Æнтыстджын дохтыр суæвын алы адæймаджы къухы нæ бафты. Фидæны дохтыр хъуамæ уа ахæм миниуджыты хицау, куыд удуæлдайдзинад, хиуылхæцындзинад, хæларзæрдæдзинад, æмæ уыцы-иу рæстæджы та хъуамæ уа фæндвидар, цыбыр рæстæгмæ уынаффæтæ исынхъом æмæ бæрнджын адæймаг. Уый хъуамæ уа йæ хъуыддагыл æнувыд, йæ профессийы ахсджиагдзинад æмæ серьезондзинад чи æмбары, зындзинæдтæй чи нæ тæрсы, ахæм адæймаг.

Дохтыры ахæм миниуджытæй хайджын у Республикон медицинон бирæпрофилон рынчындоны Гуырæн хæдзары Сылгоймæгты консультацийы ультразæлон диагностикæйы кабинеты дохтыр Къусраты Алинæ.

Ныры дуджы ультразæлон диагностикæйы професси тынг ахсджиаг у. Адæймаг дохтырмæ куы бацæуы, анализтæ æмæ æндæр бæрæггæнæнтæй куы сбæрæг вæййы иу кæннæ иннæ низы хатт, уæд æй уæддæр бахъæуы ахæм специалисты æххуыс, куыд ультразæлон диагностикæйы дохтыр. Уыдон адæймаджы организмы сбæрæг кæнынц низы хатт, цæмæй адæймагæн схос кæныны тыххæй дарддæр йæ хосгæнæг дохтыр зона, цы къахдзæфтæ хъуамæ сараза, уый. Ультразæлон диагностикæйы дохтыр у егъау профессионал, уый хъуамæ зона адæймаджы организмы системæйы æппæт патологиты тыххæй. Ацы професси домы серьезон зонындзинæдтæ æмæ куыстуарзондзинад.

Алинæ райгуырд Советон Гуырдзыстоны горæт Гуры 1983 азы. 1990-æм азты гуырдзиаг-ирон хæст куы райдыдта, уæд Алинæйы бинонты бахъуыд Дзæуджыхъæумæ алидзыны сæр. Уым каст фæцис 7-æм астæуккаг скъола англисаг æвзаджы здæхтимæ. Скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академимæ хосгæнæн факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 2008 азы. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд ординатурæмæ акушер-гинекологийы хаххыл æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 2010 азы. Уый фæстæ ацыд  Мæскуымæ Бурназяны номыл Федералон медицинон биофи-зиологон центры  ультразæлон диагностикæйы дæсныйад сахуыр кæнынмæ. Каст æй фæцис 2011 азы æмæ  кусын райдыдта Мæскуыйы сæрмагонд медицинон центры.   Къусраты Алинæ ацы къабазы Уæрæсейы бакуыста 6 азы бæрц æмæ курдиатджын чызг райста егъау фæлтæрддзинад. Æвзонг дохтыры хорз ном уайтагъд айхъуыст æмæ-иу йæ кабинеты раз рады слæууыдысты тыхст уавæры бахауæг адæймæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хорз куысты тыххæй базыдта центры къухдариуæгад дæр æмæ 2011 азы август æмæ ноябры мæйты дыууæ хатты хорзæхджын æрцыд «Медицинон офисы хуыздæр дохтыр»-ы Кады грамотæтæй. Йæ хорз куысты тыххæй ма йын ацы хорзæх лæвæрд æрцыд 2015 азы апрелы мæйы дæр.

Къусраты чызг 2017 азы æрцыд Цхинвалмæ æмæ йæ дæсныйадыл кусын райдыдта сывæллæтты рынчындоны. Уыд ахæм цау, цæвиттон, чысыл лæппу ахауд велосипедæй, æмæ æнафоны бахаудта рынчындонмæ. Алинæ йын сæвæрдта раст диагноз, уатайгъд æй базыдта, лæппуйæн йæ ахсæн кæй аскъуыд, уый, æмæ йын тагъдыл операци сарæзтой. Лæппуйы би-нонтæ æмæ рынчындоны къухдариуæгад райгондæй баззадысты Алинæйæ. Уый тыххæй йæ рынчындоны раздæры сæйраг дохтыр Кокойты Маирбег схорзæхджын кодта Бузныджы фыстæгæй. Æмæ цал æмæ цал тыхст адæймагæн баххуыс кодта ацы зæрдæхæлар дохтыр, уыдон чи фæнымайдзæнис.

