Зӕронд арынгӕн йӕ аппарыны рӕстӕг куы ‘рцӕуы, зыхъыртӕ агурын дзы уӕд райдайынц – уӕд бинонтӕн сӕ къӕрта дӕр уый аххосӕй райдайы мизын, сӕ хӕндыг дӕр уый аххосӕй ахъуызы…

Уӕдӕ ӕндӕр куыд бамбарӕн ис, Дзабиты Зарбеджы уац «Не взаг, не ‘гъдӕуттӕ!!!» цы хъаугъа расайдта, уымӕн?.. 2016 азы фыстӕрцӕуӕг ӕрмӕг, дам, газеты куыд ныммыхуыр кодтай?… О, Хуыцау, ма мӕ фесаф! Цы хуызы ма йӕ бамбарын кӕнон, газетон ӕрмӕгӕн информацион нысаниуӕг  куынӕ уа, уӕд, кӕд фыст ӕрцыд, уый бынтондӕр ницы давы. Науӕд, фыццаг хатт уыд нӕ газеты дыууӕфарсон ӕнӕразыдзинад расайӕг полемикӕ? Нал ӕй хъуыды кӕнут нӕ газетты-иу мӕйгӕйтты, афӕдзгӕйтты президент ӕмӕ парламенты сӕрдары, гъе та хицауады сӕрдары ‘хсӕн полемикон тохы йедтӕмӕ бафӕрсинаг куы ницы уыди?.. Афтӕ – номырӕй-номырмӕ, мӕйӕ-мӕймӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ… Науӕд, нӕ газеты ӕмбай Ирыстоны хуссар хайы дур куы нал баззад, уӕд дзы фыццаг хатт ӕрцыд мыхуыр ӕнӕредакцигонд уац?!. Кӕнӕ, газеты фӕстаг фарсыл бынӕй цы фыст ис – «нӕ газеты мыхуыргонд ӕрмӕджыты фактты тыххӕй бӕрндзинад хӕссынц автортӕ» – уый ныры онг ничи федта? Æмӕ кӕд раст нӕу, кӕд нӕ хъӕуы, уӕд ӕй ныры онг цӕмӕннӕ исчи аивта? Стӕй  кӕд афтӕ раст нӕу, уӕд ахӕм фыст цӕмӕн ис ӕндӕр газеттыл дӕр?!. Зӕгъӕм, газет «Южная Осетия»-йы фӕстаг фарсыл фыст ис: «За достоверность фактов ответственность несут авторы статей. Их мнение может не совпадать с позицией редакции». «Хурзӕрин»-ӕн йӕ хистӕр ӕфсымӕр, Цӕгат Ирыстоны республикон адӕмон газет «Рӕстдзинад»-ыл та – «Газеты цы ӕрмӕджытӕ рацӕуа, уыдоныл бӕрндзинад хӕссынц сӕ автортӕ».

Мах ма Дзабийы-фырты уацы бын, ӕгӕрыстӕмӕй, афтӕ дӕр ныффыстам: «Бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ мыхуыр цӕуы фӕцыбыргондӕй, фӕлӕ ӕнӕредакцигон-дӕй»… Ома, авторы позицийы тыххӕй редакци йӕхимӕ бӕрндзинад нӕ исы. Ахӕм практикӕ уыд, ис ӕмӕ уыдзӕн кӕддӕ-риддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр.

Фӕлӕ нӕ ныр цыма арвы дуар фегом – ныр ӕрцыд, незаманты тӕригъӕдтӕ дӕр  нырыккон фыдбылызтимӕ кӕм сиу сты, ахӕм ӕбуалгъы диссаг ӕмӕ газеты сӕйраг редакторыл йӕ коллективы раз (!) афтӕ балӕгӕрдын хъӕуы, ӕрмӕст  редакцийӕ нӕ – йӕ сӕр Ирыстонӕй дӕр куыд фесафа!..

Йе ‘рцыдмӕ дзӕбӕх, ӕнӕнизӕй цӕрут, газеты раздӕры редактортӕй сӕ иу, не стыр поэт ӕмӕ публицист Дзуццаты Хадзы-Мурат газеты сӕрмагонд  рубрикӕ дӕр бакодта – «Алыгъуызон адӕймӕгтӕ – алыгъуызон хъуыдытӕ». Æнӕниз ӕхсӕнад саразӕн, дам, ӕрмӕстдӕр ӕргом дзырды фӕрцы ис, алкӕмӕн дӕр  цы у, уый равдисыны фадат ратгӕйӕ.

