Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы фæсивæд арæхæй арæхдæр æвдисынц бæрзонд æнтыстытæ спорты фадыджы. Не спортсментæ хайад райсынц куыд Уæрæсейы, афтæ дунейы уагъдцæуæг алыгъуызон ерысты æмæ арæх свæййынц уæлахиздзаутæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый, сæйраджыдæр у фæсивæдæн сæхи тырнынады, æмæ стæй та нæ республикæйы спорты  скъолаты цы фæлтæрд тренертæ кусынц, уыдоны бæрнон куысты руаджы.

Æрæджы не ‘мбæстаг, уæззау атлетикæйы скъолайы тренер 22 аздзыд Плиты Артуры хъомылгæнинæгтæй сæ иу Икъаты Сæрмæт хайад райста уæззау атлетикæйы пауерлифтинджы хуызæй Краснодары уагъдцæуæг дунеон ерысты æмæ ссис дунейы чемпион. Афтæ ма уый, пауерлифтинджы сконды æртæ хуызы уæзтæ сисыны ерысты æмткæй систа дунеон рекордон уæз 740 киллограмы æмæ ссис дунейы рекордсмен дæр.

Сæрмæт кæд спорты ацы хуызы бирæ рæстæг нæ архайы, æдæппæт 4 азы, уæддæр ын ис стыр æнтыстытæ. Ныридæгæн уый 40 хатты сси фыццаг алыгъуызон æмвæзады ерысты. Цы рекордон уæзтæ систа, уым æй ныронг ничима баййæфта. Сæрмæты тренер Плиты Артур куыд зæгъы, афтæмæй Краснодары уагъдцæуæг ерыстæм уыдон сæхи цæттæ кодтой дæргъвæтин рæстæджы æмæ сæ ныфс уыд ахæм.

Сæрмæт ма кæстæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд цыд Мая Четионы кафджыты къордмæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй абон цы спорты хуызы архайы, ууыл уыцы рæстæджы хъуыды дæр никуы акодтаид. Фæлæ йæм спортмæ тырнындзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ фæстæдæр бацыд  уæгъдибар хъæбысхæстмæ. Уым архайдта суанг астæуккаг скъола каст фæуыны онг.  Уæлдæр ахуырад райсынмæ Сæрмæт бацыд Цæгат Ирыстоны Хæххон-металургон институтмæ электроаразæджы факультетмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ арæх цыд спортивон залмæ. Архайдта уæззау  атлетикæйы дæр. «Æз хъуыды дæр никуы акодтаин, цæмæй ерысты хайад исон, тренировкæтæ кодтон æрмæстдæр ме спортивон формæ бахъахъхъæныны тыххæй. Мæ сæрибар рæстæджы фылдæр хай æрвыстон спортзалты. Уым æнæнхъæлæджы фембæлдтæн пауэрлифтинджы хуызы спорты мастер Дзугкоты Артурыл æмæ райдыдтон уыимæ кусын», – загъта Сæрмæт.

Фæлтæрд тренер уайтагъд рахатыд Сæрмæты спортивон хъомыс. Æмæ нæ фæрæдыд. Дыууæ мæйы фæстæ Сæрмæт хайад райста Уæрæсейы чемпионаты Краснодары æмæ бацахста фыццаг бынат. Уыцы аз ма хайад райста Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы  æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уæд пауерлифтинджы сконды æртæ хуызы ерысты æмткæй  систа 650 килограммы æмæ ссис сыгъзæрин майданы хицау.

Уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ Сæрмæт æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ дарддæр тренировкæтæ кæны Плиты Артуры къухдариуæгадæй. Ивгъуыд азы августы мæйы та Сæрмæт хайад райста æвзæнгты ‘хсæн Дунейы кубок рамбулыны ерысты Курскы æмæта ам дæр бацахста фыццаг бынат.

2017 азы ма Сæрмæт ногæй ссис 23 азы кары онг 125 килограммы уæзы категорийы «Дунейы чемпионты кубок»-ы хицау.

Ныртæккæ Сæрмæт дарддæр кæны йæ тренировкæтæ. Ис æм бирæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæстæдæр фæнд кæны нæ республикæйы пауэрлифтинджы спорт райтынг кæнын. «Уый у тынг пайда æнæниздзинад æмæ физикон тых фидар кæнынæн. Нæ республикæйы ис тынг бирæ курдиатджын фæсивæд æмæ мæ фæнды, цæмæй сын уа уавæртæ спорты ацы хуызы архайынæн. Хъыгагæн, ныртæккæ нæ республикæйы уæззау атлетикæйæ чи архайы, уыдоны нымæц у хæрз цъус», – загъта Сæрмæт.

Сæрмæт у нæ республикæйæ спорты ацы хуызы ахæм бæрзонд æнтыстытæ кæмæн ис, иунæг ахæм спортсмен. Ныртæккæ уый у дыууæ хатты Дунейы кубокы хицау, иу хатт Европæйы чемпион æмæ æртæ хатты та Уæрæсейы чемпион, афтæ ма 125 килограммы уæзы категорийы  æрыгæтты ‘хсæн дыууæ хатты рекордсмен.

Сæрмæт йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхи цæттæ кæны фидæн аз Америкæйы уагъдцæуæг афтæхуыйнæг «Арнольд класик»-ы дунеон турнирмæ. «Фæнд кæнæм ерысты хайад райсын. Уый тыххæй кæд тынг бирæ хъæуы хиуыл кусын, уæддæр æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй ерыстæй æрхæссæм уæлахиз», – загъта Икъаты лæппу.

Æрыгон спортсмен ма бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитетæн, уыдонимæ сын чидæриддæр спонсорон æххуыс бакæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.