Туаты Иосифы ном-иу йæ рæстæджы Тбилисы нывгæнæн Академийы арæх æрæмысыдысты йемæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ. Йæ ном-иу ын æрымысыдысты, ахуыры хъуыддаджы йæ размæ чи кодта, уыцы профессортæй ма удæгас чи уыдысты, уыдон. «Цæй стыр курдиат ахуыссыд æнафоны!», зæгъгæ-иу фæкодтой.

Æрмæст, дам, Ирыстонæй сомы кодта, афтæ бирæ уарзта йæ фыдæлты бæстæ. Туаты Иосифы дæр баййæфта курдиатджын нывгæнæг Цоциты Ванойы хъысмæт. Бæстыл цыфыддæр знаг мæлæтхæссæг хæст куы бафтыдта, уæд Туайы фырт дæр ацыд хæстмæ æмæ дзы нал æрæздæхт фæстæмæ, амард хъайтарон æгъдауæй.

Туаты Иосиф райгуырд зæхкусæг бинонты хæдзары 1916 азы 3-æм январы Душеты районы. Ссæдзаздзыдæй (1936 азы) бацыд ахуыр кæнынмæ Тбилисы нывгæнæн Академимæ. Йе мбæлттæ-иу куыд дзырдтой, афтæмæй Туаты Иосифы курдиатыл уæды рæстæджы сæ цæст æрæвæрдтой Академийы профессортæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уый та дзурæг уыд ууыл æмæ Туайы фыртæн стыр сфæлдыстадон фидæн кæй уыд, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Фæстаг курсы онг фæахуыр кодта Академийы, баззадис ма йын  диплом бахъахъхъæнын. Фæлæ йын уый дæр нал бантыст, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Йæ дипломон куыст «Фыццаг поезд Сталиниры» дæр баззад æрдæг куыстæй.

Туаты Иосифы сфæлдыстады сæйраг бынат ахста портретон жанр. Уый зæрдæбынæй æмæ бындуронæй ахуыр кодта уырыссаг хуызфыссынады прогрессивон традицитæ æмæ йе сфæлдыстады уæндонæй æмæ оригиналон æгъдауæй пайда кодта уырыссаг классикон нывкæнынады фæлтæрддзинадæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.