Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли нæ республикæйы коронавирусон инфекциимæ чи тох кодта, уыцы къорд медицинон кусджытæ æмæ волонтерты цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодта, сæрмагондæй кæй рауагътой, уыцы ног майдантæй «Дунеон рыны ныхмæ æнувыд тохы тыххæй», зæгъгæ, ахæм номимæ. Цытджын церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан, нæ бæстæйы сæйраг Санитарон дохтыр Коцты Маринæ, афтæ ма горæты æмæ районты рынчындæтты медиктæ дæр.

Президент Бибылты Анатоли, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн сæ æнувыд æмæ иузæрдион куысты тыххæй æмæ йæ ныхас адарддæр кодта ацы тæссаг вирусы уавæры æнæмæнгæй вакцинæ саразын кæй хъæуы æмæ йæ цæмæй нæ адæм саразой, уый та фылдæрбæрцæй медицинон кусджытыл кæй æнцой кæны, ома, йæ адæмæн хъуамæ хуыздæр æмбарын кæной вакцинæимæ коронавирусыл кæй фæтых уыдзыстæм æмæ къаддæр адæм кæй бахаудзысты йæ уацары. «Зынаргъ медицинон кусджытæ, дохтыртæ, медицинон хотæ, санитаркæтæ, волонтертæ, сымахæн мæ фæнды зæгъын стыр бузныджы ныхæстæ, куыд мæхи, афтæ нæ адæмы номæй дæр, кæцытæн сымах бакодтат æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс æмæ кæцытæ сымахæй сты стыр бузныг. Ныр дыууæ азы дæргъы æнæхъæн дунейы дæр тох цæуы ацы тæссаг вирусы ныхмæ æмæ уый та чысыл æмгъуыд нæу, стæй ма уый æмæ медиктæй домдæуыд, цæмæй адæмы хæрзæбонæн максималон æгъдауæй, сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, æппæт тыхтæ дæр радтой сæ куыстмæ. Медиктæ хæссынц стыр бæрндзинад ацы вазыгджын хъуыддаджы æмæ уый та æнцон нæу. Сымах хъуамæ максималонæй æмбарат уæ пациентты уавæр, аудгæ ахаст æмæ сæм стыр хъусдард здахат. Сæрæй æмбæлдыстæм проблемæтимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ йæ рæстæджы арæнтæ æрæхгæныны хъуыддаг уыдис раст, цæмæй цасдæрбæрцæй нæхи бацæттæ кодтаиккам вирусы ныхмæ тохкæнынмæ. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй абон дæр афтæ зæгъæн нæй æмæ дунеон медицинæ цæттæ у ацы тæссаг вирусы ныхмæ. Ныртæккæ медицинæ цы методтæй тох кæны вирусы ныхмæ, уыдонæй баххуыс кæнынц æмæ аивæрзын кæнынц æппæт адæмы. Абон ацы вирусæй адæм кæй мæлынц, уый дæр бæрæг у. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон дæр уыцы хъуыддагæй хызт нæу. Мах бирæ адæймæгты фесæфтам ацы сæвзæргæ уавæры, фесæфтам зындгонд адæймæгты, паддзахадон архайджыты, фæхъуыдис не ‘хсæнæй уæ коллегæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Зассеты Æхсар æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, трагеди у. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæм сты чысылнымæц æмæ нын алкæцы адæймаджы фæхъуыд дæр у трагеди», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, медицинон кусджытæ тынг хорз æмбарынц рынчынты уавæр, сæ уæззау куыст  «Сырх зонæ»-йы, фæлæ пассивон сты æмæ адæмы æмбæлонæй нæ разæнгард кæнынц уымæ, цæмæй саразой вакцинæ. Уымæ гæсгæ нæ бæстæйы сæргълæууæг æрсидт медицинон кусджытæм, цæмæй активондæрæй парахат кæной æмæ æмбарын кæной адæмæн, вакцинæ æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый. «Зынаргъ, медицинон кусджытæ, уый у махæн нæ иумиаг бæрндзинад. Сымах стут уыцы адæймæгтæ, кæцытæ федтой адæмы тыхстдзинад æмæ уæззау уавæр æмæ хъуамæ æппæтдæр саразат, цæмæй бахъахъхъæной сæхи æмæ се ввахс адæмы тæссаг вирусæй. Статистикæмæ куы æркæсæм, уæд афтæ нæ зæгъдзыстæм æмæ медиктæ активонæй аразынц прививкæтæ. Мæнмæ гæсгæ, уæ профессионалон зонындзинæдтæ уын уыцы бар ма хъуамæ дæттиккой, цæмæй уæ уырной, бæрæг-бæлвырд цы факттæ не сты, уыдон. Факттæ, кæцыты мах бакæсæм æндæр æмæ æндæр социалон хызæгты. Сæйраг нын у, цæмæй бахъахъхъæнæм адæмы æмæ сæ бахизæм мæлæтæй. Абон мах афтæ ма хъуамæ хъуыды кæнæм, зæгъгæ, нæ дзы фæрынчын уыдзыстæм, кæнæ дзы куы фæрынчын уон, уæд та йæ схæсдзынæн уæлæнгайæ æмæ мыл ницы æрцæудзæнис. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст хъуыды нæу æмæ уæ курæг дæн, цæмæй вакцинæ саразыны тыххæй æмбарын кæнат уæ алыварс чидæриддæр ис, уыцы адæмæн. Цал адæймаджы хъуамæ фесафæм, цæмæй йæ бамбарæм, æмæ æнæмæнг нæ кæй хъæуы вакцинæ саразын? Китайы миллиард адæймагæй фылдæр  сарæзтой вакцинæ. Уый та дзурæг у æмæ се ‘нæниздзинад, сæ дарддæры цардмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц æмæ бæрндзинад кæй хæссынц се ‘ввахс адæмы раз. Нæ хъæуы мæнг ныхæстæм хъусын. Фæнды мæ бафæрсын, цæмæн æууæндæм, сæ професси бæрæг кæмæн нæу, уыцы «зондамонджытыл» æмæ цæмæннæ æууæндæм адæмæн зындгонд чи у æмæ мæлæтæй бирæты чи байста, уыцы Леонид Рошалыл? Кæм ис логикæ?», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

ХОРЗÆХТÆ РАЙСТОЙ АККАГДÆРТÆ

Уый фæстæ медиктæ Президент Бибылты Анатолийы къухæй райстой сæ хорзæхтæ дидинджытимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хорзæхтæ райсыны тыххæй кандидаттæ æвзæрст кæй цыдысты бакуыстгонд сахатты нымæцтæм гæсгæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан. «Ацы хъуыддаджы нын баххуыс кодтой нæ рынчындæтты сæйраг дохтыртæ, кæцытæ нæм æрбавдыстой номхыгъдтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.