Адӕймаг ныфсӕй цæры, зӕгъы ирон ӕмбисонд. Ныфс адӕймагӕн фӕдӕтты цавӕрдӕр тых, фӕлӕ хатт рауайы афтӕ, ӕмӕ уыцы ныфс амӕлы, йемӕ баст   хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ иу уысм ӕрбайсæфынц. Ныфс дзӕгъӕлы куы нӕ фӕвӕййы, уӕд та зӕрдӕйӕн ӕхцондзинад ӕрхӕссы.

Ныфсы кой æнæхъуаджы кӕй нӕ ракодтон, уый та рабӕрӕг уыдзӕн дарддӕр мӕ ныхасы.

Ирыстоны хъӕутӕй, стыр хъыгагӕн, абон бирӕтӕ федзӕрӕг сты. Кӕд сӕ цард кӕддӕр цӕджджинагау ӕхсыст, уӕд ныр та баззадысты ӕдзӕрӕгӕй. Бирæ хъӕуты цы иугай цӕрджытӕ аззад, уыдоны дӕр ныфс нал ис, ӕмӕ ма сӕ райгуырӕн уӕзгуытӕм исчитӕ цӕрынмӕ ӕрбаздӕха.

Афтӕ хъуыды кодта, Дзауы районы Бузалайы хъӕуы сӕрмӕ чысыл хъӕу Ниниайы цӕрӕг Гӕззаты Батик дӕр. Фӕлӕ…

Кӕддӕр нӕргӕ хъӕу уыд Ниниа. Цы хӕдзӕрттӕ дзы уыд, уыдоны цæрджытæ се ‘рвылбонон фыдӕбонӕй арӕзтой сӕ фидӕны цард. Зындзинӕдтӕ хъӕууон царды кӕдфӕндыдӕр вӕййы æмæ ацы хъӕуы цӕрджытӕ дæр, уымӕ нӕ кӕсгӕ-йӕ, сӕ цард кодтой.

Ӕнгом, кӕрӕдзийӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ, Ниниайы хъӕубӕстӕ цард, фӕлӕ рӕс-тӕг цыд, хъӕу нырыккон цардæн зынвадатдæр кодта ӕмӕ цӕрджытӕ иугай хуыздӕр цардагур лидзын райдыдтой ӕн-дӕр бынӕттӕм. Хъӕу сындӕггай ӕдзӕ-рӕг кӕнын райдыдта, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзы нал хъуыст кӕддӕры цардӕф-сӕст цæрджыты змӕлд, сабиты хъӕлӕ-ба… Сабыргай бамынӕг цард ацы хъӕ-уы…

Баззад ма дзы иунӕг иу хӕдзар (уӕл-дӕр йӕ кой скодтам), ӕрмӕстдӕр уыцы иу хӕдзары бинонтӕ нӕ ныууагътой сӕ цӕрӕнуат, зындзинӕдты сӕрты хизгӕ-йӕ, фыдӕбон кодтой ӕмӕ абоны бон дӕр Гӕззаты Батик  йӕ мад Карсанты Варинӕ-имӕ цӕрынц Ниниайы. Кӕд сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр дарынц фос, зӕххы куыст кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй ӕр-витынц сӕ цард. Тыхдæттæг та сын сты Ниниайы сатӕг уӕлдӕф ӕмӕ алӕмӕт-таг ӕрдз.

 Фӕстагмӕ ма ам ӕрцард иу нӕлгоймаг…

Ниниайӕ чи ралыгъд, уыдоны зӕнӕг ӕмӕ зӕнӕджы зӕнӕг нӕ рох кӕнынц сӕ фыдӕлты зӕхх. Кӕд дзы хӕдзӕрттӕ нал ис, уӕддӕр ссӕуынц  уӕлмӕрд-мӕ ӕмӕ хъӕуы Хӕстӕг дзуар-мӕ, бафӕдзӕхсынц сӕхи ӕмӕ сӕ бинонты. Фӕлӕ «уазӕгуаты» ӕрбацыд хъӕуы цард сӕндидзын кӕнынӕн ницы дӕтты.

