Ӕгъатыр у хӕст, уый йемӕ дзӕвгар фыдбылызтӕ, ӕрхӕссы, йӕ царды дӕргъы адӕймаг йӕ удӕнцойдзинадӕн цӕуыл фӕфыдӕбон кӕны, уыдон ын хӕсты азарӕй ӕрбайсӕфынц. Фӕлӕ уӕддӕр хӕсты фӕстиуӕгӕн иууыл стырдӕр маст ӕмӕ цӕссыгтӕ чи расайын кӕны, уый вӕййы адӕймаджы мӕлӕт ацы рӕсугъд дунейӕ. Ахӕм ӕвирхъау мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ судзгӕ цӕссыгтӕ бавзарын кодтой Гуырдзыстоны тугмондаг ӕрдонгтӕ Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг цӕрджытӕн 2008-ӕм азы августы хӕсты рӕстӕджы. Æвыдӕй нӕ баззад Цхинвалы районы Къостайыхъӕу дӕр. Хӕсты азарӕй ахуыссыд цалдӕр ӕмбӕстаджы цард, ныппырх сты бирæ хæдзæрттæ.

Ацы хæсты бонты ӕвыдӕй нӕ баззад Козаты-Хаситы Бабули дӕр. Мад йæ чызгимæ хъæуæй никуырдæм ацыдысты æмæ Саакашвилийыæрдонгтæ хъæумæ куы бацыдысты, уæд сæхи хъысмæты æвджид бакодтой. Æнахуыр гуыппытӕ ӕмӕ срӕмыгъдтытӕ сарӕх сты, хӕдзӕрттӕ-иу ӕнахуыр ӕнкъуыст ныккодтой. Мад ӕмӕ чызгӕн дзӕвгар тас бавзарын кодтой, ноджы ма мады зӕрдӕ ахсайдта, горӕты йӕ иннӕ чызгмӕ дӕр ӕмӕ йын нал уыд ӕрӕнцой. Уӕддӕр хорз ӕмӕ бинонтӕ кӕй баззадысты сӕрӕгас, кӕд сӕ хӕдзар бахъыгдард, уӕддӕр. Ныппырх сты йӕ рудзгуытӕ ӕмӕ уӕдӕй абоны бонмӕ ӕмбӕрзт сты хӕцъилы гӕппӕлтӕй. Ноджы тынгдӕр та бахъыгдард йӕ ӕмбӕрзт ӕмӕ уал азы дӕргъы къӕвдайы донӕй цух нӕ баззад. Йӕ хӕдзар сцалцӕг кӕныны тыххӕй бӕргӕ рахау-бахау кодта, фӕлӕ фарст ӕвӕрццагӕй скъуыддзаг нӕ цыд. Фæлæ æппынфæстагмæ барухс сылгоймаджы зӕрдӕ, йӕ тыхст уавӕр куы фӕхӕццӕ кодта нӕ Республикӕйы Президент Бибылты Анатолимӕ, уӕд. Цалдӕр боны фӕстӕ пырх хӕдзары цур ӕрлӕууыдысты кусджытӕ Дзабиты Отар, Хуыбецты Мэльс, Тедеты Бобе ӕмӕ Къӕбысты Таймураз ӕмӕ йын йӕ ӕмбӕрзт райхӕлдтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ. Ныртӕккӕ кусынц ногӕй йӕ бамбӕрзыныл, ифтонг сты, арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдонӕй. Бабули стыр бузныг зæгъы Президент Бибылты Анатолийæн, стӕй республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдарæн сӕ иузӕрдион аудындзинады тыххӕй.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.