Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры Ленингоры районы сæргълæууæг Мамытаты Витали журналисттæн радзырдта  2019 азы бакæнгæ куысты æмæ 2020 азы бакæнинаг хъуыддæгты фæдыл.

Мамытаты Витали кæд ацы аз марты мæйы нысан æрцыд Ленингоры районы сæргълæууæгæй, уæддæр районы проблемæтимæ хорз зонгæ у. Уымæй размæ уый куыста Мидхъуыддæгты министрады. Ленингоры та куыста уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы хистæрæй.

Ленингоры районы сæргълæууæджы бынаты кусгæйæ, уый фыццаджыдæр бавнæлдта фæндагон инфраструктурæ банывыл кæнынмæ æмæ социалон объекттæ цалцæг кæнынмæ. Мамытаты Витали куыд радзырдта журналисттæн, афтæмæй 2019 азы Ленингоры районы цы мадзæлттæ æххæст æрцыд Инвестпрограммæйы  фæлгæтты, уыдонæй иууыл ахадгæдæрыл нымайы, Цъинагары хъæуы цы спортивон æмæ тренажерон зал сырæзт, уый. Арæзт та æрцыд скъолайы фарсмæ. 500 квадратон метры зал скъолайы агъуыстмæ иу æрцыд къæлидорæй. Ифтонг æрцыд хъармгæнæн системæйæ. Спортзалы иу хай бацахсдзæн тренажерон зал, кæцымæ арæзт æрцыд хицæн бахизæн, цæмæй йæм ацы хъæуы цæрæг фæсивæдæн бацæуæн уа.

Ленингоры сæргълæууæг ма дзырдта, зæгъгæ, Цъинагар, Орчъосан, Монастъер, Абреу, Гдулет æмæ Дзукъатыхъæуы цæрджыты рагæй фæстæмæ тыхсын кодта æмæ сæ иууыл стырдæр бæллиц уыд, цæмæй сырæза, Громы хъæуæй сæм цы фæсвæд фæндаг цæуы, уый. «Ныр уыцы фæндаджы арæзтад фæуынхъус у. Ацы хъæутæм горæтæй фæндаджы дæргъ фæцыбырдæр 25 километры бæрц. Ныридæгæн фæндагыл сæрибарæй цæуынц ацы хъæуты цæрджытæ транспорты алы хуызтыл. Цъинагары зонæйы цæрæг хъæутæ рагæй æвзæрстой доны цухдзинад æмæ сын бынæттон коммуналон хæдзарады руаджы уыцы бæллиц сæххæст кодтам. Æцæг проблемон у нырма дæр ам донхæры къанау саразын. Ацы зонæйы хъæуты ацы аз сырæзт амбулатори дæр. Уым уыдзæн, фыццаг æххуысæн цы медикаменттæ хъæуы, уыдон. Ленингоры районы арæзтадыл дзургæйæ мæ сæрмагондæй рахицæн фæнды Къоринта-Куртайы хид. Уый бирæ азты проблемон фарст уыд ацы хъæуы цæрджытæн. Йæ дæргъ  54 метры у, фæлæ йæ ахадындзинад та у егъау. Ацы хъæуæй Ленингоры поселочы скъоламæ цыд æрмæстдæр 8 ахуыргæнинаджы. Хиды æдзæллаг уавæр  цæрджыты тыхсын кодта æмæ æппынæдзух цыдысты хъæстмæ. Ныр уым фæзынд хæрзарæзт, æнцонвадат хид», – дзырдта Мамытаты Витали.

Ленингоры районы сæргълæууæг æрдзырдта, поселочы цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ уыд, уыдоны мæгуырау уавæрыл. Уыдонæн сæ цæрджыты фылдæр хай алыгъдысты æндæр рæттæм. Ныр уыцы фатертæ цалцæг æрцыдысты бынæттон цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджыты фæрцы æмæ арæзт æрцæудзæн  къамис, цæмæй сæ байуарой, тыхст адæмы номхыгъды чи лæууы, уыдоныл. Номхыгъды чи ис, уыдонæй бирæтæ рады лæууынц советон рæстæгæй. Номхыгъды чи ис, уыдонæй ис ахæм категорийы цæрджытæ, кæцытæн басыгъдысты сæ хæдзæрттæ æмæ ныртæккæ цæрынц сабиты рæвдауæндоны. Номхыгъды ма сты сывæллæтты хæдзары рауагъдонтæй цалдæр. Фыццаг рады уыдонæн лæвæрд цæудзысты фатертæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æххуысæй ма фидар æрцыдысты Ксаны доны былгæрæттæ, ацы бынат ныр у улæфæн зонæ æмæ уым ныр фæтезгъо кæнынц куыд æвзæнгтæ, афтæ ацæргæ адæм дæр.

