Цæуылнæ нæ разы кæны Гуырдзыстон дыккаг фронт байгом кæныныл

Нæ хуссайраг сыхаджы нæ бафæндыд йе ‘фсæддонты НАТО-йы радон ахуыртæм арвитын. Чысыл раздæр та Евроцæдис фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн кандидат-бæстæйы статус радтынмæ рæстæгмæ багæдзæ кæндзæн, Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ райсыныл кæй нæ разы кæны, уый аххосæй.

А-фæстаг азы дæргъы нæ хуссайраг сыхаджы йæ ныгуылæйнаг партнер ахъаззаг критикæйы бын фæкодта. Нал сæм хъусы, нæ комы Уæрæсейы ныхмæ арæзт æцæгæлон геополитикон хъазты судзгæ æхсидавы ролы хъазын, йæхи зондæй цæрын æй фæнды æмæ уый та Вашингтон æмæ Брюссель стыр «фыдракæндыл» нымайынц.

Гуырдзиаг хицауад Уæрæсемæ, ома, йæ ахаст хуыздæрырдæм фæивта æмæ уымæн хыл кæны йæ раздæры стратегион партнертимæ, зæгъгæ, уый ныфс макæй фæсайæд.  Уæдæ сæ бæстæйы хуымæтæг цæрджыты фылдæр хай дæр Уæрæсемæ уарзондзинады арты нæ судзынц. Уымæн афтæ дзæбæх хатынц сæхи уым, Уæллаг Ларсы фидæрттæ чи батыдта, йæ райгуырæн бæстæйы зын сахаты чи фæуагъта æмæ фæсарæнтæм чи ныййарц, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгтæ.

Тбилис æмæ Ныгуылæны конфликт цæстуынгæ æвдисы – фæссоветон тыгъдады æмцæдисонтимæ, АИШ æмæ Европæ традицион дипломатийы инструменттæй нал пайда кæнынц, æрмæст ма комкоммæ, гуырымыхъæй домынц, цæмæй сын сæ бардзырдты ныхмæ «дыууæ сдзурын мачи уæнда».  Украинæ раджы равзæрста коммæгæсы фæндаг, Молдовæ дæр йæ фæдыл цæуы. Вашингтон æмæ Брюссель æппæт тыхтæй дæр архайынц иннæ паддзахæдты дæр уыцы сæрсæфæн фæндагыл саразыныл. Фæлæ стыр æнтыстытæй раппæлын нырма сæ бон нæу. Хъавгæйæ зæгъдзынæн афтæ – радикалон æгъдауæй куы нæ фæивой уавæр, уæд сæ къухы стыр æнтыстытæ нæ бафтдзæнис.

Гуырдзыстон ныртæккæ уал фæд-фæдылонæй цæуы, сыхаг бæстæтæн зæрдæмæдзæугæ цахæм у, ахæм суверенитеты фæндагыл. Уыцы уаг равзæрста йæ геополитикон уавæр æмæ историон фæлтæрддзинады фæрцы. Уыимæ иумæ гуырдзиаг хицауиуæггæнджыты ахæм политикæ æгæр ныфсхаст дæр у æмæ сæ уымæн афтæ тынг бахъуыд Уæрæсе æмæ Ныгуылæны æхсæн æмуæзад (баланс–ред.æмб.) ссарыны сæр.

Фæссоветон паддзахадтæй цалдæр: Сомихстон, Казахстан æмæ Азербайджаны хицауадтæ дæр Гуырдзыстоны нырыккон политикæйыл разыдзинад æвдисынц. Фæлæ уыдонæн сæ уавæр нæ хуссайраг сыхæгтимæ абаргæйæ уыйбæрц уæззау нæу. Кæд æмæ Астана кæнæ Бако бирæвекторон политикæйы тыххæй дзургæйæ, æцæгдзинадæй сæхи интерестæ нымайынц, уæд Гуырдзыстоны бон та нæу ахæм риторикæйæ пайда кæнын. Йæ хицауады иу рæдыды аргъ егъау уыдзæн – сæрсæфæнмæ сæ æркæндзæн. Фæлæ сын куы бантыса æцæг хæдбардзинады фæндагыл фæтых уæвын, уæд фидæны Уæрæсейæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны республикæйæн, Гуырдзыстоны бон у фидæны хорз сыхаг суæвын дæр.

Фыццаджыдæр уымæн, æмæ Гуырдзыстон йæ территори æмæ йæ адæмы нымæцмæ гæсгæ къаннæг паддзахад у. Уæлдайдæр Украинæ æмæ Казахстанимæ абаргæйæ. Нырыккон уавæрты, ома, «стыр хæстыты» дуджы, Ныгуылæнæн уадиссаг цымыдисаг нал у. Украинæ кæнæ Казахстаны политикон системæты ныххæррæгъ кæнын у Ныгуылæнæн йæ бæллиц æмæ стыр стимул. Уымæн æмæ Уæрæсейæн егъау проблмæтæ хæссы. Гуырдзыстоны адæмы ресурс та Уæрæсейæн ахъаззаг проблемæтæ саразыны фаг нæу.