Æмӕ нӕ газеткӕсджыты кадавар нымӕц хынцгӕйӕ та махмӕ ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Бафӕлвар ӕмӕ Дзабиты Зарбегӕн уа ӕви ӕндӕр искӕмӕн иу хатт, дыууӕ хатты йӕ «шедевр» ма ныммыхуыр кӕн! Уӕд хъуамӕ а-бӕстаг дон мауал баназай! Автортӕн ма сӕхи кой чи кӕны – сӕ хӕстӕджытӕ, сӕ зонгӕтӕ дӕр дӕм райдайдзысты лӕбурын. Фидис дын кӕндзысты, къуырмайӕ, ницымбарӕгӕй дӕ тондзысты. Æртхъи-рӕнтӕ кӕндзысты, сыгъд, дам, ссӕуӕд ахӕм газетыл, нал, дам, ӕй рафысдзыстӕм ӕмӕ, дам, ӕй нӕ зонгӕтӕн дӕр нал бауаддзыстӕм рафыссын… Иууыл риссагдӕр та цы вӕййы: хӕлӕг, дам, ын кӕныс йӕ курдиатмӕ, ӕмӕ, дам, ын уый тыххӕй нӕ мыхуыр кӕныс йе ‘рмӕг… Æмӕ уӕд цы хъуамӕ бакӕнай? Хъуамӕ искуыдӕй-искуыдмӕ ныммыхуыр кӕнай, «хӕлӕгӕй кӕй тыххӕй мӕлыс, уыцы ӕрмӕджытӕй истытӕ, цӕмӕй адӕм феной, чи цы у, чи цӕмӕй улӕфы – «радавинаг» ӕмӕ «хӕлӕггагӕй» кӕмӕ цы ис, уыдӕттӕ.

Ахӕм проблемӕ мын Зарбегимӕ фыццаг хатт нӕй, уартӕ нӕуӕдзӕм азӕй фӕстӕмӕ дӕн уынгӕджы – цыфӕнды дӕм ма ‘рбахӕсса, хъуамӕ дӕ бафӕдзӕхса: «Иу ныхас дӕр дзы куыднӕ аппарай». Йӕхи загъдау, цыфӕнды амтъӕпп-уымтъӕппытӕй фыст куы уа, уӕддӕр! Æмӕ дӕ сӕрыл ныххӕцай –  дӕ зӕрдӕ риуы фӕрчытӕ хауы, дӕ зӕрдӕйыл ныххӕцай, уӕд та сӕр тоны фӕйнӕрдӕм… Цал ӕмӕ мӕ цал хатты бахаста къуыммӕ иу уацы тыххӕй, цы ран уӕхскуӕзӕй «бӕлвырд» кӕны, Зары ӕфцӕгыл нын нӕ сабитӕ, нӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕ зӕрӕдты ӕгъатырӕй чи ныццагъта, уыцы лӕгсырдтӕн сӕ фылдӕр хай, сӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ ирӕттӕ кӕй уыдысты… Куыд мӕгуыры бон мыл ныккодта, куыд ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ныммыхуыр кӕнон ахӕм цыдӕр? Цӕмӕй гуырдзы афтӕ зӕгъой: «А-а-а, уӕдӕ уӕ адӕмы уӕхӕдӕг ныццагътат ӕмӕ сӕ мах ӕфсон фӕкодтат»?..

