Фельетоны ӕви трагедийы бӕсты

Интернетӕй нӕ бон базыдтам – цӕмӕй адӕмӕн сӕ хъуыдыкӕнынад байсой, системон цагъартӕ  сӕ скӕной, уый тыххӕй йӕ ӕрымысыдысты. Уый зонӕм. Чи дзы пайда кӕны, уыдон сӕхи политиктӕ ӕмӕ эксперттӕ ӕнхъӕлын кӕй райдыдтой ӕмӕ ныл алы ӕвзӕрстыты уынгӕджы бон кӕй уыдзӕн, уый дӕр бамбӕрстам. Фӕлӕ бынтон мардӕрцыд уый у: интернеты уацары чи нӕма бахауд, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ цыдӕр кодтой, цардмӕ ӕрвонг зондӕй нал кӕсынц, хъуыды кӕнынмӕ зивӕг кӕнын райдыдтой…

Акӕсӕм ма нӕ алфӕмблай, айхъусӕм ма фӕйнӕрдӕм, чи куыд хъуыды кӕны, чи цы дзуры. Æрмӕст, кӕд гӕнӕн ис, уӕд ацы хатт иуварс ахӕцӕм ныхасыуаг, орфографийы домӕнтыл, цӕмӕй сӕ хуыздӕр бамбарӕм…

Уӕдӕ афтӕ: фӕцӕуын базармӕ, уынгтӕ – афтид, базармӕ цӕуинаг чи уыд, уыдон ныр уым уыдзысты, иннӕтыл райсомы уазал дуӕрттӕ сӕхгӕдта, улӕфт боны сӕ уадиссаг ӕфсӕрм нӕй ӕдтӕмӕ хизынӕн. Уӕддӕр мыл дыууӕ зонгӕ лӕджы амбӕлд. Базары ‘рдыгӕй рацӕуынц уыцы хъуыддаггъуызӕй, знӕт ныхасгӕнгӕ. Ныхас цӕуыл хъуамӕ кодтаиккой, уый мӕ ӕндавгӕ дӕр нӕ кодта, куы мӕ ӕндӕвтаид, уӕддӕр мын ӕй цы зонын хъуыд – ӕвзӕрстытыл. Кӕрӕдзимӕ куы баввахс стӕм, уӕд сӕ ныхасӕй фӕлӕууыдысты, ӕз сын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ: «Уӕ райсом хорз!», уыдон – модӕмӕ гӕсгӕ (ӕмдзыхӕй): «Ды нӕ хӕссыс дӕ кандидатурӕ?…». Ницы сдзырдтон, къуырмайы ‘фсон скодтон. Фӕлӕ дӕ чи уадзы? Æфсонӕн мӕ уӕддӕр куы бафарстаиккой, хӕдзары куыд стут, кӕнӕ мын мӕхицӕн куы радтаиккой уый фадат – хӕрӕджы дымӕг!

– Уӕдӕ йеды спъаддержкъа кӕндзыстӕм? – афарста мӕ сӕ иу.

– «Йед» чи у, кӕнӕ цы у? – мӕхи фӕтызмӕг кодтон.

– Мӕнӕ, раздӕр чи уыд, уый, дам, кӕй пъаддержкъа кӕны, уыйы!

– Цӕмӕн? – цыма бынтондӕр нӕ мӕсты кӕнын, ахӕм хуыз равдыстон.

– Куыд цӕмӕн, ахӕм ныхас, дам, ‘рырвыста дӕрзӕг…

Ацу ӕмӕ дур фест – бафӕлвар ӕмӕ ма равдис, мӕсты нӕ, фырмӕстӕй дӕ зӕрдӕ кӕй скъуыдтӕ кӕны, уый:

– Омӕ чи цы ныхас ӕрырвыста, уый мӕнмӕ цӕмӕн хауы? Ам райгуырдтӕн, ам схъомыл дӕн, мӕ хъиутӕ ам хӕрын ӕмӕ мӕн, кӕцӕйдӕр чи цы ныхас ӕрӕрвыста, уый цӕмӕн хъӕуы, мӕхӕдӕг дӕрзӕгӕй-лӕгъзӕй алкӕй дӕр хорз куы зонын!

