Æрæджы, 75 азы сæххæст газет «Хурзæрин»-ы æнувыддæр кусджытæй сæ иу – Гуыцмæзты Евелинæйыл. Уыцы азтæй 55 азы батыдта йæ уарзон газеты кусгæйæ. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, адæймаджы цард æрмæст азтæй баргæ нæу. Уый баргæ у, йæ фæстæ, цахæм фæд уадзы адæмы ‘хсæн, йæхицæн цахæм ном скæны йæ ахастæй, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй.

Гуыцмæзты Евелинæйæн йæ цардвæндаг рæсугъд рауад æмæ йыл абон дæр афтæ рæсугъдæй цæуы. Рæсугъд та уымæн рауад æмæ арфæгонд фæцис адæймаджы цард рæсугъд кæнынæн æнæмæнг чи хъæуынц, ахæм æртæ хъуыддагæй – адæммæ йæ уарзон, хæлар ахаст, йæ дæсныйадыл æнувыддзинад æмæ бинонты, йæ кæстæр-ты хорздзинæдтæм кæсынæй.

Зын зæгъæн у йæ фæлмæн удыхъæд æрдзæй рахаста, æви хъомылады фæстиуæг у, фæлæ куыстмæ, йæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад мад гуыбынæй кæй рахаста, уый бæрæг у, йæ царды азтæй уал азы нæ республикæйы сæйраг газеты куыстæн кæй снывонд кодта, уымæй дæр. Бирæ рухс бæллицтæ уыд Евелинæмæ йе ‘рыгон азты, фæлæ уыдонæн куыд алы æвзонг адæймагæн, афтæ иууыл сæххæст кæнæн нæ уыди. Йæ зæрдæмæ æввахс лæууыд ахуыргæнæджы дæсныйад дæр, уарзта ахуырдзау фæсивæдимæ кусын æмæ скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты методикæйы факультетмæ. Йе ‘мгæртты ‘хсæн бæрæг дардта йæ хæрзæгъдау æмæ уагæй. Фæлæ йæ райсгæ дæсныйад æй йæ фæдыл нæ асайдта. Иу ахæмы газет «Хурзæрин»-ы бакаст хъусынгæнинаг, газетæн сæ корректор кæй хъæуы, уый тыххæй. Евелинæйæн, куыд ма загътам, мадæлон æвзаг мадау адджын кæй фæцис, уымæ гæсгæ йæ бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд. Æмæ йæ кæд стыр ныфс нæ уыд куыстмæ йæ райсынæй, уæддæр балæууыд газеты уæды сæйраг редактор Куымæридтаты Алыксандры раз. Цæстуарзон, фæлмæнзæрдæ хистæр Евелинæйы æрбацыды нысан куы базыдта, уæд æм райдыдта иу иннæйы фæдыл фарстатæ дæттын. Ныффыссын ын кодтой диктант æмæ дзы райгондæй баззадысты. Йæ фæстиуæг – райстой йæ куыстмæ.

Хорз бахъуыды кодта куыстмæ рацæуыны фыццаг бон дæр Евелинæ. Афтæ бон цыдис боны фæдыл æмæ æнусы æмбисæй фылдæр рæстæг баззадис фæстейæ. Бирæ азты фæкуыста корректорæй, стæй йæ раивтой секретары хæдивæджы бынатмæ æмæ ныр дæр кусы ацы бынаты.  Цы ног аз æрбалæудзæн уымæн 1-æм январы фыццаг боны фыццаг номыры рацыдыл æххæст кæны 100 азы æмæ уыдонæн се ‘мбис Евелинæ фæцыдис газетимæ иумæ, йæ хъысмæт газеты хъысмæтимæ бæтгæйæ. Уыцы азты мидæг ис Гуыцмæзты Евелинæйæн йе ‘мбаргæ, мидисджын цард.

Газеты куыст хæххон цæугæдонау змæлаг, тæлфаг у. Змæлын, тæлфын домы йæ кусджытæй дæр. Æмæ Евелинæйæн кæд йæ комкоммæ хæс нæ уыд уацхæссæджы куыст кæнын, уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ газеты фæрстыл фæзынынц йæ уацтæ дæр. Уыдон вæййынц æндæр æмæ æндæр темæтыл.

Бирæ азты дæргъы кусы Евелинæ газеты бæрон секретары хæдивæгæй. Бæрнон сты йæ хæстæ. Секретарь æмæ йæ хæдивджытæй кæнгæ у, сæйраджыдæр, газеты фæлгонц, йæ бакаст, æрмæджыты равæрд цахæм рауайдзæн æмæ нæ газеткæсæгмæ цахæмæй фæхæццæ уыдзæн, уый. Уыдонмæ хауы бирæбæрцæй куыст организаци кæныны фарст дæр. Уыцы хæстæ æххæст кæнынмæ, Евелинæ тынг хорз арæхсы. Ам ын йæ къух аразы йæ бирæ азты фæлтæрддзинад.

Ацы фæрнджын сылгоймаджы уæхсчытыл кæд сабыргай азтæ сæ уæз уадзынц, уæддæр цæуы йæ куыстмæ раздæрау, уæнгрогæй æххæст кæны йæ хæстæ.

Ирон периодикон мыхуыры раз йæ лæггæдты тыххæй Евелинæйæн лæвæрд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном. Хорзæхджын у бирæ кады грамотæтæй.