Афтӕ ацы ӕнӕхайыры уацы тыххӕй дӕр! Цалдӕр мӕйы дӕргъы йын, йе ‘нтъыс-нӕг ӕндӕвдад быхсгӕйӕ, алы  хуызы дӕр ӕмбарын кодтон, раст кӕй нӕу, уый. Ирон ӕвзаг сӕфты къахыл кӕй ныллӕууыд, уый тыххӕй адӕмы цӕстытӕ куы къахай, донмӕ сӕ куы скъӕрай  ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕ донӕй куы здахай, уӕд дӕхӕдӕг хуымӕтӕджы растфыссынады нормӕтӕ уӕддӕр хъуамӕ зонай!.. «Кӕд архайӕм не ‘взаг сфидарыл, уӕд ма йыл иумиагӕй ӕрдзурӕм иумӕ, цоппайгӕнджытимӕ нӕ, нӕдӕр хицӕутты рӕзты сыллынджытӕ, хи ӕвдисӕн митӕ чи кӕны, уыдонимӕ, фӕлӕ йыл чи кусы, йӕ сырӕзтыл чи кусы, уыдонимӕ. Иу адӕймаг дыууӕ, ӕртӕ къамисы куыд хъуамӕ бада?». Исты дзы бамбӕрстай, зынаргъ газеткӕсӕг?..

Науӕд Гӕбӕраты Нугзар цы бар дары ирон ӕвзагмӕ дӕр ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттӕм дӕр! Уымӕй дӕр ӕй цы хуызы аххосджын кӕны: «Нӕ мӕгуырдзинады тыххӕй цас техникӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ иу ӕдылы Гӕбӕраты Нугзар ныууӕй кодта, нӕхицӕй йӕхи хуызӕттӕ чи уыдысты, уыдонимӕ». Фӕрсын ӕй, зӕгъын, ацы хъуыдыйад цы хуызӕн ирон ӕвзагӕй фыст у, уый кой нал кӕнын, фӕлӕ дӕм дохтыртӕ ӕмӕ прокуратурӕйӕ исты бӕлвырдгӕнӕн документтӕ ис, Гӕбӕраты Нугзар ӕдылы кӕй у, уый тыххӕй дӕр ӕмӕ медтехникӕ кӕй ныууӕй кодта, уый тыххӕй дӕр?.. Профессоры кадджын ном чи хӕссы, уый хъуамӕ уый бӕрц ма зона, цӕмӕй паддзахадон газеты искӕй «ӕдылы» схонай, уый тыххӕй дӕм дохтыртӕй официалон документ хъуамӕ уа?..

Кокойты Теймуразы тыххӕй – ноджы фыддӕр… Йӕ кой дзы уыд ӕртыккаг абзацы  ахӕм хуызы: «Кокойты Тему аст мин неологизмы куыд хъуамӕ бахӕсса, иронау фӕрсын нӕ зоны, йӕ цӕрӕнбонты йӕ хӕдзары ирон газет, ирон чиныг нӕ уыд, хӕдзары иронау нӕ дзуры». Зӕгъын, дзырд цӕуыл цӕуы, бамбарын ма мын ӕй кӕн – Кокойты Тему чи у, кӕнӕ аст мин неологизмы кӕдӕм хъуамӕ бахӕсса?.. Æмӕ, дам, нӕ университеты раздӕры ректор Кокойты Теймураз. Омӕ, мыл, зӕгъын, куыд уынгӕджы бон ныккодта – ӕз газеткӕсджытыл хӕдзари-хӕдзар хъуамӕ зилон ӕмӕ йӕ алкӕмӕн афтӕ ӕмбарын кӕнон?.. Æмӕ йӕм радтон фыссӕнгӕрзтӕ, цӕмӕй фӕбӕлвырддӕр кӕна, цы зӕгъын ӕй фӕнды, уый. Æмӕ ныффыста. Иу абзац… Æмӕ уый дӕр не средакци кодтон – зӕгъын, профессор у, фыссын мын йӕхӕдӕг хъуамӕ амона… Æмӕ уӕхӕдӕг федтат, зы-наргъ газеткӕсджытӕ, цы ныффыста, уый дӕр ӕмӕ йӕ… куыд ныффыста, уый дӕр…

Иу дзырдӕй, зӕгъинӕгтӕ – бирӕ, фӕлӕ сын сӕ фылдӕры тыххӕй Кокойты Теймураз йӕхӕдӕг бӕстонӕй ӕрдзырдта йӕ дзуап-пон уац «Мӕ дзуапп профессоргондӕн»-ы, ӕмӕ ма сыл лыстӕггай цы дзурон…

