Ацы аз октябры РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы барамындмæ гæсгæ Знауыры районы сӕргълӕууӕгӕй нысан æрцыдис Хуыбиаты Сослан Вахтангы фырт, кæцы уæды онг куыста Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Хуыбиаты Сослан 2010-æм азæй 2016-æм азмæ куыста Паддзахадон æдасдзинады комитеты Знауыры районы хайады къухдариуæггæнæгæй. Уымæ гæсгæ йын бынæттон цæрджыты проблемæтæ æнæзындгонд нæ уыдзысты. Ӕмæ ныр дыууæ мæйæ фылдæр ноджы бæстондæр зонгæ кæны цæрджыты уавæртимæ, ног куыстимæ. Бибылты Анатоли Сосланы раз сæвæрдта бирæ хæстæ, кæцыты хъæуы аскъуыддзаг кæнын цыбыр æмгъуыдмæ. Фыццаг рады уал хъуамæ æрæвнала цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады проблемæтæ аиуварс кæнынмæ. Уымæн æмæ ацы фадыгæн ис стыр нысаниуæг – комкоммæ æндавы адæмы цардыл. Сæйраджыдæр конд цæуынц æнæмæнгхъæуæг куыстытæ. Хуыбиаты Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй тынг тыхсынц спецтехникæйæ. «2010 азӕй фӕстӕмӕ Знауыры район нал самал кодта ног спецтехникӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уыдон та хъæуы цалцæг кæнын. Фӕлӕ уӕддӕр, уыцы зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ ӕмбӕлон куыстытӕ конд ӕрцӕуынц рӕстӕгыл», – банысан кодта Хуыбиаты Сослан.

Кæцыфæнды куыстуатæн дæр йæ хъуыддæгтæ нывыл нæ цæудзысты, йæ нормативон базæ йæ уагыл куынæ уа, уæд. Ӕмæ районы ног сӕргълӕууӕг дæр куыстуаты фæтк фæхуыздæр кæныны тыххæй æрæвнæлдта кусджыты архайды функционалон регламенттæ аразынмæ, ома, цæмæй алы кусæг дæр бæрæгæй зона йæ хæстæ. Уый бирæ куыст у, фæлæ йын æнæаразгæ нæй, æмæ Хуыбиаты Сосланы ныхæс-тæм гæсгæ тагъд рæстæджы куыстуаты нормативон базæ дзуапп дæтдзæнис æмбæлон домæнтæн.

Районы уагдæттæ ма хъуагдзинад æййафынц бирæ дæсныйæдтæй, куыд ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ æмæ алыгъуызон профилон кусджытæй. Стæй ма фæсивæдæн нæ фаг кæны куысты бынæттæ дæр æмæ бар-æнæбары цæуынц æндæр рæттæм куыстагур. Ӕппæт ацы фарстатæ скъуыддзаг кæнын хъæуы паддзахадон æмвæзадыл сæрмагонд программæйы хуызы.

Знауыры поселок ма стыр зындзинæдтæ æвзары, канализацион системæ дзы кæй нæй, уый фæстиуæгæн. «Поселочы никуы уыдис арæзт конализацион системæ æмæ йæ саразын та æнæ-мæнгхъæуæг у. Ацы фарст хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцӕуа нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгады раз ӕмӕ ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ бахауа Инвестпрограммæмӕ. Йӕ арæзтадимæ тынг бирæ проблемæтæ иуварс æрцæуиккой поселочы æмæ цӕрджытӕн дӕр бӕрӕг фӕхуыздӕр уаиккой сӕ цардуагон уавӕртӕ», – загъта районы сæргълæууæг.