Æгӕр мӕсты хъӕр мын фӕцис ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ фӕтарст, куы схыл уӕм, уымӕй ӕмӕ ныл йӕ къухтӕ стылдта:

– Цӕй-ма, нӕ йӕ ӕмбарут, чи рамбулдзӕн, уый, уӕ нервтӕ ма цӕуыл халут?

– Ды та уый кой ма кӕн, – йӕ цӕстытӕ йӕм схъулӕттӕ кодта дыккаг.

– Гонгӕй, нӕ йӕ уырны, – дзуры мын иннæ. – Адонӕй мӕ сыхаджы йедтӕмӕ шанс никӕмӕн ис, уымӕн ӕмӕ Путин уымӕн сабешшатт кодта рамбулын.

– Дӕхӕдӕг ӕм хъуыстай? – фӕрсын ӕй.

– Хъусджытӕ йӕм уыд, – йӕхи стӕргайгӕнӕг кодта дыккаг ӕмӕ цӕуынмӕ фесты сӕ дыууӕ дӕр. Æз дӕр. Уыдон дыууӕйӕ, хылгӕнгӕ, быцӕугӕнгӕ, ӕз – иунӕгӕй, ӕнӕдзургӕйӕ, зӕрдӕсастӕй… «Уирӕгты уынг» чысыл цардӕгасдӕр хуыз ӕвдисы сӕйрагдӕр уынгтӕй, змӕлджытӕ дзы фылдӕр зыны, чи мӕнау базармӕ цӕуы, чи – фӕстӕмӕ здӕхы. Мӕ разӕй ныр та базары ‘рдӕм фӕцӕуынц дыууӕйӕ: бӕрзонд, царӕй зӕхмӕ лӕг ӕмӕ сылгоймаг. Сылгоймаг нӕлгоймагӕн йӕ астӕумӕ дӕр не ‘ххӕссы ӕмӕ йӕ къу-бал хӕрдмӕ ивазынӕй цы фӕразы, мӕгуыр:

– Дӕумӕ та куыд кӕсы, нӕ йӕ ауаддзысты? – уыцы зӕрдиагӕй фӕрсы сылгоймаг, сӕр иуырдӕм акъул, нӕлгоймаг ын дзуапп куы радта, уӕд ын цӕмӕй йӕ цӕстӕнгас дӕр фена, уый адӕргӕйӕ.

– Аба куыд ӕй ауаддзысты, кӕд ын уголовни дела сгӕпп кодта, уӕд…

Сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн мын мӕ къӕхты хъӕр фехъуыста, фӕлӕ йӕ сӕры къул нӕ фӕивта, ӕрмӕст йӕ ныхас фӕныллӕгдӕр кодта:

– Омӕ сыгъд ссӕуӕд иу угаловни делайыл, ӕвзӕр лӕппу куынӕ у, ауадзӕт ӕй, цы ‘рцыди?..

– Ды йыл ӕнӕхъуаджы нӕ тыхсдзынӕ? – лӕг размӕ кӕсы, сылгоймагӕн ӕм йӕ къубал ивӕзтӕй кӕй баззад, уый цыма хатгӕ дӕр нӕ кӕны…

– Алӕ, уӕд мын сӕйӕт, кӕд ыл нӕ тыхсын. Мӕ чызг уымӕ кусы, йемӕ дзӕбӕх у ӕмӕ йын йӕ кредит сфыссид, куы спрезидент уаид, уӕд…

Мӕнӕ ӕрхӕццӕ дӕн базармӕ.

– Цас кӕныс дӕ фӕткъуытӕ? – фӕрсын фӕткъуытӕ уӕйгӕнӕджы.

– Сто рубле, бирӕ цӕрай, фӕлӕ дӕуӕн восемдесятт, кӕд нын нӕ кандидатӕн схъӕ-лӕс кӕндзынӕ, уӕд, – хин худт мӕм кӕны уӕйгӕнӕг.

– Æмӕ чи у уӕ кандидат? – нӕ зонын, цы хӕрӕджы дымӕгӕн ӕй бафарстон.