Мамытаты Витали ма æрдзырдта, поселочы цы историон цыртдзæвæн – Ерыстауты музейы уавæрыл дæр. Уымæн йæ æмбæрзт РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы æххуысæй цалцæг æрцыд. Ацы историон объект ис администрацийы хъусдарды бын. Рæстæгæй  рæстæгмæ уым цæуы реставрацион куыстытæ. Ацы аз музейы экскурсийы уыд 1365 адæймаджы. Уый дзурæг у, нæ адæмы ‘хсæн популярон кæй у æмæ сæм цымыдисдзинад кæй æвзæрын кæны.

Арæны уавæрыл куы дзурæм, уæд уый æхгæд æрцыд рæстæджы домæнмæ гæсгæ. Уымæн йæ аххосаг у, Знауыры районы Цънелисы хъæуы гуырдзиаг полицийы кусджытæ æнæзакъон блокпост кæй сæвæрдтой. Куыддæр  ацы блокпост сисой, афтæ байгом уыдзæнис арæн Раздæхæны хъæуы дæр. Фæлæ РХИ-йы Æдасдзинады Совет æрæджы бар радта йе ‘нæниздзинады тыххæй Гуырдзыстоны рынчындæттæм æнæ мæнг кæй хъæуы ацæуын, ахæм категорийы æмбæстæгтæн арæныл ахизынæн.

Афтæ ма дыууæ мæй иу хатт ацæуыны бар ис Гуырдзыстоны республикæйы пенси чи исы æмæ Ленингоры районы чи цæры, ахæм æмбæстæгтæн дæр.

Паспортизацийыл дзургæйæ, бæрæг фæхуыздæр уавæр. Раздæр Ленингоры районы цæрæг адæм уыцы хъуыддагыл нæ тагъд кодтой. Фæлæ ныр бамбæрстой, Ирыстоны территорийыл цæргæйæ, уыдонæн æнæмæнг хъуыддаг кæй у ирон паспорт райсын. Æмæ кæд 2017 азы æмбæстагдзинады сæйраг документ уыд æрмæстдæр 1600 цæрæгмæ, уæд ацы аз та уыцы нымæц схызт 3 200 адæймагмæ. Алы æмбæстаг дæр, кæцы нæ республикæйы территорийыл райгуырд 1992 азæй фæстæмæ, хъуамæ æнæмæнг райса РХИ-йы паспорт.

«Сусæггаг нæу Ленингоры районы, сæйраджыдæр, Цхинвалæй ацæуæг специалисттæ кæй кусынц. Уыдон бынаты баззайынц къуырийы дæргъы æви æрмæстдæр цалдæр бон иу хатт фæзынынц сæ куысты?» – ахæм фарст лæвæрд æрцыд Ленингоры сæргълæууæгмæ.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй кæд горæтæй бирæ специалисттæ кусы Ленингоры районы, уыцы нымæцы йæхæдæг дæр, уæддæр уыдон æппынæдзух сты бынаты. Улæфты бонтæ та алкæмæн йæ бар   сты.

Мамытаты Витали куыд зæгъы, афтæмæй районы цы проблемæтæ ис, уыдонæй иууыл стырдæр хъусдард здахы хъæууон хæдзарадмæ. Бирæ зæххытæ сты æнæ куыст. Уымæн йæ сæйраг аххосаг – донхæры проблемæ. Цæмæй проблемæ аиуварс уа, уый тыххæй хъæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ. 2020 азы сæ зæрды ис администрацийы фæрæзтæй 2 гектары халсæрттæ байтауын. Фæнд ма кæнынц минифермæ саразын, цæмæй сабиты рæвдауæндон ифтонг кæной æхсырæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.