Ног азы къæсæрыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли алыгъуызон паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта нæ республикæйы цардархайды алы фадыджы фæллойгæнджыты. Ацы цытджын церемони уагъд æрцыд президенты администрацийы æмбырдгæнæн залы.

«Сымахæй алчи дæр у Райгуырæн бæстæйы патриот, уый уæ алчи дæр сбæлвырд кодта, цы фадыджы архайы, уым кусгæйæ. Уæ куыстæй æмæ уæ архайдæй ноджыдæр уынын кæнут, цæмæй нæ республикæ æмæ йæ адæм размæ цæуой. Æмæ цæмæй уыцы хъуыддаг нæ къухты æфта, уый  тыххæй алчи дæр стыр тыхтæ дæтты, цы фадыджы фæллой кæны, уым йæ цæсгомджын æмæ æвæллайгæ куыстæй», – дзырдта Президент.

Æмæ цæмæй Ирыстон размæ цæуа, уый тыххæй æнæмæнг нæу, æмæ кæрæдзийыл цъыф калæм. Ахæм хъуыддæгтæ раст не сты, ахæм архайдæй мах размæ никуы æмæ никæд ацæудзыстæм.

Хуссар Ирыстонæн æрбалæугæ 2022 аз бæстæйы сæргълæууæг бабаста стыр политикон цаутимæ. Сæ иу – бæстæйы президентон æвзæрстытæ, уыдон уагъд æрцæудзысты закъон æмæ адæмы фæндонмæ гæсгæ – нæ адæм зонджын адæм сты æмæ æвзæрстытæм æрбацæугæйæ сараздзысты сæ раст равзæрст.

«Æвзæрстыты рæстæджы цы проблемæтæ сæвзæры, уыдон проблемæтыл мауал хъуамæ банымайæм, фæлæ алчи дæр йæхицæн бæрзонд хæсыл хъуамæ банымайа æмæ равзара уыцы адæймаджы, кæцы сомбон суыдзæн бæстæйæн аккаг сæргълæууæг æмæ бæстæ æмæ адæмы хæрзæбонæн архайдзæн  æмæ кусдзæн».

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ ахæм хъуыддæгтæ нырма хорзæй никуы ницы ‘рхастой, нæдæр адæмæн, нæдæр – паддзахадæн. Ныртæккæ махæн не ‘хсæнад размæдзыд æмæ зондджын у. Æмæ раздæр кæд æвзæрстыты агъоммæ алыгъуызон хицæн тыхтæ митингтæ фæуадзынц, уæд уыдон раст нæ кæнынц, адæм æнæ митингтæй дæр сараздзысты сæ раст æвзæрст.

«Ныртæккæ ног азы къæсæрыл стæм, азивæныл стæм æмæ нæ алчи дæр райгондæй æмбæлдзæн æмæ кувдзæн йæ фæрныг хæдзары йæ бинонтимæ, цæмæй нын æрлæугæ аз хуыздæр æмæ фылдæр æнтыстытæ æрхæсса, куыд нæ бинонтæн, бæстæйæн, афтæ нæ фидæны фæлтæрæн. Уымæн æмæ нæ сомбон мах бæттæм нæ кæстæртимæ, нæ дарддæры цард аразджытимæ. Уадз æмæ алкæй кæстæр дæр уæд амондджын, æнтыстджын æмæ æнæниз, æмæ æмткæй нæ Ирыстон размæ  цæуæд. Уадз æмæ нæ хæдзæрттæ йемыдзаг уæт позитивон хабæрттæй, хорз зæрдæйыуаг æмæ райдзаст хабæрттæй», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

ХОРЗÆХТÆ – АККАГДÆРТÆН

Уый фæстæ Бибылты Анатоли сæххæст кодта кадджын мисси – Хуссар Ирыстоны цардархайды алы фадгуыты минæвæрттæ хорзæхджын æрцыдысты Кады ордентæй, юбилейон майдантæй, Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæй. Иуæй-иутæн та лæвæрд æрцыд Сгуыхт кусæджы кадджын нæмттæ.

Президент банысан кодта, ацы хорзæхтæ кæй дæтты Хуссар Ирыстоны адæмы номæй, уымæн æмæ бæстæйы сæргълæууæг у адæмы æвзæрст, æмæ хорæхтæ дæр сты адæмæй бузныджы нысанæн.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.