Диссаджы цардвæндагыл рацыд машхарайаг лæппу, Козаты Мурат. Царды стæм хатт вæййы афтæ æмæ 75 аздзыд, усгур лæппуйау, цæрдæг æмæ аив фæлыстæй йæ куыстмæ сæумæцъæхæй фæцæйтындза. Уыцы азтæй 55 азы уый снывонд кодта куысты фронтæн.

ÆВЗОНГ ЛÆППУЙЫ РÆСУГЪД БÆЛЛИЦТÆ

Алы суинаг адæймаг дæр фæархайы йæ фидæны рæсугъд цард фæнывæндыныл. Нывæзта йæ Мурат дæр. 8-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта кæй уыдзæнис, æрмæстдæр, фосы дохтыр. Йæ фæнд бамбарын кодта сæ хъæу Машхарамæ æввахс – Уалыты хъæуы астазон скъолайы директорæн. Æхсызгон уыд уымæн дæр. Хæхбæсты фосæй цæрынц – уадз æмæ сахуыр кæна уыцы дæсныйадыл.

Æмæ уæддæр Мураты цы сразæнгард кодта фосы дохтыры дæсныйад райсынмæ?

Уымæн та йæ аххоссаг уыд сæ хъулон рæуæд… Охх, куыд тынг æй уарзта Мурат. Цæвын æй сахуыр кодта æмæ-иу Муратыл дæр йæхи рауагъта. Бирæ фос дардтой Машхарайы, уæдæ уый æппæт бинонтæ цæмæй хъуамæ цардаиккой. Йæ ныййарджытæ Годжиа æмæ Хуыбылонæн 8 кæстæры уыдысты – цыппар лæппуйы æмæ уал хойы. Дарын, фæкæсын сæм хъуыд æмæ хохы цъасы та æнæфос цæрæн нæ уыд. Бирæ фос дардтой Мураты ныййарджытæ. Уыдоны ’хсæн, Мурат хъулон уарзт кæй кодта, уыцы род – Сатæг дæр. Æргæвдын æй никуы бауагъта, сгал кæнынмæ йæ хъавыд. Фæлæ Сатæг нал сæрæн кодта æмæ иу изæр йæ цъæх цæстытæ ирдæй баззадысты… Мурат тынг фæмаст кодта, йæ зæрдæ фæрыст… Сæрвæтмæ дæр æй нæ уагъта, кæрты-иу уыд, кæнæ та-иу æй цæхæрадоны кæрон бабастой. Мураты-иу куы федта, уæд-иу хъылдымтæ систа… Раст, уæд аскъуыддзаг кодта, кæй суыдзæнис фосы дохтыр. Уыцы рæстæджы ма Козаты Темболы дуцгæ хъуг дæр зæфцыфыдæй фесæфт, кæнæ Хозиты хъæуы цы сау-сауид дугъон бæх уыд, уый. Чизоны ма цас фæлæггад кодтаиккой сæ хицæуттæн, дохтыры къух сæм рæстæгыл куы фæхæццæ уыдаид, уæд.

Ныййарджытæ, йæ мадызæнæгтæ дæр йæ фæндыл дыууæ нал загътой…

Фесты сæрдыгон улæфтбонтæ æмæ Мурат ахуыркæнынмæ рацыд Хъемултайы астæуккаг скъоламæ. Хорз ахуыр кодта æмæ йæ бирæ уарзтой йæ ахуыргæнджытæ, йе ‘мбæлттæ. Æнæуый дæр æнæзивæг уыд – уæдæ скъоламæ суг ласын, уæлхæдзæртты мит калынæй Мураты разæй чи хъуамæ фæуыдаид. Ам дæр ын йæ фæнд зыдтой, хъуамæ суа фосы дохтыр. Хъемултайы цæрджытæ дæр тынг тыхстысты фосы алыгъуызон хæцгæ низтæй. Зын сын уыд районæй дохтыр æрбакæнын, хостæ амал кæнын. Æмæ хъемултайæгтæн дæр æхсызгон уыд Мураты фæнд.