2020 азы ног гуырæн хæдзар куы байгом, уæд Алинæ кусынмæ рахызт уырдæм ультразæлон диагностикæйы дохтырæй.

Уый кæд Цхинвалы гуырæн хæдзары цъус рæстæг йедтæмæ нæ кусы, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, йæ фæлмæн ахаст æмæ ныхасæй адæмыл аудындзинадæй стыр кад æмæ уарзондзинад скодта йæхицæн. Алинæ кæд гуырæн хæдзары кусы, уæддæр «нæ» нæ зæгъы, уымæ чи нæ фæхауы, ахæм тыхст адæймагæн, райсы йæ, байхъусы йæм лæмбынæг æмæ йын саразы ультразæлон диагностикæ.

Йæ пациенттæй иу афтæ зæгъы, зæгъгæ, фæкатай кæнын мæ низы хатты тых-хæй, фæлæ Алинæмæ куы бацæуын, уæд мæ низ фæрогдæр вæййы. Уый у ахæм дох-тыр, кæцы хос кæны дзыхы ныхасæй дæр. Стæй мын ахæм ныфсытæ авæры, æмæ адæймагæн йæ зæрдæйы уаг фæхуыздæр вæййы.

Йæ иннæ пациент та зæгъы, зæгъгæ, Алинæ у йæ хъуыддаджы æцæг дæсны. Кæд медицинæйы терминтæн бирæ ницы æмбарын, уæддæр мын сæ афтæ райхалы, æмæ сæ æнцонтæй бамбарын.

«Мæ низы хатты тыххæй сарæзтон алыгъуызон анализтæ æмæ мын дохтыр загъта, зæгъгæ дæ хъæуы хос кæнын. Æз цалдæр боны дæргъы мæхимæ ныхъуыстон. Стæй мын мæ чызг загъта, цæмæй бацæуон Алинæмæ ультразæлон диагностикæ саразынмæ. Сразы дæн йæ фæндыл, æмæ мæ зæрдæйы уаг уайтагъд фæхуыздæр. Курдиатджын дохтыр мæ лæмбынæг басгæрста æмæ мын загъта, зæгъгæ дын се-рьезонæй ницы низ ис. Стыр бузныг дзы фæдæн», – загъта мын ме ‘мкусджытæй сæ иу.

«Специализаци ахуыр кæныны рæстæджы æз бамбæрстон, ныртæккæ медицинæйы иууыл цымыдисондæр кæй у адæймаджы организм æнæактивон архайдтытæй уынын. Ультразæл у диссаг, уæлдайдæр та – æвгъæдджын сылгоймæгтыл куы дзурæм, уæд. Фыццаг рады æз фенын ног цард, уый у ахæм æнкъарæн, кæцыйæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Æз афтæ нымайын æмæ мæ цард у æнтыстджын, уымæн æмæ кусын мæ уарзон дæсныйадыл», – зæгъы Алинæ.

Æвзонг дохтыр йæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй ацæуы Уæрæсемæ алыгъуызон мадзæлттæм. Хæрзæрæджы дæр та Алинæ уыд Мæскуыйы, цыран хайад райста XXII Æппæтуæрæсейон зонадон-ахуырадон форум «Мать и дитя-2021». Къусраты чызг у хорз ныййарæг, хорз хъæбул æмæ хъæбулы хъæбул. Уый уарзы йæ дада æмæ нанайы æмæ сын  кæны уарзæгой хъæбулы лæггад.

Ныртæккæйы уæззау æмæ æгъатыр  дуджы тынг ахсджиаг у, не ‘хсæнады ахæм цæттæ специалисттæ æмæ хорз адæймæгтæ кæй уæвынад кæнынц, уый. Растдæр ахæм адæймæгты фæрцы адæймаджы бауырны, нæ фидæн хорз кæй уыдзæн, уый. Алинæ, нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, æнтыстытæ, царды хорздзинæдтæй хайджын у. Уадз, абоны бон дын адæмы ‘хсæн цы кад æмæ уарзондзинад ис, уый бирæ азты дæргъы демæ æмдзу кæнæд! Хуыцау дын фылдæр тыхтæ радтæд дæ ахсджиаг профессийы.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.