Ацы бонты та уæлдай кад кæнæм, Уæлахиз нын чи æрхаста, æппæт уыдонæн. Уыцы хъайтарты æхсæн уыдис не ‘мзæххон, Советон Цæдисы Хъайтар, денджызон бæгъатыр Хъоцыты Къоста дæр. Йæ райгуырдыл ацы аз 8-æм майы сæххæст уыдаид 110 азы. 

Хъоцыты Къоста райгуырдис 1913 азы Дзауы районы хæххон хъæу Тъонтъобеты. Æрыгон лæппу уарзта хъæууон куыстытæ кæнын, физикон æгъдауæй уыд хъæддых æмæ архайдта уæззау атлетикæ æмæ хъæбысхæсты спорты. Ахуырмæ дæр уыд æвзыгъд. Сталиниры 7 азон скъола каст куы фæцис, уæд бацыдис Тбилисы фабрикон-заводон училищæмæ (ФЗУ) æмæ сахуыр кодта слесары дæсныйадыл. Професси куы райста, уæд фæстæмæ æрбаздæхт Сталинирмæ, куыста слесарæй хъæдкуысты комбинаты. 1933 азы йæ снысан кодтой Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты комитеты инструкторæй, иу афæдзы фæстæ та йæ фæскомцæдисы обком арвыста ахуыр кæнынмæ Ленинграды Фрунзейы номыл æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз нысæнттимæ. Йæ ахуыры рæстæджы Къоста цыдис алыгъуызон наутыл куыд æввахс, афтæ дард бынæттæм дæр. 1937 азы йын радтой лейтенанты цин æмæ уæд ссис Сауденджызон флоты торпедон катерты фыццаг бригадæйы командир.  Уымæн бахæс кодтой ногдæр техникæйы хуызтæ бафæлварын, се ‘хсæн америкæйаг «Воспер» æмæ торпедон катертæ «Катюша»-тимæ. Къостамæ æфсæддон хъуыддаджы цы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад уыд, уыдоныл ахуыр кодта, æрыгон æфсæддонты.

1941 азы 17 июны Хъоцыйы фырты снысан кодтой отряды командирæй. Стыр Фыдыбæстон фыццаг бонтæй Къостайы торпедон катерты отряд хæсты иста активон хайад. Æвзæр метеорологон уавæрты уый тæссаг бынæттæй рахызт Румыны донбылтæм дыууæ хатты, цæмæй знаджы бабын кодтаид. Севастополы пырх кодта знаджы баржæтæ. Хъайтарон горæт Одессæйы Къоста æххæст кодта алыгъуызон тæссаг æмæ вазыгджын хæслæвæрдтæ. Ласта æфсæддон техникæ, хæстон-тæн хæринаг, хъахъхъæдта цæфты æмæ адæмы эвакуаци кодта. Æрымысыд «тæхгæ» торпедон катертæй доны бын æмбæхст минæты рæмудзыны метод, æмæ йын фæлварæны фыццаг бар радтой хистæртæм бахатыд, цæмæй йын фæлварæны фыццаг бар радтой. Ацы методы ныхмæ бирæтæ рацыдысты, фæлæ йын бар куы радтой, уæд Къоста фæлварынæн спайда кодта æртæ зæронд катеры æмæ йæ хъуыддаджы нæ фæрæдыд. Знаджы æмбæхст минæтыл фыццаг «рацыд» Къоста æмæ афтæмæй райдыдтой денджызон фæндæгтæ сыгъдæг кæнын нæхи наутæн æмæ фæтынгдæр кодтой денджызыл развæдсгæрсты хъуыддаг.  Райдыдтой дзы пайда кæнын æндæр отрядтæ дæр.

