Æрвылбон дæр Цхинвалы Культурæйы хæдзар, Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны библиотекæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырты æнусон арты рæзты цы бирæнымæц æмбæстæгтæ æмæ уазджытæ рацæуынц, уыдон æнæрахатгæ нæ фæвæййынц, агъуыстыты къултыл цы керамикон æмæ мозаикон паннотæ конд ис, уыдон. Чи сæм бацымыдис кæны, уыдонæн та панноты уынд æмæ хуызæй сæ зæрдæтæ æнæбарухсгæнгæ нæ фæвæййынц. О, фæлæ се ‘ппæт нæ фæзонынц, арæзт кæд æрцыдысты, чи сæ сарæзта æмæ цы æвдисынц, уый. Ацы фарстытæ хуыздæр базоныны охыл сæмбæлдтæн, паннотæ чи сарæзта, уыдонæй сæ иу – Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны директор Зассеты Хазбийы фырт Сæрмæтимæ.

Панноты автортæ Зассеты Хазби æмæ Мамытаты Гиви хицæн бынæтты райгуырдысты. Хазби райгуырд Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы, Гиви та – Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Скъолатæ каст куы фесты, уæд сæ иу æмæ се ‘ннæ дæр сфæнд кодта, цæмæй сæ ахуыр адарддæр кæной Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны. Уый та æнæнхъæлæджы нæ уыд. Кæд сæ конд куыстытимæ адæм хорз зонгæ нæма уыдысты, се ‘рмдзæфы фæд сын уадиссаг ничи ма зыдта, уæддæр цы скъолаты ахуыр кодтой, уым фæбæрæг сты се ‘взыгъддзинæдтæ. Аивадмæ уарзондзинад сæ æркодта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ æмæ базонгæ сты уым. Дыууæ æвзонг лæппуйы тынг схæлæрттæ сты æмæ Тбилисы нывгæнæн Академимæ дæр сæ документтæ иумæ балæвæрдтой. Дыууæ лæппуйæн уым ноджы тынгдæр фæбæрæг сты се ‘взыгъддзинæдтæ. Академийы цы равдыстытæ арæзт цыдис, уым алы хатт дæр истой хайад, систы-иу хорзæхты, арфæйы гæххæттыты аккаг.

Каст æй фесты æмæ фæстæмæ æрбаздæхтысты сæ райгуы-рæн къуыммæ. Ирыстоны сæ фыццаг стырдæр куыст та уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 25 азы бонмæ горæты хæсты хъæбатыртæн Æнусон арты фарсмæ, цы панно арæзт æрцыд, уый.

Уыцы æмæ ма æндæр куыстыты фæрцы сæ базыдтой æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма Цæгат Кавказы республикæты дæр. Агуырдтой сæ æмæ сын аразын кодтой алыгъуызон паннотæ.

Дыууæ сфæлдыстадон кусæджы æгуыст никуы уыдысты, алы хатт дæр сæхицæн ардтой куыст. Арæзтой алыгъуызон дзаумæттæ, кæцытæй абон  бирæтæ сты æфсымæрон адæмты музейты, зындгонд уазджыты хæдзæртты.

1980 азы райдианы æрæвнæлдтой æмæ уыцы аз арæзт фесты Профцæдисты, абоны Цхинвалы культурæйы хæдзары къулыл арæзт панно. Цалынмæ ацы куыст нæ райдыдтой, уæдмæ Хазби æмæ Гиви лæмбынæг бакуыстой Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусджытимæ. Уæд аскъуыддзаг кодтой, формæтæ цахæм æлыгæй арæзт хъуамæ æрцæуой, уый дæр. Ахæм æлыг та разынд Знауыры районы Цънелис æмæ Цхинвалы районы Хеиты хъæуты.

Уæд Хуссар Ирыстоны разамонджытæ Хазби æмæ Гивийæн бахæс кодтой, цæмæй панно æвдиса советон цардуаг æмæ уыдон дæр сæ хæс сæххæст кодтой æнтысгæйæ. Абон æм лæмбынæг куы кæсай, уæд адæймаг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæнис Ирыстоны уæды цардуаг. Ирдæй дзы зыны фыдæлты æгъдæутты фæд, ахуырадмæ стыр тырнындзинад, хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерады размæцыд æмæ æндæр ахæмтæ.

Раппæлæн ис композицийæн йæ гъæдæй дæр. Кæд йæ сырæзтæй рацыд дыууиссæдз азæй фылдæр, уæддæр ыл цалдæр ран нæмгуыты фæдæй дарддæр ницы фæд зыны.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Хазби æмæ Гиви æппæтдæр кæй архайдтой æмæ арæзтой сæ уды æнкъарæнты домæнтæм гæсгæ. Уыдон бацархайдтой, цæмæй нывгæнæн ахуыргæнæндоны конд æрцæуа керамикæйы факультет æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. Фæстæдæр ахуыргæнæндоны фæзындысты хъæуæг дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ ахуыргæнæн æрмæджытæ. Фæлæ, хъыгагæн, факультет цалдæр азы фæстæ æхгæд æрцыдис, цы дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ дзы ахуыргæнæн æрмæджытæ уыдис, уыдон иу хай гуырдзиаг фыдгæнджытæ ныппаплой кодтой, иннæты та судзгæ бакодтой.

Гæззаты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.