Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг цӕрджытӕн дзӕвгар фыдбылызтӕ ӕрхастой гуырдзиаг хотыхджынтӕ 2008-ӕм азы августы хӕсты рӕстӕджы. Уды зиӕнттӕй дарддӕр ма пырх цыдысты, цӕрӕнбонты ӕвӕлмастӕй кӕм цардысты, уыцы цӕрӕн хӕдзӕрттӕ дӕр. Фӕлӕ Стыр Уӕрӕсе ӕмӕ нӕ Хицауады ӕххуыс ӕмӕ комкоммӕ аудындзинады фӕрцы уыдонӕй дзӕвгар ӕрцыд арӕзт. Зӕгъын хъӕуы, уӕддӕр нырма бирӕ бинонтӕ абоны онг дӕр ӕвзарынц зындзинӕдтӕ, сӕ цӕрӕнуатон фарст ӕвӕрццагӕй скъуыддзаг кӕй нӕма ӕрцыд, уый аххосӕй. Ахсджиаг проблемӕ аиуварс кӕныныл зӕрдиагӕй архайы Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ йӕ фондӕй парти «Иууон Ирыстон»-ы ӕххуысы фӕрцы аразын райдыдтой пырх хӕдзӕрттӕ. Иуӕндӕс азы дӕргъы сӕ хӕдзар мӕгуырау уавӕры кӕмӕн уыд августы хӕсты азарӕй, уыдон нымӕцмӕ хауынц нӕ горӕты Октябры уынджы 64 хӕдзары цæрæг Болататы бинонтӕ дӕр. Бӕргӕ тыхстысты уал азы дӕргъы, фӕлӕ сын сӕ проблемӕ ӕрбӕстон кӕныныл нырмӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыд. Бинонты тыхстдзинад аиуварс кӕныныл бацархайдтой аразджытӕ, куы сӕм фӕзындысты, уӕд. Ӕртӕ боны дӕргъы цыппар кусӕджы сӕ куысты уӕлхъус уыдысты сӕумӕрайсомӕй суанг изӕрдалынгтӕм ӕмӕ уый радта йӕ хорз фӕстиуӕг – уӕлхӕдзар ӕмбӕрзт ӕрцыд профнастилӕй. Хӕдзары хицау Болататы Нугзар стыр бузныг зӕгъы нӕ республикӕйы разамынад ӕмӕ арӕзтады кусджытӕн, сӕ дӕргъвӕтин фарст сын цыбыр рӕстӕгмӕ кӕй ӕрбӕстон кодтой, уый тыххӕй.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.