– Мӕнӕ нӕ хъӕуккаг бизнесмены ӕввахс ӕмбал чи у, уый, – йӕ цӕстытӕ цины ӕрттывд кӕнынц сылгоймагӕн. Æмӕ мын загъта сӕ хъӕуы ном. Æмӕ мӕм уыцы ныфсӕнхъӕлцау йӕ цӕстытӕ ныццавта, ома, нӕ йӕ ӕмбарыс, кӕцыйӕ дын дзурын… Æртӕ адӕймагӕй фондз кандидаттӕ кӕм сты, уым ахӕм уӕлӕнгай дзырдӕппарӕнтӕй куыд фӕхатдзынӕ, кӕй кой дын кӕны, уый. Фӕлӕ ахӕм хуыз равдыстон, цыма йӕ бамбӕрстон, ӕмӕ:

– Цӕмӕн?

– Куыд цӕмӕн, дӕ фӕхъхъау фӕуон, чы-рыстон лӕппу йӕ хонынц. Мӕ тиу дӕр йӕ хӕрз мезобели у горӕты, ӕмӕ дзы уый дӕр афтӕ ӕппӕлы, – цыма йӕ царды бонтӕ мӕнӕй иу разыйы ныхас фехъусыныл баст уыдысты, уыйау мӕм уыцы лӕгъзтӕгъуызӕй ныдзагъултӕ.

– Омӕ чырыстон лӕппу у ӕмӕ йӕ мола-дзандонмӕ барвитут, – бахъуыр-хъуыр кодтон мӕхи тыхурӕд ныккӕнгӕ ӕмӕ дарддӕр ацыдтӕн.

Фырдиссагӕй аргъӕй бафӕрсын дӕр нал бауӕндыдтӕн, афтӕмӕй кӕйдӕр уӕййаг фӕткъуытӕ хызынмӕ иугай исын.

– Еныр дзы чи ис, уымӕн тъочна нал ратдзынӕн хъӕлӕс, – фӕткъуытӕ уӕйгӕнӕг ныхас кӕны йӕ фарсмӕлӕууӕгимӕ. – Фарон нӕм встречамӕ куы бацыд, уӕд ын загътон, цӕмӕй мын, дедтӕ нӕ фалейӕ Арешо кӕй куыста, уыцы зӕхх радтой. Мӕ дам, зӕххытӕ дӕттын мӕнмӕ нӕ хауы, уӕ селсаветмӕ, дам, бацу, кӕнӕ районы администрацимӕ, ӕмӕ, дам, кӕд уыцы зӕхх никӕй у, кӕд, дам ын радтӕн ис, уӕд, дам, цы проблема у, гайтма, дам, искӕй зӕхх кусын фӕнды.

– Æмӕ цы бадӕ? – афарста йӕ йӕ фарсмӕлӕууӕг.

– Цы хъуамӕ бауон, ай дын йӕ дарджыты… ӕз селсаветты ӕмӕ райкъомты куы рацу-бацу кӕнон, уӕд ма мӕ президент цы пехебийӕн бахъуыди, – уыцы знӕтӕй йыл стылдта йӕ къухтӕ фӕткъуытӕ уӕйгӕнӕг.

Нал бавнӕлдтон фӕткъуытӕм, нал мӕ хъӕуы. Мӕ фарсмӕ ӕрлӕууыд ӕндӕр ӕлхӕнӕг (ӕви базармӕ исты ӕлхӕныны тыххӕй не ‘рцыд), бӕрзонд, фӕлӕ къӕсхуыртӕконд лӕппулӕг. Дзуры уыцы хъуыддаггъуыз ӕмӕ фӕндвидарӕй:

– Ацы хатт хъуамӕ мауал фӕрӕдийӕм. Хъуамӕ схъӕлӕс кӕнӕм Ирыстоны рӕсугъд фидӕнӕн. Уӕлӕ уыцы мӕгуыр лӕппуйы тыххӕй площады алкӕмӕй тынгдӕр чи дзырдта, уый йедтӕмӕ мачи хъуамӕ рамбула – мӕнмӕ гӕсгӕ мӕ ӕмбарут, кӕмӕй зӕгъын, уый.