Æрмӕст… Гъа, иу уац, дунейы фыдбылызтӕ ма расайӕд, уый йедтӕмӕ зӕрдӕмӕ ныхъусыны хос нӕу, фӕлӕ дарддӕр куыд кӕндзыстӕм ӕмӕ цы кӕндзыстӕм, уый у сӕйраг сагъӕсы рахӕцӕн. Ам сӕйраг нӕдӕр Дзабиты Зарбег у, нӕдӕр, йӕ уацӕн ын рухсмӕ фӕндаг чи радта, уый – дзырд цӕуы нӕ иумӕйаг системӕйыл, бонӕй-бонвыддӕрмӕ цӕуӕг ӕхсӕнадон ахастытыл. Мӕгуыры дӕ-дӕ-дӕй ныккодта нӕ мыхуыры фӕрӕзтыл ӕмӕ уый хъуамӕ уаид нӕ дзуринӕгты сӕр. Раздӕр профессортӕ ӕмӕ сгуыхт журналисттӕ иугӕйттӕ уыдысты, ныр алчи дӕр профессор кӕнӕ сгуыхт журналист у! Æмӕ сӕ ныфс хӕссынц кӕуылфӕнды ӕмӕ цӕуылфӕнды фыссынмӕ дӕр. Сдзырд никӕмӕуал ис, йӕ аипп йӕ цӕстмӕ никӕмӕнуал бадардзынӕ. Бафӕлвар ӕмӕ искӕмӕн цыфӕнды фа-уинаг уац дӕр бафау! Хуыцауы цӕсты ӕхсидӕвтӕ стъысдзӕн, фидисты зӕй дыл рауаддзӕн. Æмӕ нӕ уый цӕмӕ ‘ркодта ӕмӕ кӕны, уый алчи дӕр уыны, фӕлӕ сындз тонын никӕй фӕнды. Йӕ куыст ирон ӕвзагыл чи нывӕнды, ахӕм профессор кӕнӕ сгуыхт журналист цы ныффысса, уымӕн, гӕнӕн ис мыхуыргӕнӕн ма уа исты бӕрӕг-бӕлвырд аххосӕгтӕм гӕсгӕ, фӕ-лӕ редакцикӕнинаг, ногӕй «хуымкӕнинаг» куыд хъуамӕ уа, уый ма исчи бамбарын кӕнӕд!.. Иу хъуыдыйад нывыл ныффыссын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ дӕр сгуыхт журналисттӕ ӕмӕ профессортӕ кӕм сты, уым ирон ӕвзаг дидинӕг куыднӕ акалдзӕн, цӕхӕртӕ куыднӕ скалдзӕн!

Уӕдӕ ӕмӕ, цалынмӕ нӕ байрӕджы, цалынмӕ бынтон нӕ сихсыдыстӕм, уӕдмӕ бавдӕлӕм, бадӕлӕ-уӕлӕ кӕнӕм ӕмӕ иу зонадон ӕви ӕхсӕнадон къамис саразӕм. Æмӕ ногӕй ӕркӕсӕм, сӕ фырбирӕйӕ аргъ кӕмӕн нал ис ӕмӕ цӕсты чи нал ахады, уыцы алыгъуызон сгуыхт нӕмттӕ ӕмӕ хъӕргӕнаг титултӕм, науӕд сӕ быны фестӕм.

Ехх, уый афтӕ – мӕстджын дзураг кӕй у, уый тыххӕй, ӕндӕра… Æгӕр дӕр ма нын байрӕджы, фыдбылызхӕссӕг царды цалх ӕгӕр дард атылд…

Цӕй, кӕронбӕттӕны скӕнон, ацы уац фыссын мӕ цӕй охыл бахъуыд, уый кой дӕр. Кокойты Теймуразӕй, дам, хатыр ракур. Кокойты Теймуразӕй мӕ хатыр курыны сӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Кокойты Теймуразы ӕмвӕзад бынтон ӕндӕр у – уый йӕ тынг хорз бамбӕрста, мӕн аххос дзы кӕй ницы ис, уый. Кӕд искӕмӕй хатыр ракурын хъӕуы, уӕддӕр, политикон интригӕтӕ кӕй не ‘ндавынц, тыхлӕмӕрст патриотикон цӕлхъытӕ кӕй нӕ хъӕуынц, уыдонӕй, ирон газет ӕрмӕстдӕр ирон дзырдмӕ уарзондзинады тыххӕй чи кӕсы, уыцы газеткӕсджытӕй.

ГÆБÆРАТЫ Юри

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.