Нӕ республикӕйы ӕппӕты фылдӕр куыстытӕ чи ӕххӕст кӕны, йӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕмгъуыдмӕ ахицӕн кӕныныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдон фыццӕгтӕй иу у «Дорэкспострой»-ы коллектив. Ацы куыстуатӕн егъау у йӕ хайбавӕрд нӕ республикӕйы фӕндӕгты арӕзтадмæ ӕмӕ уый та фадат дӕтты куыд автомашинӕты хицӕуттӕ, афтӕ бӕлццӕтты удӕнцойдзинадӕн дӕр. «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Му-ратмӕ куы бахатыдтӕн йӕ фӕллойадон коллективы ӕнтыстытыл радзурыны охыл, уӕд ма йын ӕхсызгондӕр уыд.

– Ацы аз нын Инвестпрограммӕмӕ гӕсгӕ бакусинаг сӕйраджыдӕр уыдис Гуфта-Къуайсайы фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап. Раздӕр куыд бадзырдтам, уымӕ гӕсгӕ фӕндаджы арӕзтадмӕ бавнӕлдтам Къуайсайы ӕрдыгӕй ӕмӕ уый та фадат ратта, цӕмӕй куыстыты хайад истаиккой бынӕттон цӕрджытӕ дӕр.  Цы куыстытӕ хъуамӕ сӕххӕст кодтаиккам, – дарддӕр зӕгъы Лалыйы фырт, – уыцы хӕслӕвӕрд ахицӕн ныридӕгӕн, ома асфальты дыууӕ цъары сӕвӕрдтам 10 километры дӕрддзӕгӕн, йӕ уӕрх та – 10 метры. Фӕндаджы бындурон куыстытӕ кӕд фесты, уӕддӕр ма дзы чысыл баххӕсткӕнинаг куыстытӕ аззад ӕмӕ уыдон дӕр ахицӕн кӕндзысты ацы ӕввахс бонты. Раздӕр ацы фӕндаджы арӕзтад нымад цыд фӕндзӕм категорийы арæзтадыл, фӕлӕ ныр куыстуаты коллектив уыйбӕрц сарӕзтой, йӕ фӕхуыздӕр кӕныныл уыйбæрц тыхтӕ бахардз кодтой ӕмӕ ныртӕккӕ та хауы цыппӕрӕм категоримӕ».

Фӕндаджы арӕзтады хомысӕй ифтонг кодта нӕхи асфальтгӕнӕн завод. Хомыс та фӕцӕттӕ кӕнынц бынаты, йӕ гъӕд сбӕрӕг кӕныны тыххӕй йӕ бавдисынц Дзӕуджыхъӕуы лабораторимӕ (уыимӕ сарӕзтой бадзырд). Развӕлгъау сын ацы лаборатори амоны, йе сконды цы хъуамӕ уа, уый тыххӕй рецептурӕ ӕмӕ йыл бынаты бакусыны фӕстӕ уадзынц продукци. Фӕндаджы арӕзтад цыд рæвдз ӕмӕ уӕд асфальты хомыс дӕр хъуыд дзӕвгар. Цӕвиттон, ӕрмӕст фӕстаг бон завод рауагъта 1175 тоннӕйы, астӕуккаг нымадӕй та Къуайсайы фӕндаджы арӕзтадмӕ боны дӕргъы асфальт хӕццӕ кодта 800 тоннӕйы. Куыст-уатмӕ ис фаг алыгъуызон техникӕ, фӕлӕ фӕндаджы арӕзтады рӕстӕджы нал фаг кодтой ӕмӕ уӕд баххуырстой уӕлӕмхас техникӕ асфальт ласынӕн. Боны дӕргъы та асфальт ластой ӕдӕппӕт 15 машинӕйы, кодтой фӕйнӕ 2-3 цыды.

Фӕндаг арӕзт ӕрцыд зӕронд бынаты, фӕлӕ йӕ кӕмдӕрты фӕуӕрӕхдӕр кодтой, къуылдымты ӕристой, стӕй сӕ фӕныллӕгдӕр кодтой. Уыимӕ ма фӕндаджы кӕрӕтты 5,5 км дӕрддзӕгӕн ӕвӕрд ӕрцыдысты бетонон егъау бырутæ ӕдасдзинады тыххӕй. Тагъд рӕстӕджы конд ӕрцӕудзысты фӕндагон нысӕнттӕ. Кусджыты нымӕц дӕр ацы сезоны уыд дзӕвгар, ома, 500 адӕймаджы бӕрц.

«Дорэкспострой»-ы коллектив ма йӕ хъус лӕмбынӕг дардта республикон нысаниуӕджы фӕндӕгтӕм дӕр ӕмӕ уымыты дӕр бакодтой дзӕвгар цал-цӕггӕнӕн куыстытӕ. Цӕвиттон, куыстыты иу хай бакодтой Цхинвал-Знауыр, Цхинвал-Дменис-Бихъар-Ленингоры фӕндӕгтыл, Ручъы фӕндагыл та асфальты ног цъар сӕвӕрдтой 7 км бӕрц. Ерцъойӕ Синагурмӕ у 17 км, Синагурӕй Карзманмӕ та – 10 км ӕмӕ 300 м ӕмӕ ууыл дӕр бакуыстӕуыд хорз.

Уымӕй дарддӕр ма «Дорэкспострой»-ы коллектив кусы горӕты 10 уынджы схӕрзарӕзт кӕныныл дӕр. Ныридӕгӕн уал уыдонӕй дыууӕ уынджы – Димитров ӕмӕ Джыккайы фырты уынгтӕ асфальтгонд ӕрцыдысты иу хатт, ныр та цӕттӕ кӕнынц Къуайса ӕмӕ Нарты уынгтӕ сасфальт кӕнынмӕ. Афтӕ ма аразынц Руставели ӕмӕ Аланты, Чиайы И., Коцыйы, Тӕболы ӕмӕ Коцойы фырты номыл уынгтӕ дӕр. Уыдон бахаудысты Инвестпрограммӕмӕ ӕмӕ аразджытӕ тындзынц, цӕмӕй ӕппӕт арӕзтадон куыстытӕ дӕр бакӕной рӕстӕгыл ӕмӕ гъӕдджынӕй. Кусджытӕ нӕ хъаст кӕнынц сӕ куыстмыздӕй дӕр. Астӕуккаг нымадӕй бульдозеристтӕ, стæй грейдерыл кусджыты куыстмызд вӕййы 50-60 мин сомы бæрц. Сӕ куыстмыздӕй нӕ хъаст кӕнынц иннӕ кусджытӕ дӕр.

Райсом, 21 ноябры у сӕ профессионалон бӕрӕгбон, ӕмбӕлынц ыл куысты хорз фӕстиуджытимӕ ӕмӕ сын дарддӕр  дӕр уӕд ӕнтыстытӕ.

Хуыбиаты Никъала     

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.