Нӕ горӕты арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕххӕст кӕныныл архайы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады управлени, бавналынц сӕм рӕстӕгыл ӕмӕ сӕ ӕххӕст дӕр скӕнынц афоныл ӕмӕ гъӕдджынӕй. Уый та фадат дӕтты цӕрджыты уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕ фӕрогдӕр кӕнынӕн, стӕй иумиагӕй нӕ горӕты ӕддаг бакасты аивдзинадӕн.

Хӕдзарады хистӕр Лалыты Сослан райгондӕй дзырдта, йӕ дӕлбаруӕвӕг кусджытӕ алы хъуыддагмӕ дӕр кӕй кӕсынц бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ӕнтысгӕ дӕр кӕны. Куыд загъта, афтӕмӕй Мӕскуыйы уынджы цы бирӕуӕладзыгон цӕрӕн хӕдзӕрттӕ ис, уыдон рӕстӕджы цыдимӕ ӕрцыдысты мӕгуырау уавӕрмӕ, къулты ӕддаг сӕрстытӕ ракалдысты ӕмӕ сӕ хъуыд цалцӕг кӕнын. Уавӕр бахынцыд ӕрцыд ӕмӕ кусджытӕ бавнӕлдтой уыдон ногӕй фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Уый сын ӕнтысгӕ дӕр бакодта ӕмӕ ныр цалдӕр хӕдзары аивдзинадӕй зæрдæ рухс кæны. Скверты цы зӕронд ӕмбӕндтӕ ис, уыдон дӕр дзуапп нал дӕттынц абоны домӕнтӕн, уыдысты кӕлӕддзаг ӕмӕ уыдон ногӕй раивыныл дæр куыстӕуы. Уымӕй дарддӕр ма светофортӕм иуӕй-иу рӕтты бӕлӕсты къалиутӕ уыдысты хӕрз ӕввахс ӕмӕ уыдон дӕр кӕнынц ӕмбӕлон уагмӕ. Октябры уынджы ныр цалдӕр боны кусджытӕ зилынц, ам цы хихджын бӕлӕстӕ ис, уыдонмӕ, ома сын лыг кӕнынц сӕ уӕлдай ӕмӕ хус къалиутӕ. Хырхӕйфадӕнты згъӕлӕнтӕ ӕмӕ хус сыфтӕртӕ рӕстӕгыл бафснайынц.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй нӕ горӕты бирӕуӕладзыгон цӕрӕн хӕдзӕртты рагӕй нӕ кусынц лифттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой цӕрджытӕ, уӕлдайдӕр та ацӕргӕ ӕмӕ рынчын адӕймӕгтӕ. Уавӕр бахынцыд ӕрцыд ӕмӕ уыцы цухдзинад ӕрбӕстон кӕныныл ныр цалдӕр мӕйы куыстӕуы. Нӕхимӕ кӕй нӕй, лифттӕ чи сӕвӕра, ахӕм специалисттӕ, уымӕ гӕсгӕ сыл кусынц ӕрхонгӕ адӕймӕгтӕ. Уыдон уал сӕ зӕрдиаг куыстӕй фӕткмӕ ӕркодтой аст цӕрӕн корпусы, ӕдӕппӕт та сын ахӕм куыстытӕ бакӕнинаг ис 14. Ноджы ма иуӕй-иу цӕрӕн хӕдзӕртты уӕлхӕдзӕрттӕ дӕр сты мӕгуырау уавӕры ӕмӕ дзы кӕнынц арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Ахӕм куыстытӕ ӕххӕст кӕнынц Мӕскуыйы, Гуыбаты ӕфсымӕрты ӕмӕ ӕндӕр уынгты цӕрӕн хӕдзӕртты. Горӕты сывӕл-лӕтты ӕппӕт рӕвдауӕндӕтты дӕр цӕуынц арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Цӕмӕй скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ, рӕвдауӕндӕтты сабитӕ ӕдас уой, уый тыххӕй уым арӕзт цӕуынц ӕмбӕндтӕ ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн сывӕллӕттӕ сӕхи хатдзысты сӕрибарӕй. Хорз у, транспортмӕ ӕнхъӕлмӕкӕсӕн бынӕттӕ арӕзт кӕй цӕуынц, ӕрмӕст ма иуӕй-иу рӕтты хъӕуы чысыл куыстытӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ уыдон дӕр рӕхджы ахицӕн кӕндзысты. Хӕдзарады кусджытӕ ма кӕнынц ӕндӕр ахсджиаг куыстытӕ дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.