Гæбæраты Никъала (Пиранты Микка)

 

«Æз дын нæ дзырдтæ райдыдтон æмбырд,

Уæууай, сæ фæдыл цас фыдæбон хъуыд!..

Цы фæрæзтой мæ хъус æмæ мæ цæст, –

Кæм нæ уыдысты арф кæмтты æмбæхст:

Чысаны кæмтты, Гудзарет, Къуыдары,

Дыгургомы, Мæздæджы æви Нары!..

Сæ хъустæй дын сæ иу ранмæ фæластон,

 Мæ къухы стут, мæ цагъартæ!», – ныр загътон.

(Икъаты Владимир)

Мæ чысыл уац райдыдтон Икъаты Владимиры æмдзæвгæйы лирикон рæнхъытæй, кæцыты поэт ары Гæбæраты Никъалайы рухс ном. Сæ дыууæ дæр ныр уыцы мæнг дунейы цæрынц æмæ, æвæццæгæн, уым дæр сæ сæйраг ныхас нывæндынц ирон дзырды абон æмæ фидæны хъысмæтыл.

– Цас рæсугъд æнкъарæнтæ райгуыры адæймаджы зæрдæйы, цас царддæттæг мысинæгтæ аленк кæнынц, денджызы уылæнтау, цæстыты раз. Уый мæ ахуыргæнæг уыд, царды мæ раст фæндагыл чи афæндараст кодта, цæрын мын чи амыдта, уырдæм рухсы цъыртт ныккæсид æмæ йын йæ фæлмæн, адæймагуарзон зæрдæ батавид. Фыстæджытæ та ссард-тон Миккайы хæлар, цæрæнбонты иу куыстуаты кæимæ фæкуыста, йæ цин æмæ йæ хъыгтæ кæимæ дих кодта, уый – Джусойты Нафийы архивы. Уадз, æмæ сæ бакæсой Никъалайы рæсугъд æфсымæртæ Ефим æмæ Феликс, стæй йæ иунæг бындар – Андрей, стæй йæ бирæ студенттæ.

Гæбæраты Никъалайы ном цæрдзæн æнусмæ йæ уарзон ирон адæмы зæрдæйы.

 

Фыстæджытæ фыдмæ

Ясон! 9-æм июлы нын расидтысты, кæй нæ кæнынц, уый. Ысрæвдз кодтам нæхи æппæтæй дæр æмæ рараст стæм æхсæвы 12 сахатыл. Ахуыргæнæндонæй нæ араст кодтой духовон оркестримæ. Æдæппæтæй стæм 51 адæймаджы – иууылдæр лейтенанттæ. Иутæ нæ цæуынц Ворошиловградмæ, иннæтæ – Воронежмæ æмæ аннæтæ та – Елецмæ. Æз цæуын Воронежмæ. Æхца мын радтой 400 сомы, дыууæйы фæлыст мидæггаг дзаумæттæ, дыууæ та – стыр хисæрфæнтæ. Мæ сомихаг зонгæтæм цы чырын ныууагътай, мæ дзаумæттæ нывæрдтон уый мидæг, æндæра мæ æлхæнын бахъуыдаид.

Æнæуый цæргæ хорз кæнæм. Ис нын хицæн вагон – пассажирский (бæлццæттæласæн). Фысгæ дæм кæнын фæндагæй, Махачкалайæ. Ыстæм хъæлдзæг. Ахуыргæнæндоны мын цы ирон æмбæлттæ ис, уыдон мыл фæцин кодтой: чи мын мемæ кæрдзын æвæрдта, чи та цы. Æз цыран уыдтæн, уым уыд Цхуырбатæй иу сихиаттаг лæппу. Раст æм уыцы бон æрцыд йæ мад, æрхаста йын цыдæртæ. Уый мын мæ чырыны нывæрдта 3 хæбизджыны, иу банкъæ дзыкка, цыхт, атъамитæ, балтæ. Цыбыр дзырдæй, æппæт дæр мын ис фаг. Мæ дарддæры цард та уæм ныффысдзынæн фæстæдæр.

Поезд мæ анкъуыста æмæ мæ фыстытæ къæдзтæ уымæн рауадысты.

Цæй, хорзæй уал баззайут!

Никъо. 11.07.42 аз.

 

  1. Салам Измаилæй!

Рæстæг мын нæ уыдис немыцæгты фæдыл ызгъоргæйæ, уый тыххæй дæм ныр цалдæр боны нал ныффыстон. Æцæг уæм ног ницы фыссинаг дæн, цæуын немыцæгты фæдыл. Ам алцыдæр у тынг аслам: иу сомæй харбыз æлхæнæм, сæнæфсир, фæткъуы æмæ æндæр гуыбынниз хъуыды дæр ничи кæны. Кæрдзын у æртæ хатты асламдæр хæсты агъоммæ рæстæгимæ абаргæйæ. Æцæг, æз кæрдзын никуы æлхæнын. Фыссын уæм уымæн, цæмæй базонгæ уат амы цардимæ.

Цыбыр дзырдæй, цæрын тынг хорз, хуыздæр зæгъæн нæй.

Æндæр дæм ницыуал фыссын. Цæй, фенынмæ!

Дæхи Никъо.

Фыстæджытæ фыссут арæхдæр. Фыссут, ахуырмæ уæ чи куыд æрæвнæлдта.

3.9.44 аз.

 

  1. Дæ бон хорз, Ясон!

Æз ныртæккæ дæн госпиталы. 26 январы фæцæф дæн фронты раззаг хаххыл винтовкæйы нæмыгæй. Нæмыг галиу фарсæй ахызтис чъылдымыстæджы рахис фарсы цурæй, ронбастмæ хæстæг. Мæ цæф мын дохтыртæ банымадтой рогыл. Тагъд сдзæбæх уыдзынæн. Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæт. Æз дæм фыссын, цы ис, уый. цыбыр дзырдæй, мæнæн ницы тас у.

Æндæр дæм ницы фыссын.

Фенынмæ. Никъо. 1.2.45 аз.

 

  1. Ясон!

Амæй размæ дæм фыстон, æз рынчындоны кæй дæн, уый тыххæй. Фыссын та дæм ногæй. Ницы мын у, мæхи æнкъарын дзæбæх. Нæмыг гуыбын æмæ чъылдымы хæйттæн ницы зиан бакодта. Æцæг, мæ галиу уæраг бынтон æнæниз нæу. Æвæццæгæн, чъылдымы стæджы цур, нæмыг кæцæй ахызт, уым кæцыдæр нуар хъыгдард æрцыд æмæ уый аххосæй мæ галиу уæраг мæ коммæ хорз нæ кæсы.

Раздæр ыл бынтон нал лæууыдтæн, фæлæ ныртæккæ цæуын æнæ лæдзæгæй. Ме ‘нæниздзинад бонæй бон хуыздæр кæны. цыбыр дзырдæй. Мæнæн ницы тас у. Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд. Дæн Венгрийы, а-дыууæ боны мæ арвитдзысты Румынимæ, рынчындонмæ.

Æндæр дæм ницы фыссинаг дæн.

Фенынмæ. Никъо. 8.2.45 аз.

ДЖУСОЙТЫ Клавдия

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.