Аразæджы куыстæн царды ис стыр нынаниуæг æмæ алыхатт дæр у хъæуæг дæсныйад. Ацы профессийы адæймæгты фæр-цы адæймаджы цардæн арæзт цæуынц комфортон уавæртæ. Аразæджы къухтæй арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ, скъолаты æмæ сабидæтты, культурæйы, спорткомплексты бæстыхæйттæ, улæфæн зонæтæ æмæ бирæ æндæр объекттæ.

Хуссар Ирыстоны аразæджы дæсныйадæн уæлдай стырдæр нысаниуæг ис, уæлдай актуалондæр у, 2008 азы августы тугуарæн хæсты фæстæ. Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны фæстæ адæм ныккæндтæй куы рахызтысты, уæд сæ цæстытыл нæ баууæндыдысты. Нæ уарзон хæстæфхæрд горæт иууылдæр уыд пырхæнты бын, ахæм цæрæн хæдзар, инфраструктурон объект нал баззад, кæцыйыл хæст йæ уæззау фæд нæ ныууагъта. Хъуыд æвæстиатæй,  куыд адæмы зæрдæты, афтæ хæдзæртты хъæдгæмттæ дæр гас кæнын. Не взонг республикæмæ бирæ фæсарæйнаг кусджытæ æрцыд, фæлæ дæхæдæг куыд батыхсай арæзтадон объектты гъæдыл, афтæ æрцæуæггæгтæ кæцæй батыхсдзысты. Æмæ нæм уæд фæзынд нæхи арæзтадон компанитæ. Уыцы компанитæй сæ иу у «Престиж», кæцы арæзт æрцыд 2009 азы декабры мæйы. Ныр 13 азы дæргъы компани æххæст кæны алыгъуызон арæзтадон куыстытæ. Компанийы æххæстгæнæг директор у Беппиты Инал.

Уый райгуырд горæт Цхинвалы. Каст фæцис нæ горæты 5-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПУ-йы «Автомобиль и автомобильное хозяйство»-йы факультеты. Райста инженер-механикы дæсныйад. «2008 азы августы хæсты рæстæджы нæ горæты бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты æмæ дзы кæй ногæй аразын хъуыд æмæ кæй та фæстæмæ сæндидзын кæнын. Мæ Райгуырæн бæстæйæн исты пайда æрхæссыны тыххæй 2009 азы декабры мæйы бакодтон сæрмагонд арæзтадон компани «Престиж», зæгъгæ. Компанийы дарддæр хъуыд кусын кæнын æмæ амæлттæ кодтон. Арæзтадон куыстытæ фылдæр бæрцæй æххæст кодтам индивидуалон объектты. Уыдонæй бирæтæ уыдысты æрдæгарæзт, (райдыдтой-иу сæ æндæр кампанитæ, фæлæ-иу сæ кæронмæ нæ фесты) нæ компанийы кусджытæ сыл зылдысты æмæ сæ кæронмæ арæзтой паддзахадон унитарон арæзтадон куыстуаты закъазмæ гæсгæ», – радзырдта Беппиты Инал.

«Престиж»-ы æххæстгæнæг директоры  ныхæстæм гæсгæ, кæронмæ сарæзтой Къуайсайы уынджы 6-фатерон хæдзар, 8-æм июны уынджы 4-æм фæзилæны хисæрмагонд хæдзар, Ленины уынджы 120, Коцойы фырты уынджы 120-æм хæдзæрттæ æмæ бирæ æндæр объекттæ. Цхинвалы цæрæнуат сæндидзын кæныны фæдыл управлени куы сырæзт, уæд уыдон закъазмæ гæсгæ та Æхслебы хъæуы кæронмæ сарæзтой Цхуырбаты бинонты æрдæгарæзт дыууæуæладзыгон хæдзар, афтæ ма раивтой цæрæн хæдзæртты, бирæуæладзыгон корпусты æмæ æндæр объектты æмбæрзтытæ. Æгуыст никуы вæййынц, алыхатт дæр сын вæййы фаг закъазтæ. Сæ куыстмæ сын фау ничи æрхæссы.