Ниниайы хъӕуы цухдзинӕд-тӕй сӕйраг уыдысты донхъуагдзинад ӕмӕ фӕндаг. Хъӕуы ны-уазыны дон фаг никуы уыд, хъӕу-мӕ фӕндагыл, хӕдтулгӕ никуы цыд. Цӕрджытӕ-иу горӕтӕй цы хӕссинӕгтӕ ӕрбайстой, уыдон быннаг хъӕуӕй хӕрдмӕ кӕд-дӕриддӕр хастой къухӕй, ӕмӕ уӕлдай нӕ уыд, рог хӕссинӕгтӕ уыдысты, ӕви уӕззау.

Ӕмӕ ныр Дзауы администрацийы фӕрцы Ниниайы хъӕумӕ фӕндаг арӕзт ӕрцыд. Уыцы ӕх-сызгон хабар ӕз бакастӕн интернеты, стӕй та йӕ фехъуыстон бы-нӕттон телеуынынады алæвæр-дæй. Фыццаг мӕм афтӕ фӕкаст, цыма раст цыдӕр нӕ бамбӕрс-тон, уымӕн ӕмӕ, куыд хъӕуы иунӕг бинонтӕ, афтӕ ӕз дӕр ӕнхъӕл никуы уыдтӕн ӕмӕ ис-куы хъӕумӕ фӕндаг сарӕзтаик-кой.

Уæлдай æхсызгон та мын уы-мӕн уыд, ӕмӕ мӕ мад у ацы хъӕуӕй. Мӕхӕдӕг та чысылӕй Ниниайы къуыппытыл ӕмӕ фӕз-тыл цас рӕстӕг арвыстон…

Хъӕумӕ фӕндаг сырӕзт, уый нӕ хиуӕттыл куы айхъуыст, уӕд сфӕнд кодтам нӕхи цӕстӕй йæ фенын. Æмæ араст стӕм Ниниайы хъӕумӕ.

Фӕндаг, ӕцӕгдӕр, разынд хорз арӕзт, ахӕм фӕтӕн у, ӕмӕ дзы цалдӕр хӕдтулгӕ дӕр ахиздзысты кæрæдзийы фæрсты, ис ыл хуыр калд, у лæгъз, хӕд-тулгӕ йыл уад ӕнцонӕй, ӕвӕц-цӕгӕн, ӕвзӕр боныгъӕдты дӕр ахӕм фӕндагыл  хъӕумӕ сӕри-барӕй ӕрбацӕуӕн уыдзӕн. Тынг фӕцин кодтам не`ппӕт дӕр хæрзарæзт фӕндагыл ӕмӕ бузныг зӕгъӕм, кӕй хъуыдымӕ ӕр-цыд ӕмӕ йыл чи бафыдӕбон кодта, ӕппӕт уыдонӕн.

…Ӕнцонвадат фӕндагыл цӕу-гӕйӕ, Ниниамæ куыд бахæццæ стæм, уый хатгæ дӕр нӕ фæкодтам. Ӕрлӕууыдыстӕм Хӕстӕг дзуары бын, цы ӕртӕ кӕрдзын нӕм уыд, уыдонӕй нӕхи бафӕ-дзӕхстам ацы дзуарӕн. Нӕ цӕст ахастӕм хъӕуыл. Иу сыбыртт, иу уынӕр никӕцӕй хъуыст, ӕр-мӕст-иу рогдымгӕмӕ бӕлӕсты сыфтӕртæ сӕхи сындӕггай базмӕлын кодтой, цъӕх-цъӕхид кӕрдӕг дӕр хæрдмæ фӕцыд.

