Женевæйы 27-28 марты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл уагъд æрцыд дунеон дискусситы радон раунд. Дискусситы дыккаг раундæй фæстæмæ куыст цæуы, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документы проектыл. Фæлæ гуырдзиаг фарс æмæ йæ фарсмæ æнгом цы АИШ-ы делегаци лæууы, уыдон æппынæдзух сæхи æвдисынц æнæкомпетентонæй. 2010 азы ист æрцыд ахæм уынаффæ, цæмæй æртæ бæстæйы – Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны  къухдариуæггæнджытæ саразой æмбæлон хъусынгæнинæгтæ дунеон организацитæм, ома, кæй сты, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы принципыл хæст. Уыцы аз ноябрь-декабры æртæ бæстæйы президенттæ сарæзтой уыцы хъусынгæнинæгтæ, кæцытæ хынцыд æрцыдысты ИНО-йы Генералон Ассамблейы секретариаты. Женевæйы дискусситы ацы хъуыддагæн аргъ æрцыд, куыд юридикон бæрнджын документыл бакусыны ахсджиаг къахдзæф, афтæ. Фæлæ ацы хъусынгæнинæгтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ баивдзысты юридикон бæрнджын дыууæфарсон документтæ. Бирæ рæстæг гуырдзиаг фарс хъусдард здæхта сæ бæстæйы президенты хъусынгæнинагмæ, зæгъгæ, мах уыцы гарантитæ радтам, фæлæ уым нæ уыд дзырд Хуссар Ирыстон. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, уый ахсджиаг къахдзæф кæй у юридикон бæрнджын документ райсынмæ.

Джиоты Мурат ацы здæхты радон къахдзæфыл банымадта уæрæсейаг делегацийы фæндон, цæмæй Женевæйаг дискусситы хайадисджытæ – Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ æмæ æртæ сæйраг дунеон организацийы – ИНО, Евроцæдис æмæ ЕÆÆО  фехъусын кæной, кæй сты, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы принципыл хæст. Ахæм документыл бакуыст ныддаргъ абоны онг.

Хъусынгæнинагыл нал сразы сты

«Ивгъуыд аз декабры раунды ацы хъусынгæнинагыл практикон æгъдауæй, иууылдæр сразы сты. Фæлæ гуырдзиаг делегаци, ома, къухдариуæгадæй бар кæй нæ райста, уый аххосæй æргъæвд æрцыд радон раундмæ. Ацы раунды ацы фарст уыд сæйраг, фæлæ америкæйаг делегаци фæндон бахаста, хъусынгæнинагмæ ахæм уæлæмхасæнтæ бахæссын, кæцытæ йæ практикон æгъдауæй скодтой бынтон æнæрайсинаг. Уым хъусдард здæхт æрцыд, хъусынгæнинаг кæй хъуамæ райсой æрмæстдæр Медведев-Саркозийы сразыдзинады хайадисæг-бæстæтæ. Куыд зонæм, афтæмæй ацы сразыдзинадыл  къухтæ æрфыстой Уæрæсейы æмæ Францы президенттæ.  Уымæ гæсгæ америкæйаг делегаци бафæлвæрдта Женевæйы дискусситæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы аиуварс кæнын. Уый ныхмæ рацыдысты хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Женевæйы дискусситæ уагъд цæуынц уымæн, æмæ Гуырдзыстон сарæзта Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси, уыд æргом хæст нæ ныхмæ æмæ æдасдзинад ифтонг хъæуы нæ бæстæйæн.

Мурат куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ацы раунды иумиаг хъусынгæнинагыл нал сразы гуырдзиаг фарс.

Арæныл æдасдзинады «фарст»

Женевæйы дискусситы боны фæткы ахсджиаг фарст уыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл æдасдзинады фарст. Æдасдзинады фарстыл дзургæйæ, Гуырдзыстоны фарс æмæ йæ фарсхæцджытæ сæйраг хъусдард здæхтой Хуссар Ирыстоны территорийыл гуырдзиаг æмбæстаг Арчил Тъатъунашвилийы мæлæтмæ. Гуырдзиаг фарс АИШ-ы æххуысæй зылын кодтой йæ мæлæты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы. Гуырдзыстоны делегацийы минæвар банысан кодта, нырма сæ къухы кæй нæй экспертон хатдзæг.

«Гуырдзыстон Тъатъунашвилийы мард буаримæ радта æмбæлон медицинон экспертизæйы хатдзæгтæ. Иннæ ныхæстæ сты амбицитæ, пропагандистон акцитæ. Хъусдард здæхтам ацы хъуыддаджы фæдыл хæдбар тæрхондонон – медицинон эксперты хатдзæгмæ, ацы  æмбæстаджы мæлæт кæй уыд йæ зæрдæйы лæмæгъдзинадимæ баст, уым ма рабæрæг æндæр низы хаттытæ дæр.

