Кад æнустæм, цæрæнбонтæм уæвы. Кад хæсджытæ, йæ парахатгæнджытæ гоймæгтæ  сты.

Ацы чысыл уацы дзырд цæуы уæздан æмæ кадджын, æгъдауджын адæймаг Зассеты  Иван Сеуастийы фыртыл.  Уый цардæй ахицæн 40 боны размæ.

Иван райгуырдис Къуыдаргомы, Къуайсамæ æввахс чысыл хъæу Гогаджыны. Иваны ныййарджытæ сæхæдæг дæр уыдысты уæздан æмæ кадджын.  Сæ кад æмæ æгъдауæй  хицæн кодтой хъæубæсты цæрджыты ‘хсæн. Кад æмæ æгъдауыл хъомыл кодтой Сеуасти æмæ Хуыгиан сæ  цыппар лæппуйы дæр. Æфсымæртæй уæлдай тынгдæр  хицæн кодта Иван. Чысылæй фæстæмæ иууылдæр уыдис  арф  хъуыдыты.  Уымæ гæсгæ йæ сыхæгтæ дæр æмæ йе ‘мбæлттæ дæр хуыдтой  «зондджын  Иван». Афтæ кæй  уыд,  уымæ  гæсгæ йæ  хорз  чи  зыдта, уыдон дзырдтой,  зæгъгæ, амæй сомбоны исты рацæудзæнис. Æмæ нæ фæрæдыдысты, Иван ссис тынг хорз математик. Иван каст фæцис Къуайсайы астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттимæ æмæ  тынг æнцонтæй радта фæлварæнтæ Хуссар Ирыстоны  паддзахадон педагогон институты  физикæ – математикæйы  факультетмæ.  Ам йе ‘взыгъддзинæдтæ раргом сты ноджы тынгдæр. Уыцы рæстæджы институты тынг арæх цыдысты алы предметæй дæр диспуттæ. Æмæ-иу дзы Иван иста активон  хайад.

Институт каст фæцис тынг хорз нысæнттыл æмæ йæ ахуырадон уагдоны къухдариуæгад хъуамæ райстаид математикæйы факультетмæ лаборантæй, стæй  иу  азы  фæстæ  та – ахуыргæнæгæй. Фæлæ Иван ууыл не сразы ис. Загъта, зæгъгæ, æз математикæйы факультетмæ бацыдтæн уымæн,  цæмæй  Къуайсайы  астæуккаг скъолайы  ахуыргæнинæгтæй цæттæ  кæнон  скъолатæн  аккаг  математиктæ.  Æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Уыцы рæстæджы Къуайсайы астæуккаг скъолайы ахуыр  кодта  мин  æмæ  æрдæгæй  фылдæр  ахуыргæнинаджы. Уым куыстой цалдæр математикы,  фæлæ Иван цы кълæсты  амыдта, уыдон бæлвырд  хицæн кодтой сæ зонындзинæдтæй. Хуссар  Ирыстоны паддзахадон институты физикæ – математикæйы  факультетмæ арæхдæр цæуын райдыдтой Къуайсайы астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ.

Иван Къуайсайы скъолайы дзæвгар фæкуыста. Уый фæстæ йæ ракодтой Хуссар  Ирыстоны облæххæсткомы ахуырады  хайадмæ.

Уым фæкуыста, цалынмæ пенсийы нæ ацыдис, уæдмæ.  Пенсийы ацыды фæстæ дæр цæттæ кодта сывæллæтты (ома куыста репетиторæй) суанг йæ амæлæты онг.

Иван йе ‘мкъай Гæззианимæ схъомыл кодтой иу чызг – Дзерассæйы. Уый дæр рацыдис йæ ныййарджытау æгъдауджын, йæ дæсныйад тынг  хорз  чи  зоны, ахæм  адæймаг. Кусы Цхинвалы горæты поликлиникæйы лор дохтырæй æмæ йæм йе нæниздзинады тыххæй чи  бацæуы, уый дзы баззайы  тынг  райгондæй.

Иваны лæггæдтæ бирæ  сты Хуссар Ирыстоны ахуырады къабазы, рæзгæ фæлтæры  цæттæ  кæныны  хъуыддаджы. Рухсаг у, Иван.

ХУЫГАТЫ Илья

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.