Адæймаджы царды алы профессийæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Алкæмæй дæр йæ професси домы бæрндзинад æмæ йæ алыварс адæммæ аудгæ ахаст. Адæймаг цы куыст кæны, уый куы уарза, уæд ын æхсæнады уыдзæн стыр кад. Автобусы шофыры куыст уæлдай ахсджиагдæр æмæ бæрнондæр у, уымæн æмæ йæ æдзух адæмимæ, бæлццæттимæ ис хъуыддаг. Æдзух хъуыды кæна йæ бæлццæтты æдасдзинадыл, цæстуарзон лæггад сын кæна.

Нæ уацы уын радзурдзыстæм нæ горæты змæлæг бæлццæттæласæн транспорты шофыртæй сæ иуы тыххæй. Уый у Плиты Гурам. Шофыры дæсныйад йæ зæрдæмæ æввахс кæй лæууыд, уымæ гæсгæ 1976 азы бацыд автоскъоламæ шофыры дæсныйад райсыны тыххæй. Куыста йæ райгуырæн хъæу Принеуы хъæуы совхозы. 1978 азы ацыд йе ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынмæ. Советтон Æфсады рæнхъыты баслужбæ кæныны фæстæ æрыздæхт æмæ фæстæмæ кусынмæ бацыд йæ хъæуы совхозмæ, уый фæстæ та куыста арæзтады. Ам дæр йæ куыстмæ дардта бæрнон æмæ уарзæгой ахаст. Æркодта цардæмбал Багаты чызджы æмæ бацис бинонты хицау дæр.

1998 азы кусын райдыдта шофырæй паддзахадон унитарон куыстуат «Хуссар Ирыстоны автотранспорты управлени»-йы.

Гурам, куыд ма загътам, афтæмæй кусы горæты маршруттæй сæ иуыл æмæ алы бон дæр райсом раджы рахизы йæ уарзон куыстмæ æмæ фæкусы суанг изæрмæ. Йæ хорз куысты тыххæй дзы бæлццæттæ сты тынг райгонд. Æвдисы сæм аудгæ ахаст, алы бæлццонæн дæр у æввахс адæймаджы хуызæн.

Автобусы бæлццæттимæ ныхас кæнгæйæ, рахатыдтæн, Плийы фырт æрмæст йæ професси кæй нæ уарзы, фæлæ кæй уарзы æмæ аргъ кæны йæ бæлццæттæн дæр.

«Зоны йæ бæлццæттæй чи кæм хъуамæ рахиза, уый. У уæздан, гуымир ахаст никуы никæмæ равдисы», – зæгъы Дыргуисы районы цæрæг Хуыгаты Полинæ.

«У тынг хорз шофыр. Сæ чысыл куыстмыздмæ нæ кæсгæйæ, кусы улæфтбонты дæр. Алкæмæ дæр дзуры фæлмæн æмæ уæздан æвзагæй», – зæгъы БАМ-ы районы цæрæг.

БАМ-ы районы иннæ цæрæг та куыд зæгъы, афтæмæй, йæ автобус алыхатт дæр вæййы сыгъдæг, æппындæр дзы хъæр ныхас никуы фехъусдзынæ. Скъæргæ дæр кæны сабыргай, уымæн æмæ уый æмбары сæйраджыдæр кæй у адæмы æдасдзинад.

Гурам шофыры куыст кæны 25 азы дæргъы. Уый цъус рæстæг нæу. Автобусы шофыр æрмæст бæрнон ахаст ма хъуамæ дара йæ куыстмæ, фæлæ ма хъуамæ уа психолог дæр. Уымæн æмæ æрвылбон дæр уый кусы адæмимæ. Ныр цы автобусыл кусы, уый йæ къухы ис фараст азы. Уал азы дæргъы йæм зилы, куыд йæхи сæрмагонд автотранспорт, афтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, машинæ хæлын дæр зоны, фæлæ йæ уайтагъд сцалцæг кæны.

Плийы фырт цалынмæ горæты автобусыл кусын нæ райдыдта, уæдмæ куыста Цхинвалы районы Дменис, Хелцуа, Сатихъар æмæ æндæр хъæутæм. Уым дæр дзы цæрджытæ уыдысты райгонд, бирæ арфæйы ныхæстæ сæ  райста. Мæгуыр адæймагæн чысыл æххуыс дæр бирæйы бæсты цæуы. Хъæуты цæрджытæ-иу æм куы бахатыдысты, уæд-иу сын баласта сæ ласинæгтæ дæр. Гурам йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй царды сæйрагдæр у адæймагдзинад æмæ  куыстмæ бæрнон ахаст дарын.

Уый ма у тынг хорз цардæмбал, фыд æмæ дада. Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, царды æппæт хæрзиуджытæ. Дæ кæстæрты хурæй æфсæст у. Бирæ азты æнæнизæй фæлæггад кæн дæ бæлццæттæн.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.