2016 азы сарæзтой нæ горæты гыццыл базар кæй хонынц, уый. Ацы объекты сæххæст кодтой, проектмæ гæсгæ сын цы куыстытæ уыд, уыдон иууылдæр. 2015 азы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы сарæзтой иууæладзыгон астæуккаг скъола. Афтæ ма Беппийы фырты дæлбар арæзтадон компани сарæзта нæ горæты Суворовы уынджы сывæллæтты рæвдауæндон, кæронмæ арæзтадон куыстытæ сæххæст кодтой Ленингоры поселочы уырыссаг скъолайы бæстыхайы (уыдоны размæ йæ арæзта æндæр арæзтадон компани) æмæ бирæ æндæр объекттæ. Беппиты Иналы арæзтадон компани ифтонг у арæзтадон техникæйæ, ис сын арæзтадон крантæ, трактор æмæ æндæр техникæ. Йæ дæлбар объектты кусджытимæ саразы фæллойадон сразыдзинæдтæ æмæ дзы уыдон алыхатт дæр баззайынц райгондæй.

«Ныртæккæ кусæм Знауыры районы Бехъмары хъæуы Культурæйы хæдзары арæзтадыл, кæцы уыдзæн иууæладзыгон бæстыхай. Афтæ ма йæ фарсмæ та сараздзыстæм спортивон зал. Ныридæгæн бæстыхайæн ныккалдтам бындур æмæ йын кусджытæ æрæвнæлдтой йæ систæ амайынмæ. Ацы объект у Знауыры районы администрацийы закъаз. Ныфс нæ ис, куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр арæзтадон куыстытæ кæй сæххæст кæндзыстæм гъæдджынæй. Финансон фæрæзтимæ нын проблемæтæ куынæ уа, уæд объект арæзт æрцæудзæн графикмæ гæсгæ», – банысан кодта Беппиты Инал.

Инал хæрзчысылæй бауарзта аразæджы професси. Йæ ныййарджытæ Беппиты Юри æмæ Бестауты Фаризæт сæ сывæллæттæн бауарзын кодтой фæллой кæнын æмæ сæ афтæмæй бафтыдтой царды раст фæндагыл. Æвæццæгæн, гентæ дæр сæхиуон бакодтой Иналы ахасты. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Иналы фыд Юри уыд  къухджын адæймаг, кодта хъæдæрмæджы куыст дæр. Бирæ сты, уый рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ æндæр хъæдын хæдзарон дзаумæттæ кæмæн сарæзта, уыцы адæм. Инал дæр-иу ын æххуыс кодта æмæ афтæ-мæй хæрзчысылæй фæцайдагъ фæллой кæныныл. Йæ мад Бестауты чызг та рæхсы хуыйынмæ, бирæ азты дæргъы фæллой кодта нæ горæты хуыйæн фабрикæйы.

Беппийы фырт йæ цардæмбал Плиты Ландæимæ хъомыл кæнынц цыппар фырты – Юри, Руслан, Георги æмæ Тимуры. Æртæ хистæры ахуыр кæнынц нæ горæты гимнази «Рухс»-ы. Сæ кæстæр фырт нырма сабидонмæ цæуы. Инал æмæ йæ цардæмбал сæ цоты дæр чысылтæй ахуыр кæнынц фæллой кæныныл, æфтауынц сæ царды раст фæндагыл, цæмæй сомбоны æхсæнады аккаг бынат æрцахсой. Сæ хурæй æфсæст уæд!

Абон Хуссар Ирыстоны аразджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Нæ редакцийы коллектив дæр арфæ кæны нæ республикæйы æппæт аразджытæн, нæ зæрдæ сын зæгъы æнæниздзинад, амонд. Уæ бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.