1964 азы Козайы фырт ахызт 10-æм къласмæ æмæ йæ сæрдыгон улæфт æрвыста сæхи хъæуы. Иуахæмы тракторы хъæлæба йæ хъустæ ацахстой, фæлæ йæ уынгæ нæма скодта. Æниу, трактор та куыннæ федта, фæлæ йын ацы хатт йæ уынæр сæхъусын уæлдай æхсызгон уыд, сæ хъæумæ фæндаг кæмыты фехæлд, уыдон аразынц æмæ бацин кодта. Раст уæд базонгæ тракторист Хъамболимæ дæр. Ноджы ма кæд разынд йе ‘рвад – Козатæй.  Æмæ дын Мурат йæ фарсмæ куы бабадит. Алы бон дæр æм цыд, хаста йын дон, аххуыс-иу ын кодта цыдæр хъуыддæгты дæр. Уæд иу бон уыцы трактор йæхæдæг дæр куы аскъæрид æмæ дзы æрбайрох сты йæ род, ветдохтыр суæвын æй кæй фæнды, уыдæттæ иууылдæр. Æмæ астæуккаг скъола куыддæр каст фæцис, афтæ Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадон техникумы механизацийы факультеты февзæрыд. Æртæ азы дзы æнтысгæйæ сахуыр кодта.

 

ХЪАЗУАТОН  КУЫСТЫ АЗТÆ

Афтæ у æвзонг адæймаджы хъуыддаг. Æдзух рафæлив-бафæлив кæны йæ зонд, йæ хъуыдытæ. Æрыздæхт, йæ ахуыр фæуыны фæстæ Мурат. Рæстæгмæ уал кусынмæ бацыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрмæ декорацитæаразæгæй. Стæй… стæй йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Йæ хæс æххæст кодта горæт Тулайы. Уыд уæлдæфон-десан-тон дивизийы Костромайы. 30 хатты йæхи рауагъта парашютæй. Цъæррæмыхст дæр никуы фæцис. Æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ уайтагъд кусынмæ ба-цыд автобустæцалцæггæнæн заводмæ. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ æмæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Цæгат Ирыстоны хъуонхæдзарады институты механизацийы факультетмæ. Фæсаууонмæ дзы ахуыр кодта, автобустæцалцæггæнæн заводы та кусгæ кодта. Институт æнтысгæйæ бакæсыны фæстæ йын уайтагъд куысты бынат разынд. Куыста Цхинвалы районы Ксуисы хъæууон хæдзарадон техникæйы механикæй. Уырдыгæй йæ ракодтой ацы районы хъæууонхæдзарадон управленимæ инженерæй. Уыцы рæстæджы Къостайыхъæуы совхозы директорæй куыста Хабалашвили Пъауле. Мураты къухты ахаст иттæг хорз зыдта, иу æмæ йæ дыууæ хатты нæ федта,  “мард” механизм дæр-иу куыд раудæгас кодта, зыдта æфсæйнæгтимæ ныхас кæнын. Æмæ йæм бахатыд, цæмæй ацы совхозмæ рацыдаид инженерæй. Сразы ис Козайы фырт. Фæкуыста дзы 1993 азмæ, стæй йæ фæндаг ракодта областы материалон техникон базæмæ сæйраг инженерæй. Уырдыгæй та “Агросервис”-мæ сæйраг инженерæй. Ссис директоры хæдивæг дæр. Ныр фæфылдæр сты йæ хæстæ, стырдæр бæрндзинад хаста æмæ ноджы зæрдæбындæрæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ.

 

ЦАРД ФÆЛЛОЙÆ ФИДАУЫ

Уыцы рæстæджы Мураты бирæтæ хуыдтой Ирыстоны ныфсытæй  сæ иу. Æмæ нæ рæдыдысты. Уый аккаг хайбавæрд хаста нæ республикæйы хъæууонхæдзарады рæзтмæ. Хъæууон хæдзарады та ахæм адæймаг нæ разындаид, Мураты чи нæ зыдта, йе ‘ххуысы къух-иу алкæмæ дæр адаргъ кодта. Ахæм колхоз, совхоз, паддзахадон хæдзарад нæ разындаид Мурат цалдæр хатты кæм нæ балæууыд æмæ сын сæ техникæ цæстуарзонæй кæм не сцалцæг кодта. Разыйæ-иу дзы баззадысты хицæн адæймæгтæ дæр. Ацыдис-иу Стъараполы краймæ æмæ иу уырдыгæй æрласта техникæйы алыгъуызон хæйттæ. Æгæрон бузныг иу дзы фесты, ивæн хæйттæ агурæг-иу æм чи бацыдысты æмæ-иу йæ къух кæмæн сарæзта, уыдон.