Хуссарирыстойнаг фарсмæ ацы æмбæстагмæ уыд бирæ фарстытæ,  уымæн æмæ уый зæрдæхсайгæ уыд ирæтты ныхмæ  геноциды, 2008 азы размæ хъыг дардта Ленингоры цæрджыты, зæрдæхсайгæ ма уыд ацы районы развæдсгарæн-диверсион архайдтыты. Фæлæ, хъыгагæн, ныр уыцы фадат нал ис. Хуссар Ирыстоны æмбæлон службæтæн уый уыд цымыдисон  информацихæссæг æмæ йæ мæлæты хъуыддаджы æппындæр хайадисæг не сты. Йе ‘рцахсыны цау æмæ йæ мæлæт сты бынтон хицæн цаутæ», – банысан кодта Мурат.

Сарæзтой «номхыгъд»

Ацы æмбæстаджы архайды фæдыл Хуссар Ирыстоны баконд не ‘рцыд уголовон хъуыддаг. Уый хыгъд Гуырдзыстоны æртæ статьямæ гæсгæ баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ. Уый у æнæбындур. Уымæй дарддæр ма сын ис зæрдæхсайгæ ирон адæймæгтæ дæр. Гуырдзыстоны Парламент райста резолюци, цыран æххæстгæнæг къухдариуæгадæй домынц 15 июнмæ сæм цæмæй æрбавдисой афтæхуыйнæг «Отхозари- Тъатъунашвили»-йы номхыгъд. Отхозария та фæмард Абхазы зæххыл. Расыг уæвгæйæ, æнæзакъонæй хызт арæнты сæрты æмæ йæ ныхмæ пайда æрцыд æхсæнгарзæй. Уый тыххæй дæр дзырд цæуы баныхæсты алы раунды.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, йæ рæстæджы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Окруашвили кæй сарæзта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады скондæй иуæй-иуты номхыгъд, кæцыты, зæгъгæ, хъæуы куынæг кæнын. Бирæты ныхмæ дзы арæзт æрцыд теракттæ. Уæдæ куыд уынæм,афтæмæй фæлхатт кæны сæ истори.

Хæдбар экспертизæйы сарæзт  раст уыди

Джиоты Мурат сын ноджыдæр загъта, Тъатъунашвилийы мард буар тæрхондонон-медицинон экспертизæимæ лæвæрд кæй æрцыд, уымæй тынг раст кæй бакодтой. Уымæн æмæ æнæ экспертизæйæ мард буар куы радтаиккам, уæд факты фæдыл гæнæн ис æмæ арæзтаиккой мæнг бæлвырдгæнæнтæ. Ноджыдæр банысан кодта, раст къахдзæфтæм гæсгæ кæй æрцыд лæвæрд ацы æмбæстаджы буар.

Хæлд цæуынц арæнтæ

Женевæйы дискусситы ма хуссарирыстойнаг фарс рæгъмæ рахаста, 1 марты гуырдзиаг фарс кæй нал сразы Механизмты фæлгæтты боны фæткы фарстатыл, ома, æрмæстдæр Тъатъунашвилийы мæлæтимæ баст фарсты йеддæмæ сæ ницы цымыдис кæны. Уыцы хъуыддагмæ æппындæр ницахæм ахаст равдыста Гуырдзыстоны Евроцæдисы миссийы хъусдарæг дæр. Ацы рабадты дзырд хъуамæ  цыдаид Евроцæдисы миссийы хъусдарджыты æбарадон архайдтытыл паддзахадон арæнтæ халыны хъуыдда-джы.

«6, 8 æмæ 20 февралы æртæ хатты Знауыры районы Оконайы хъæуы ацы Миссийы минæвæрттæ æрбахызтысты арæнтæй 100 метры бæрц. Уый фæдыл банысан кодтой, бынаты зонæнтæ сын иухуызон кæй не сты. Уый тыххæй сын загътам, арæнтæ кæуылты сты бæлвырд, ууыл цæттæ стæм  гуырдзиаг фарсимæ уынаффæ кæныныл. Æмæ ацы хъуыддаджы Евроцæдисы мандат у Гуырдзыстоны территорийыл кусын. Кæд æмæ дызæрдыггаг бынæттæ ис, уæд уым та сæ хæс у сæ хъус дарой», банысан кодта Мурат.

Æбæрæгæй сæфтыты хъысмæт

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæнын дæр у сæйраг дискусситы куыст. Кæд æмæ дунеон æмæхсæнад уæрæх уынаффæмæ рахаста Тъатъунашвилийы мæлæт, уæд кæйфæнды мæлæт дæр трагеди у. Политикон шоу аразын та аив нæу. Хуссар Ирыстон дæс азы архайы, цæмæй Дунеон æмæхсæнад исты хъусдард уæддæр аздаха Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæтмæ.

«Кæд æмæ сымах тыхсут Тъатъунашвилийы ныййарæг мады рыстыл, уæд аннæрдæм цæмæннæ хъуыды кæнут –  райсом-изæр цы зæрдæйæ æмбæлынц сæ хъæбултыл хъуыдыгæнгæйæ хуссарирыстойнаг æбæрæг сæфт лæппуты ныййарджытæ? Ацы фарсты фæдыл дæр, æгæрыстæмæй, æвдисынц дывæрсыг стандарттæ.