Иууыл ахсджиагдӕр проблемӕ Знауыры районы у нуазыны дон. Уæлдайдæр та ацы аз мит хæрзцъус кæй æруарыд, къæвдатæ æмæ сæрды та тынг тæвд кæй уыд, уый фæстиуæгæн басур сты бирæ суадæттæ, – чи ма дзы баззадис, уыдонæн та  сæ доны гуырахст бæрæг фæкъаддæр ис. «Знауыры поселокмӕ дон цӕуы ӕнӕ сыгъдӕггӕнӕн системӕйӕ ӕмӕ къӕвдаты рӕстӕджы размӕнты. Стӕй ма районы балансыл дӕр нӕу ӕвӕрд. Ацы донуадзӕн системӕ ‘ввахс рӕстӕджыты ӕвӕрд ӕрцӕудзӕнис балансыл ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕггӕнӕн системӕйы арӕзтады фарст дӕр рахӕсдзынӕн хицауады ӕмбырдмӕ. Фӕлӕ ма нын ноджы ис иу проблемон донуадзӕн системӕ – Уахтъана-Терегуан. Ацы объект аразын райдыдтой дыууӕ азы размӕ, фӕлӕ нырма йӕ арӕзтад кӕронмӕ нӕ фӕцис. Донуадзæн хæтæлтæ нырма дæр не сты зæххы бын ныгæд, цы дыууæ бассейн дзы хъуамæ уа, уыдон дæр кæронмæ арæзт нæма сты. Ӕрӕджы ӕмбӕлон службӕтӕ ауагътой басгӕрстытӕ ацы объекты арӕзтады фӕдыл ӕмӕ тагъд уыдзысты хатдзӕгтӕ. Кӕд ма нӕм хицауад исты ӕхцайы фӕрӕзтӕй фӕкӕса ацы дон рауадзыны куыстытӕ кӕронмӕ бакӕныны тыххӕй, кӕннод дӕр нӕхи фӕрӕзтӕй исты хъуамӕ самал кӕнӕм, цӕмӕй ацы хъӕуты цӕрджытӕм дон рацӕуа», – загъта Хуыбиаты Сослан.

Ацы аз ма районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад йӕхи тыхтӕй рауагъта дон Циндар, Калет, Балта, Уистӕ, Чдилет ӕмӕ Чъимасы хъӕутӕм. Иннӕ азмӕ та сын планы хаст сты Уӕллаг Циглат, Тигъуа, Ног хъӕу, Знуыры поселок, Циндар, Нарджытӕ, Дзагъина, Терегуан ӕмӕ Хундисубаны хъӕутӕ, кӕцытӕм ногӕй арӕзт ӕрцӕудзысты доны хӕтӕлтӕ, кӕмдӕрты та сӕ цалцӕг скӕндзысты.

Ӕвӕрӕз бинонтӕй хӕдзар райсынмӕ рады чи лӕууы, уыдоны куырдиӕттӕ Знауыры районы дӕр сты 280 бӕрц. Ныридӕгӕн арӕзтадон куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц 18-фатерон бӕстыхайы ӕмӕ сӕ тагъд рӕстӕджы къамис байуардзӕнис. «Ӕз ма къамисы уӕнгтӕм бахастон ног адӕймӕгты ӕмӕ ма депутатты дӕр, цӕмӕй сӕ куыст ацӕуа ноджы нывылдӕр. Къамис ныры онг дӕр йӕ куыст кодта ӕмӕ ацы фатерты байуарыны рӕстӕджы зындзинӕдтимӕ ма хъуамӕ фембӕлӕм», – банысан кодта районы сӕргълӕууӕг. Хуыбиаты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма 2021-22 азты дӕр  арӕзт ӕрцӕудзысты ноджы дыууӕ бирӕфатерон хӕдзары ӕмӕ уыцы хъуыддаг та стыр ахъаз фӕуыдзӕнис районы ӕвӕрӕз бинонтӕн.

Ацы аз ма цалцӕггонд ӕрцыдысты фӕндӕгтӕ Цъорбис, Терегуан, Хъорнис, Гобозты хъӕу ӕмӕ ма Балта-Лопан, Знауыр-Алибар, Знауыр-Циндар, Принеу-Суадӕттӕ, Фӕзы хъӕу-Цънелис фӕндӕгтӕ. Иннӕ азмӕ дӕр сын планмӕ хаст сты 12 хъӕуы фӕндӕгты арӕзтад. Хуырвӕндаг бирӕ нӕ лӕууы, – къӕвдатӕ йӕ фехалынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алы 3 азы дӕр ацы фӕндӕгты бахъӕуы цалцӕг кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма арӕзт ӕрцыдис цыппар хиды.

