Зӕхкусӕгӕн фӕстаг рӕстӕджы иууыл тынгдӕр зиан чи хӕссынц, уыдонмӕ ахӕссын хъӕуы, морӕгъуыз хъæндил кӕй хонынц, уый. Ацы хъæндил нӕдӕр джыбытӕм ӕмӕ нӕдӕр уырынгонтӕм хауы. Цахæм культурæтæн разнаггад кӕны, стӕй йӕ скуынӕг кӕныны тыххӕй цы мадзӕлттӕ райсын хъӕуы, уыдæтты тыххӕй нын радзырдта республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрады фосдард ӕмӕ ветеринарийы хайады сӕйраг специалист Лолаты Владимир.

– Ацы хъæндил Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы территоритӕм ӕрбафтыд Гуырдзыстонӕй, уыдонмӕ та Америкӕ ӕмӕ Евроцӕдисы хицӕн бӕстӕтӕй ӕмӕ сӕ нысан у, цӕмӕй нын бындзарӕй куынӕг кӕна нӕ иуӕй-иу хъӕууонхӕдзарадон культурӕты. Афтӕ куы уа, уӕд уыдонӕн та уыдзӕн сӕхи ӕркӕнгӕ продукци мах базӕртты реализаци кӕныны фадат. Цӕвиттон, Абхазы республикӕйы фӕзынд 3-4 азы размӕ, уӕд ӕм сӕ хъус не ‘рдардтой ӕмӕ сын ӕгӕрон зиан ракодта сӕ цитрустӕн. Ацы хъæндил нӕдӕр низӕфтауӕг у ӕмӕ нӕдӕр йӕ парахатгӕнӕг. Уый адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл ӕппӕрццагӕй не ‘ндавы, фӕлӕ йын стыр знаггад ракӕны, цӕуыл фӕфыдӕбон кӕны афӕдзы дӕргъы, уыцы дыргъдӕттӕ ӕмӕ помидоры хуымтӕн.

Хуссар Ирыстоны уалдзӕгӕй суанг фӕззӕгмӕ хъарм бонтӕ аххӕссы ӕмӕ ахӕм уавӕрты ӕртӕ хатты кӕны цот. Фыццаг цот  ракæны апрель – майы мӕйты ӕмӕ ӕрӕфтауы 24-30 айчы. Дыккаг – июль-августы мӕйты ӕмӕ ӕртыккаг хатт та- сентябрь-октябры мӕйты. Зӕгъын хъӕуы, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг хатт цы ӕйчытӕ ӕрӕфтауы, уыдон вӕййынц къаддӕр, фӕлӕ уӕддӕр фаг вӕййынц знаггад ракӕнынӕн. Кӕй ӕрӕфтауы, уыдон вӕййынц дыргъбӕлас кӕнӕ помидоры сыфтӕрты чъылдымыл, рацӕуы сæ лӕппынтӕ ӕмӕ сӕ хуыз ивынц фондз хатты. Цыппӕрӕм ивды фӕстӕ свӕййы хъомыл, ома 35-40 боны фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр райдайы ӕйчытӕ ӕфтауын. Иугӕр куы фӕуазӕлттӕ кӕны, уӕд та ӕрбынат кӕны, адӕймаг йӕхӕдӕг кӕм цӕры, уыцы хъарм бынӕтты: пъолы, къулы хуынчъыты ӕмӕ дзы фӕвӕййы, цалынмӕ хур дзӕбӕр ӕрбандавы, уӕдмӕ. Цалынмӕ сӕ ахстӕттӕй нӕ ратахтысты, уӕдмӕ та бацархайын хъӕудзӕн се скуынӕг кӕныныл. Уыцы нысанæн нӕ Хицауад радих кодта 700 мин сомы хостӕн, цӕмӕй сын сӕ бынӕттӕ бапырх кӕной ӕмӕ куынӕг ӕрцӕуой. Уыдӕттӕ хорз сты, фӕлӕ уыцы карз хостӕ дыргътӕм куы бахауой, уӕд адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл дӕр бандавдзысты мӕгуырауӕрдӕм. Уымӕ гӕсгӕ иууыл эффективондӕр у, уыдон къухӕй уидзын, Абхазы дӕр ахӕм механикон методӕй пайда кӕнынц. Уымӕй дарддӕр ма нӕ хуымзӕххытӕ сты 14 мин гектары, уыдонӕн се ‘ртыццаг хай дӕр куыст не ‘рцæуынц. Уыцы бынӕтты та фæхизынц фос æмæ хостӕй куы спайда кӕнӕм, уӕд мӕгуырауӕрдӕм бандавдзӕн се ‘нӕниздзинадыл, стӕй сӕ продукцийы гъӕдыл дӕр.

Морӕгъуыз хъæндилы ныхмӕ ахадӕн мадзӕлттӕ исыны тыххӕй Хъӕууон хӕдзарады ӕртӕ хайады стыр куыст кӕнынц. Ивгъуыд аз ацы-дысты Синагур, Карзманы хъӕутӕм ӕмӕ сын баххуыс кодтой се скуынӕг кӕнынӕн. Рӕхджы ацӕудзысты Знауыр ӕмӕ Цхинвалы районтӕм дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.