Хуссар Ирыстон тынг хорз зоны, авд æбæргæй сæфт æмбæстагæй фондз уыд Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты. Æмæ кæд Гуырдзыстон йæхи бæрнон паддзахад хоны, уæд хъуамæ хæсса бæрндзинад сæ хъысмæт сбæрæг кæныны  тыххæй», – дзырдта уый.

Хуссарирыстойнаг фарс ноджыдæр банысан кодта, иунæг дунеон организаци ЕÆÆО-йы куыст ацы ахсджиаг фарсты фæдыл – организаци æрхуыдта дунеон эксперт Душан Игньятевичы æмæ цалдæр азы кусы ацы фарстыл. Сырх Дзуары Дунеон Комитет дæр кусы ацы фарстыл, уый та 1991 азæй фæстæмæ чи фесæфт, уыдон фæдыл. Джиоты Мурат банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы Президенты бахæсмæ гæсгæ дискусситы алы раунды æмæ Механизмты фæлгæтты дæр сæйраг фарстытæй иу у, цæмæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг уа, уымæн æмæ уый у ахсджиаг фарст. Ацы фарстыл дзырд цыд дыккаг кусæгон къорды дæр.

Бахъахъхъæнинаг сты  историон цыртдзæвæнтæ

Женевæйы дискусситы дыккаг кусæгон къорды ма дзырд цыд ирон историон культурон цыртдзæвæнтæ Гуырдзыстоны территорийыл бахъахъхъæнын, Гуырдзыстоны цы ирон цæрджытæ ис, уыдонæн фадат кæй нæй ахуырад райсынæн мадæлон æвзагыл. Уый банысан кодта америкæйаг фарс дæр. Уый хыгъд нысан æрцыд, Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы гуырдзиаг цæрджытæн кæй ис æххæстбæрцæй сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны  фадат.

Тырсыгомы цæрджыты фарст

Фыццаг æмæ дыккаг кусæгон къорды дæр дзырд цыд, Гуырдзыстоны Хъазбеджы районы Тырсыгомы комæй рацæуæг ирон æмбæстæгтæ дискриминаци кæй цæуынц дарддæр.

«Дунеон организациты минæвæрттæ æппынæдзух тыхсынц арæнтыл хизыны уавæртæ ифтонг кæныныл, кæй зæгъын æй хъæуы,  Гуырдзыстоны цæрджытæн. Æмæ кæд алы бæстæ дæр йæхæдæг бæрæг кæны арæнтыл хизыны фæтк, уæд та мах ноджыдæр æмбæлæм дывæрсыг стандарттыл Гуырдзыстоны’ ‘рдыгæй.

Гуырдзыстон уæрæсейаг æмбæстæгтæн сæ бæстæмæ цæуынæн деклараци кæны æнæвизæйон режим æмæ уыцы рæстæджы Хъазбеджы районы территоримæ нæ уадзы ирон æмбæстæгты, кæд æмæ уыдон сты Тырсыгомæй рацæугæ, историон уидæгтæй баст сты Хъазбеджы районимæ. Ацы æмбæстæг-тæн фадат нæй историон бынæттæ, цыртдзæвæнтæ бабæрæг кæ-нын, уым сын цы исад ис, уый сафынц», – дзырдта Æххæстбар-джын минæвар. Банысан кодта, Скæсæн Ирыстоны проблемæ кæй у иумиаг проблемæ ирæттæн. Хуссарирыстойнаг делегаци æдзух рæгъмæ хæссы ацы фарст Женевæйы дискусситы фæзуатыл.

Ирон нацийы минæвæртты бартæ хæлд цæуынц

Ивгъуыд аз, фæззæджы дунеон организациты минæвæрттæ уыдысты Хъазбеджы районы, фæлæ сæ балцы фæстиуджыты фæдыл комментаритæ радтыныл не сразы сты.

Мураты ныхæстæм гæсгæ уыдон, æвæццæгæн, «уым федтой, дзурын сæ цæуыл нæ фæнды, уый, кæнæ та сын нæ равдыстой, цы хъуамæ федтаиккой, уый». Уымæй саразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ махæн нæу æмбæрст уыцы уавæр. Æфсæддон стратегион планы та уыцы район у ахсджиаг.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы раунд уыд æндыгъд, фæлæ позитивон.

Женевæйы дискусситæ Кемеровойы трагикон цауты фæстæ кæй цыдысты, уымæ гæсгæ дискусситы хайадисджытæ сæ ном ссардтой ацы трагедийы амæттæгтæн. Хуссарирыстойнаг делегаци бабæрæг кодта ИНО æмæ æндæр дунеон организациты цур уæрæсейаг минæварадты æмæ хъыджы ныхæстæ ныффыстой «Мæсæллæйты чиныджы».

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.