Алы адæймаджы царды дæр ахсджиаг у, кæимæ кусай, æрвылбон дæ куыстуаты кæимæ æмбæлай, уыцы адæймаг дын хионау адджын æмæ зынаргъ куы уа. Царды æмæ куысты иумæйаг фарстытыл демæ æмсагъæсгæнæг куы уа, дæ циндзинадыл дын цин кæнын куы фæраза, дæ хъыгыл та – хъыг, уæд уый стыр амонд у. Уыцы хорздзинадæй хайджын сты нæ газеты кусджытæ, уыдонимæ Евелинæ дæр. Уый дын канд куысты тыххæй нæ, фæлæ царды раст уынаффæ чи бакæндзæн, у ахæм куырыхон хистæр. Адæймаг хæларзæрдæ, цæстуарзон, æгъдауæй æмæ æфсармæй æххæст куы уа, уæд йæ уды рæсугъддзинадæй хай-джын кæны йæ алыварс адæмы дæр. Мæ зæрдыл амæлæтыл бонмæ бадардтон иу хабар: сæрдыгон улæфт бонты-иу арæх ацыдыстæм æрдзы хъæбысмæ, хи аирхæфсынмæ. Нæ кусджытæй алчи дæр зоны Евелинæйы диссаджы армы конд. У кæрдзындæттон, йæ армы тъæпæн фынгæн дары, йæ уазæгуарзондзинад дæр нын хорз зындгонд у. Уыцы бон дæр та дзадджын уæливыхтæ скæнынмæ нæ базивæг кодта. Фæллад у ныр, зæгъгæ йын фæтæригъæд кодтон æмæ мæхи хæриангаразæг фæкодтон. Уæд газеты сæйраг редактор Харебаты Леонид уыд. Мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай. Коллективмæ каст иугъуызон цæстæй, нæ сæ дихтæ кодта, афтæмæй сæ кæрæдзиимæ æнгом кодта. Иудзырдæй, мæ хæринаг æрдæгарæзт куы уыд, уæд ма йæм хъуыд дон афтауын. Мæнæн дыууæ литруат арахъхъы мигæнæн донимæ фæивддзаг æмæ йыл æй ауагътон. Мæ хуыз аныхъуырдтон, фефсæрмы дæн коллективæй, Леонидæй. Хабар куы базыдтой, уæд хъыпсыпп ничиуал скодта, æрмæст Леонид мæстыйæ афарста: «Чи уæ уыд?». Уæд Евелинæ хъæрæй сдзырдта: «Æз, æз уыдтæн…». Уый ницыуал сдзырдта, фæстæмæ фездæхт. Фырдиссагæй нал фæцарæхстæн, уый аххосджын кæй нæ уыд, уый зæгъынмæ дæр. Фыртыхстæй ме ‘взаг мæ комы нал арæхст. Æрмæст уыцы хъуыддагæй дæр бæрæг у Евелинæйы стыр адæймагдзинад. Зоны дæ тыхсты, дæ цины, дæ фарсмæ æрбалæууын.

Евелинæ царды сабыр, уæздан, хиуылхæцгæ сылгоймаг у, фæлæ йæм юмор тынг бирæ ис. Иу хатт, 1-æм апрелы, сайæн боны, асинтæм æввахс лæугæйæ, куыстмæ чи цыдис, уыдон радгай фервыста редактормæ. Фæстаг та æз разындтæн… бахæ-цыдтæн редакторы кабинеты дуарыл. Леонид газетмæ æрмæджытæ кæсы, æмæ йæ сæрыл хæрдмæ дæр нæ хæцы. Стыхстæн, æмырæй йæ разы лæууын… Кæддæр, кæддæр мæм скаст, йæ мидбылты бахудт æмæ мын афтæ: «Чи дæ фæсайдта?». Æз цæхгæр фæзылдтæн æмæ федтæдуар дæн мæстыйæ.

Гъе, ахæм у нæхи Еве.

Евелинæ канд арæхстджын кусæг æмæ уарзон æмкусæг нæу газеты кусджытæн, фæлæ ма у бафæзминаг ныййарæг æмæ уарзæгой, фæлмæнзæрдæ нана дæр. 43 азы размæ фарны къах бавæрдта Дзауы районы Танделты хъæуы цæрæг, кусаг æмæ хорз адæймаг Джергаты Муссæйы хæдзармæ. Кæрæдзи æмбаргæйæ сын бантыст хъарм бинонтæ саразын, схъомыл кодтой сæхи хуызæн æгъдауджын, бафæзминаг, бонзонгæ æртæ чызджы. Хистæр чызг Аллæ у хорз журналист, кусы газет «Южная Осетия»-йы культурæйы хайады редакторæй, астæуккаг чызг Альдæ та у юрист, кусы æмæ йæ фæллойадон архайд кæны Пермы горæты. Ахуыр дæр фæцис уым. Кæстæр – Дзерассæ та каст фæцис нæхи университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ йæ куыст сбаста республикæйы Хъахъхъæнынады министрадимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ се ‘ртæ дæр уæлдæр ахуыртæ каст кæй фесты сырх дипломтыл.

Евелинæ зоны хæстæгыл, хионыл баузæлын. Адджынæй фæцард йæ цыппар ходыгъд æмæ йæ тиуимæ, йæ зæронд æфсинимæ. Уый нæ, фæлæ ма стыр лæггад бакодта сæ дæрддаг уатон рынчын усæн дæр. Хæрдцух, зылдцух æй нæ уагъта. Зоны сыхаг, æмкусæджы барæвдауын дæр.

Евелинæ йæ цард, рæсугъд, бафæзминагæй кæй аразы, йæ алы сныхас, фезмæлдæй дæр адæймагыл базыртæ кæй асадзы, уымæн ын аргъ кæнæм мах, йе ‘мкусджытæ.

Цард ахæм сылгоймæгтæй кæны мидисджындæр æмæ цымыдисондæр. Æмæ йын арфæ кæнæм йæ юбилейы æмæ ма афтæ æмæ Дзыллон информацийы фæрæзты боны цытæн дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.