Кæцæй æмæ кæцæй нæ цыдысты уæд Муратмæ. Цхинвалы асфальтгæнæн заводы хуырæвгæнæн тракторæн сарæзта йæ турбонодув, йæ хъомысад ын фæфылдæр кодта æмæ дзы бузныгæй баззадысты. Уый фæстæ та бæстон цалцæг скодта Дзауы хæдзарады Т-130 маркæйы трактортæ. Уыцы хæдзарадты разамонджытæ зæгъгæ сæхæдæг цыдысты уыцы ивæн хæйтты æлхæнынмæ, уæд хæрдзтæ дывæр кæй уыдаиккой, уый æмбаргæйæ-иу фæбузныг сты Муратæй.

1995  Козаты Мурат Уелит-Куатетрийы зонæйы хорæфснайæнты хорз цæвиттон кæй равдыста,техникæ æнæкъуылымпы-йæ ифтонг кæй цыдысты, уый фæстиуæгæн уыцы аз уырдыгæй Цхинвалы хойрагисæн куыстуатмæ бацыд 1900 тоннæйы мæнæу æмæ 300 тоннæйы та – хор.  Мурат куыд зæгъы, афтæмæй Ксуисы МТС-ы куы куыста, уæд ыл уыд стыр план. Уый афæдзы дæргъы хъуамæ сцалцæг кодтаид 72 тракторы, 16 комбайны, 26 автомашинæйы. Ацы бынаты дæс азы дæргъы бакусгæйæ паддзахадмæ радта 100 тоннæйы æфсæйнаджы згъæлæнтæ, иууыл иумæ та, алы æмæ алы бынæтты кусгæйæ – 3700 тоннæйы.  Йæ куыстæн алыхатт дæр уыдис хорз фæстиуæг.

Уый фæстæ Козайы фырт йæ куыст адарддæр кодта Хъæууонхæдзарады министрады механизацийы хайады æмæ дзы фæкуыста пенсийы ацæуыны бонмæ. Ныр та йæ професси – механизацийы дæсныйад, зæрдæбынæй амоны колледжы агрофакультеты ахуыргæнинæгтæн. Активон хайад исы нæ горæты ветеранты царды.

 

ССИС ÆМБÆЛОН ХОРЗÆХТЫ АККАГ

Нæ республикæйы хъæууонхæдзарадон кусджытæн стыр арфæйы аккаг кæй ссис, уый тыххæй Президенты Указæй Муратæн лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном. Уый хорзæхджын у “Хæлардзинады орденæй”, РХИ-йы сырæзтыл 25-азы сæххæсты майданæй, Уæрæсейы Федерацийы десантон æфсæдты сырæзтыл 90 азы сæххæстыл майданæй, Гуырдзыстоны хæсты сабырадмæ æркæныны тыххæй майданæй. Æрæджы та хорзæхджын æрцыд Хъазахъхъæгты Федералон службæйы хъæбатыры орденæй.

Амондджын у Мурат йæхи сæрмагонд царды дæр. Йæ цардæмбал Мæргъиты Зо-яимæ схъомыл кодтой æмæ царды рæсугъд фæндæгтыл бафтыдтой сæ æртæ чызджы.

Муратыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр барджынæй æмæ ныфсджынæй цæуы ныр дæр йæ куыстмæ. Уый у кæстæртыл аудæг, сæ амондыл тохгæнæг, æгъдау, фарныл сæ хъомылгæнæг æмæ зæрдæрухс уæд йæхи кæстæртæй æмæ уыдоны кæстæртæй дæр.

         БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.