Ӕрдз раздӕрау куыд рӕсугъд уыд, афтӕ уыд ныр дӕр, уӕлдай-дӕр ныртæккæ. Алыгъуызон бӕ-лӕсты мыггæгтæ хъӕуыл ӕрхъу-лайау кодтой, се`хсӕн ӕй бакодтой, раст ын цыма афтӕ дзурынц, ома, дæ ныууагътой, дӕ зӕххыл цӕуӕг, цӕрӕг  нал ис ӕмӕ ма дӕ мах уӕддӕр бахъахъхъӕ-нӕм. Ӕрмӕстдӕр ӕрдз не сивта йӕ зӕрдӕ ацы чысыл хъӕуыл…

Архӕн фаллаг фарс, дардмӕ нӕ цӕст схӕцыд, Гӕззаты лӕп-пу йӕ холлӕгтимӕ уӕхскуӕзӕй куыд архайдта. Ахӕм ныв фен-гӕйӕ, зӕрдӕ барухс, уӕддӕр хъӕу бынтон ӕдзӕрӕг нӕу, ис дзы змӕлӕг, мад ӕмӕ фырт кӕ-нынц сӕ хъӕууон куыстытӕ, уарзынц ацы зӕхх ӕмӕ цӕргӕйӕ баззадысты ам.

Мах фенгӕйӕ, Батик йӕ куыст фӕуагъта ӕмӕ нӕм уайтагъд ӕрбацыд. Фӕцин ныл кодта зӕр-дӕбынӕй. Йемӕ ралыгъдысты йе ‘ртӕ цуаноны дӕр, фыццаг нӕм сӕхи фӕтызмӕг кодтой, фӕлӕ куы бамбӕрстой ӕддагон-тӕ не стӕм, уӕд нӕ цурӕй нал цыдысты, ӕмӕ куыннӕ, мыййаг, афтӕ арӕх нӕ уынынц бӕллц-цæтты.  

 Бӕласы бын, аууоны ӕрбад-тыстӕм, уыцы диссаджы сыгъ-дӕг уӕлдӕф улӕфгӕйӕ, адӕй-маджы йӕ хъуыдытӕ сæ ахæсты бакодтой.

…Батик нын радзырдта, куыд ӕнӕкӕрон ӕхсызгон ын у ацы фӕндаджы арӕзтад. «Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кодта, нӕ хъӕумӕ фӕндаг искуы сырæздзæн, уый. Ныр нын бирӕ фенцондӕр уы-дзӕн. Мӕ мады-иу тагъд ӕх-хуысы сӕр арӕх бахъӕуы, фӕ-лӕ фӕндаг кӕй нӕ уыд, уый тых-хӕй ардӕм тагъд ӕххуысы ма-шинæйæн ӕрбацӕуын нæ уыд. Ныр та дзы цыфӕнды хӕдтулгӕ дӕр ӕрбацӕудзӕн»,-дарддӕр кодта йӕ ныхас Гӕззаты лӕппу.

Батикы уырны, доны проблемӕ дӕр чизоны скъуыддзаг ӕрцӕуа, фӕзына хъӕууон цардӕн уа-вӕртӕ ӕмӕ та Ниниайы хъӕуы цӕрджытӕ фылдæр кæнын райдайой. «Хорз уаид йæ раздæры цæрджытæй исчитæ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхиккой ӕмӕ куы ӕрбынӕттон уаиккой, уӕд та иу-мӕ нӕ цард кӕниккам. Зын у ӕнӕ сыхагӕй цӕрын, макӕимӕ дзургӕ скӕн, макӕмӕ цӕугӕ ба-кӕн»-, зӕгъы йӕ хъуыдытӕ Ба-тик.

Мах дӕр уырны, ам цæрынæн ноджы хуыздæр уавӕртӕ кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ дзы цард кӕй сӕндидздзӕн. Цы дыууӕ хӕдзары дзы ис, уыдоны цæрджытæ та, фыццаджыдӕр, ӕнӕниз, куыстхъом ӕмӕ цардфӕразон уӕд, цы ног фӕндаг сӕм сарӕзтой, уый сын амонды ӕмӕ циндзи-нӕдтӕм цӕуӕн фӕуӕд.

Афтӕ у, ныфсӕй цардӕуы… Ӕмӕ та ног ныфсытӕ ис, Ниниайы хъӕуы та раздæрау цард кӕй сног ӕмӕ сытынг уыдзӕн.                                                                                       

КЪӔБЫСТЫ Зӕринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.