Дыккаджы та, Гуырдзыстоны географион уавæр НАТО-йæн фаг нæу Уæрæсейы ныхмæ хæстон кампани саразыны сæраппонд Сау денджызы радон æфсæддон базæ æрæвæрынæн. Астæуккаг Азийы бæстæтау Уæрæсе, Китай æмæ Ираны ‘хсæн кæд æлхъывд нæу Гуырдзыстон, уæддæр Балтикæйы регионы æртæ паддзахады кæнæ Украинæ æмæ Молдовæимæ абарæн дæр ын нæй. Логистикон æгъдауæй Гуырдзыстоны цур базæ æххæстæй фæлындзын  зын æмæ тæссаг хъуыддаг у. Ныгуылæн та тæссаг фæндæгтæ лæгæрдын нæ уарзы. Афтæ зæгъæн ис, æмæ  объективон факторты фæрцы Гуырдзыстонæн йæ бон у Украинæйы хъысмæтæй йæхи бахъахъхъæнын. Æмæ афтæмæй Ныгуылæны «хъазæн хъулы» хъысмæтæй уæд йæхи бахиздзæн.

Ранымад фактортæй ноджы вазыгджындæр та сты нæ сыхæгты историон фæлтæрддзинад æмæ 2008 азы уроктæ.  Сæ политикæ куыд æвдисы, афтæмæй ныртæккæ уыцы уроктæ сахуыр кæнынмæ хъавынц. Советон Цæдисы фехæлды фæстæ Гуырдзыстон алкæмæй раздæр райхæлдта конфликт Уæрæсеимæ. Националистон æнкъарæнты уацары дæр се ‘хсæнад æмткæй бахаудис, æмæ номхыгъдæй уыцы антигуманон идеологийы аххосæй 15 азы размæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. 30 азы размæ гуырдзиæгтæн «бантысти» сфæлдыстадон интеллигенцийы радикалон минæвæртты хицауад-мæ æркæнын. Куыд зонæм, афтæмæй стыр хъизæмæрттæ бавзарын кодта уыцы фæндон, фыццаджыдæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмæн. Сæхи адæмæн дæр уыцы политикæ бирæ зиæнттæ æрхаста. 15 азы размæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз хæдбар паддзахæдтæ систы.  Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг  партнертæ та сæ ног æмæ ног æнæрхъуыды митæм разæнгард кæнынц. Уымæн фыссынц интернеты гуырдзиаг интелектуалтæ: «Советон Цæдисы адæмты æхсæн сæрхъæн митæгæнджыты æхсæн мах уыдыстæм раззæгтæ». Фæстæдæр ССРЦ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Шеварднадзейы президентæй равзæрстой, фæлæ сын уый ницы хорздзинад æрхаста, уæлдайдæр æддагон политикæйы.

15 азы размæ дунеон политикæйы рæстæг абонимæ абаргæйæ вегетариайнаг схонæн ис.  Рох нæ ма уæд, цас барон æмæ уæрæхзæрдæ уыдис Мæскуыйы политикæ дæр. Зын зæгъæн у, Тбилис йæ кæддæры автономитæм абон куы бабырстаид, уæд Мæскуы йæхи куыд дардтаид, уый дæр.

Чизоны, хæдбардзинады фыццаг драматикон 20 азы гуырдзиаг элитæйæн сæ сæры зонд бауагътой. 2012 азы парти «Гуырдзиаг бæллиц» хицауиуæггæнæг куы сси, уæд райста Ныгуылæнимæ бастдзинæдтæ фидар кæныны курс. Уыимæ та Уæрæсеимæ конфликт арфдæр кæнын дæр æй нæ фæндыд. Алыхатт сын-иу нæ бантыст нейтралон ахастытæ аразын – 2019 азæй фæстæмæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн авиабастдзинад нæй. Фæлæ æмткæй райсгæйæ, балансон политикæйæн æнтыстджыныл банымайæн ис. Украинæйы хæстон архайдтытæ райдайынæй фæстæмæ та Гуырдзыстоны экономикæйы райрæзтæн фæзынди хорз фадæттæ.  Стæй йæ сыхаг Туркмæ дæр кæсы æмæ уыны, Эрдоганæн йæхи пайдайæн куыд æнтысы цалдæр шахматон партийы уыцыиу рæстæг хъазын, ома, Уæрæсе æмæ Ныгуылæны конфликтæй пайда исын.

Гуырдзиаг хицауады ныхмæ кусы ныгуылæнон ахадындзинады æппæт инфраструктурæ – дæсгай азтæ йæ фæарæзта Ныгуылæн Гуырдзыстоны мидæг. Уыцы факторы æндæвд æрæджы раргом ис, оппозици дзыллон змæстытæ куы са-рæзта æмæ та æнæхъæн дуне Тбилисмæ куы æркастис, уæд. Гуырдзыйы хицауад уæд оппозици, АИШ, Евроцæдис æмæ уыдоны мидæгон клиентты фæнд сæххæст кодта – фæстæмæ раздæхта парламентæй фæсарæйнаг агентты фæдыл ист æмæ фидаргонд закъон.  Ныгуылæн уыцы закъоны райст  радикалон къахдзæфыл банымадта паддзахадон суверенитет фидар кæныны хъуыддаджы.

Фæрсæрдыгæй хъуыддагмæ чи кастис, уыдон та сулæфыдысты, уымæн æмæ тарстысты, мыййаг, змæстытæ граждайнаг хæст кæнæ паддзахадон фæфæлдæхт куы расайой, уы-мæй.

Куыд уынæм, афтæмæй, гуырдзиаг хицауады кæд алыр-дыгæй дæр æлхъивынц, уæддæр фидар лæууы, йæ интересты сæрыл хæцы. Уæрæсейы ныхмæ дыккаг фронт, æвæццæ-гæн, уæддæр нæ байгом кæндзæн Гуырдзыстон. Ницы пайда йын у.

ДАМБЕГТИ Иринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.