Знауыры районы ис 12 фермерон хӕдзарады, фӕлӕ дзы ӕрмӕстдӕр 4 сты ӕнтыстджын, – сӕ куыст реалон ӕгъдауӕй зыны ӕмӕ сӕ продукци уӕй кӕнынц дуканиты ӕмӕ базæртты. 38 та нæм ис арендатортӕ, уыдонӕй 19 регистраци сты Юстицийы министрады. Хорз уаид ӕмӕ арендаторты ӕмӕ фермерон хӕдзарадты нымӕц куы фӕфылдӕр уаид, уымӕн амӕ районы быдырты фылдӕр хай сты ӕгуыст. «Ӕрӕджы Мугуты хъӕуы 350 гектары зӕхх арендӕйы райста инвестор, кӕцы фӕнд кӕны ам ӕхсӕры талатӕ ныссадзын. Мугуты хъӕуы цӕрджытӕн ацы проекты сырӕзт стыр ахъаз фӕуыдзӕнис сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Уымӕн ӕмӕ инвесторы фӕнды, цӕмӕй йӕм кусой бынӕттон цӕрджытӕ. Стӕй ма сын кредиты хуызы дӕтты ӕхсӕры талатӕ дӕр, ӕмӕ сын стӕй сӕ продукци дӕр йӕхӕдӕг ӕлхӕндзӕнис», – загъта Хуыбиаты Сослан. Нӕ республикӕйы экономистты нымадмӕ гӕсгӕ ӕхсӕры дыргъдӕттӕ 10 хатты пайдадӕр сты мӕнӕуы быдыртӕй. Ӕмӕ ӕхсӕр та алы ран нӕ зайы, – ӕрмӕстдӕр хӕх-бӕсты. Стӕй ма йӕ кусын дӕр у бирæ ӕнцондӕр.

Ацы аз ма районы 6 муниципалон бӕстыхайы агъуыстытӕ ӕр-цыдысты ивд. Бынӕттон цӕр-джытӕй бирӕтӕ бахатынц, цӕ-мӕй сын сӕ хисӕрмагонд хӕ-дзӕртты агъуыстытӕ дӕр раивой, фӕлӕ районы бюджеты уыйбӕрц фӕрӕзтӕ нӕй. Ацы категорийы адæмæн арæх баххуыс кæны парти «Иууон Ирыстон». Исты фӕрӕзтӕ куы вӕййы районы администрацимӕ, уӕд ӕнӕ-мӕнгӕй баххуыс кӕнынц тыхст адӕмӕн, – кӕмӕн арӕзтадон ӕрмӕгӕй, кӕмӕн техникӕйӕ, кӕмӕн суг самал кӕнынц. Хи-цауады уагдӕттӕ дӕр зымӕгмӕ сты ифтонг сугӕй. Хуыбиаты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ дыууӕ азы ӕмгъуыдмӕ районмӕ хъуамӕ рауадзой æрдзон газ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма тагъд рӕстӕджы районы скусдзӕн кабелон интернет «Юг-Телеком» ӕмӕ ацы хъуыддаг дӕр тынг фӕпайда уыдзӕн бынӕттон цӕрджытӕн.   

Бирæ фæндтæ ис 2020 азы Знауыры администрацийы къухдариуæгадмæ сӕ дарддӕры куысты. Хуыбиаты Сосланы фӕнды, цӕмӕй Знауыры район уа ӕнтыстджын ӕмӕ размӕдзыд, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ фӕндиӕгтӕ йӕ къухты бафтауӕд. «Нæуæг азы къæсæрыл стæм æмæ мæ Знауыры районы адæмæн фæнды зæрдиагæй раарфæ кæнын. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй уой æнæниз, зæрдæрухс æмæ царды хорздзинæдтæй хайджын!»,  – загъта йæ арфæйы ныхæсты Хуыбиаты Сослан.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.