайынц гуырдзиаг фашистты хæдтæхджытæ сабырцæрæг адæмыл бомбæтæ куыд æркалдтой, уый. Уæд районы дæр бирæтæн ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, чидæртæ та фесты цæфтæ. Тæссаг уавæр кæй сæвзæрд, уымæ гæсгæ сæ бинонты æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Хæстон цауты мысгæйæ, мысыдысты, уыцы бонты чи фæмард сты, уыцы цардбæллон, зынгхуыст хъайтарты дæр. Ацы фондзбонон хæсты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, знагимæ æнæмсæр тохты сæ удтæ радтой дзауаг хъайтар лæппутæ дæр. Уыдонæй дыууæйæ, Къæбысты Алан æмæ Санахъоты Алан, уыдысты милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæстонтæ. Дыууæ цардбæллон лæппуйы фæмард сты Тъбеты хъæуы къуылдымыл. Дыууæ дæр ныфсхаст æмæ хъæбатырæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ фæмард сты хъайтартæй. Тъбеты хъæумæ хæстæг ма комкоммæ фехстой танкон баталоны хæстон Цхуырбаты Батыры. Ацы изæр ма хицæнæй ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард сты, уыцы дзæнæттаг хæстонты нæмттæ дæр.

Фыдохы митинджы раныхас кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ, районы æфсæддон къамиссариаты хистæр Санахъоты Юри, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Магкоты Эльвирæ, районы администрацийы культурæйы хайады гæс Санахъоты Анжелæ æмæ æндæртæ. Зынгхуыст лæппуты рухс нæмттæ арыны тыххæй айзæлдысты фыдохы музыкæйы зæлтæ. Хæсты темæйыл цалдæр зарæгæй нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ Тыбылты Леонид, Къæбысты Маир, Лалыты Альберт æмæ Багаты Шота ардтой фæмардуæвджыты нæмттæ. Къæбысты Маир сæххæст кодта зæрдæ-иу чи бацагайдта, ахæм хъыджы зарæг «Тохы быдыры». Уый йæ ныффыста йе фсымæры хъæбул Къæбысты Аланыл 15 азы размæ. Ирыстоны зынгхуыст хъæбултыл номарæн æмдзæвгæтæ бакастысты мадзалы хайадисджытæ Коцты Валерия æмæ Цхуырбаты Данæ.

Фыдохы мадзал «Мысынады цырагъ» бацæттæ кодта Дзауы районы культурæйы хайад.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.