Ацы хæстæ æххæст кæнгæйæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд знаджы æхстыты бын, куыд артиллерион, афтæ авиацийæ дæр. 1942 азы Хъырымы донбыл Къостайы катер спырх кодта, немыцæгтæ сæ хæцæнгарз кæм æмбæхстой, уыцы баржæ. Ахæм операцитæ-иу афтæ сарæзта æмæ йæм знаджы къух никуы баххæссыд. Къостайæн, куыд дзырдтой, афтæмæй йæ хæстон девиз уыдис: «Дæхæдæг амæл, фæлæ де ‘мбалы фервæзын кæн». Ахæм хъуыддæгты дæр-иу бахауд. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй 9-æм августы 1942 азы хорзæх-джын æрцыд «Сырх тырысайы» орденæй.

1943 азы декабры мæйы Керчы десантон операцийы рæстæджы Къостайы отряд æхстыты бынæй фервæзын кодта 22 десантоны æмæ дæлдон чи кодта, уыцы катеры экипажы. Эльтигенмæ радон рейсы рæстæджы Къостайы катерыл спырх ис минæ æмæ сæм цалынмæ æндæр катер фæзындис æххуысмæ, уæдмæ бирæ рæстæг  фæцис ихджын доны.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тынг бандæвта Къостайы æнæниздзинадыл. 1944 азы Зымæджы, уый бахауд Сочийы госпиталмæ. Йæ низыхатт ын сбæлвырд кодтой. Хæххон цæргæс нæ фæтарстис туберкулезæй, ныфс æй уыдис тагъд кæй адзæбæх уыдзæнис æмæ йæ Райгуы-рæн Ирыстонмæ тагъд кæй æрцæудзæн. Æмæ æрцыд, фæлæ дзы бирæ рæстæг нæ аззад. Йæ зæрдæ æхсайдта хæстмæ, йе ‘мбæлттæм. Къоста дарддæр æнтыстджынæй æххæст кодта йæ хæстон хæс.

1944 азы 12-æм майы Хъырым сæрибар æрцыдис знаджы къухæй. Сау денджызы æнæмсæр тохты Къоста скуынæг кодта: 1 донбындзæуæг æмæ 3 транспортон науы, 1 торпедон катер, 1 хæдтæхæг. 1944 азы 16-æм майы Хъоцыты Къостайæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары ном æмæ йын уыцы аз декабры та радтой 3-аг ранджы капитаны цин.

Къоста уыдис æцæг патриот йæ Райгуырæн бæстæйæн. Уый тынг уарзта денджыз æмæ йæ тыхтæ нæ хæлæг кодта уымæн. Фæлæ йе уæнгты цы низ бацыд, уый йын æфсады уæвынæн фадат нал лæвæрдта æмæ æвæндонæй рацыд. Йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта æмæ æруатон ис. Кæд ма йын медицинон æххуыс кодтой æмæ йæм уæлдай хъусдард здæхт уыдис, уæддæр хъæбатыр цæргæсæн йæ «базыртæ» æрхаудтой æмæ 33 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ис 1946 азы 18-æм октябры йæ райгуырæн Ирыстоны.

Хъоцыты Къостайы номыл Севостополы денджызон музейы æвæрд æрцыдис бюст æмæ ма уым йæ номыл ис уынг дæр. Афтæ Цхинвалы æмæ Дзауы поселочы уынгтæй дæр сæ иутæ хæссынц йæ ном. Къостайы ном хæссы нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола дæр. 10 азы размæ мыггаджы фæндонмæ гæсгæ æмæ æххуысæй номдзыд хъайтары номыл йæ райгуырæн хъæу Тъонтъобеты æвæрд æрцыдис цырт æмæ йæ уæд цытджын æгъдауæй байгом кодтой. Къостайы цырты фарсмæ ма дыууæ къæйдурыл фыст æрцыдысты Тъонтъобетæй, æмткæй Хъоцыты мыггагæй æмæ Джергатæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты нæмттæ. Уыдон сты 70 адæймаджы бæрц. Цытджын мадзалы уæд хайад райста йæ мадызæнæг Хъоцыты Лидæ дæр æмæ адæмæн ра-дзырдта йе ‘фсымæры тыххæй йæ мысинæгтæ.

Хъоцыты Къоста фесгуыхтис хъæбатырæй æмæ йын ирон адæм дæр æнустæм кад кæндзысты йæ хъæбатырдзинадæн.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.