– Ахӕм рӕтты дзурын ӕнцон у, сӕр куы бахъӕуа, уӕд Ирыстоны тыххӕй куыд дзурдзӕн, хъуыддаг уый у, – зулмӕ йӕм бакастӕн.

– Е, хистӕр, ракӕс-ма, ныууадзут ма уыцы дешёви пъалитикъа, а!.. Ирыстоны тыххӕй уы-рыс дзурдзӕни, махмӕ дзурын хъӕуы адӕмы сӕрыл.

– Омӕ уыцы адӕмы сӕрыл дзурагӕй раз-дӕр кӕм уыдис, цӕмӕннӕ искуы искӕй сӕрыл сдзырдта? – райдыдтон та мӕсты кӕнын. Æрдӕбонсарӕй дӕр ӕй хатыдтӕн, махӕй чысыл фалдӕр нурытӕ чи лхӕдта, уыцы лӕг лыстӕггай кӕй хъусы алы дзырдмӕ дӕр. Ныр цыма мӕ ныхасмӕ уӕгъд фӕцис – йӕ нурытӕ ӕвзарын фӕуагъта ӕмӕ уыцы цӕрдӕг алӕууыд нӕ уӕлхъус.

– Æмӕ дӕ уӕд чи уагъта дзурын! – йӕ цӕстытӕ мӕ ныссагъта. – Исты загътаис ӕмӕ дын автъаматъы къондахийӕ дӕ дӕндӕгтӕ дӕ дзыхы  бакалдтаиккой.

– Кӕсут! – ноджы тынгдӕр рафыхтӕн мӕстӕй. – Уӕдӕ ма афтӕ цӕмӕн дзурут, нырӕй сӕфт дӕр, дам, никуы уыдыстӕм, еныры хуызӕн, дам  нӕм никуы уыд ӕнӕзакъондзинад? – бафарстон ӕй. Цыма куыддӕр фӕсӕццӕ сты иууылдӕр, афтӕ мӕм фӕкаст, фӕлӕ дзуаппмӕ нал ӕрлӕууыдтӕн, цы цалдӕр фӕткъуыйы нывӕрдтон, уыдоны дӕр фӕстӕмӕ систон ӕмӕ рацыдтӕн.

Машинӕйы сигнал мӕ схурх кодта. Кӕсын, ӕмӕ мӕнӕ Тото, таксист.

– Сбад, ӕхца дӕ нӕ исын, ӕз дӕр уӕлӕмӕ цӕуын, райсомӕй нырмӕ ӕнӕхъуаджы фӕлӕууыдтӕн… Ды нӕма бавдыстай дӕ кандидатурӕ? – ӕндӕр мӕ цӕмӕй хъуамӕ бафарстаид, йӕ машинӕйы куы бабадтӕн, уӕд…

– Бауром мын ӕмӕ ахизон, куыдзы фӕллад бадӕн ацы темӕйӕ.

– Хорз, хорз, ницыуал дзурын, – фӕцырд таксист. – Мӕнӕн та цы уӕлдай у, налогтӕй нӕ чи ссӕрибар кӕна, уымӕн ратдзыстӕм хъӕ-лӕс…

Куыд тынг мӕ фӕндыд мӕхи бауромын, фӕлӕ лӕджы куыдзау дӕр куы рӕйын кӕ-ной, уӕд дзы цынӕ рӕйгӕ ис:

– Æмӕ ды цы уӕлдай хъуамӕ ма фидай налог?

– Цӕмӕн хъуамӕ фидон, цӕ, цы хӕсджын дӕн хицауадӕй? Нӕ машинӕты бензин нӕ-хӕдӕг кӕнӕм, ремонт сӕ нӕхӕдӕг кӕ-нӕм…

– Æмӕ бон-изӕрмӕ ӕхца цы уынгтыл кусут, уыцы уынгты чи цалцӕг кӕны, уӕ фӕндагон ӕдасдзинад уын чи хъахъхъӕны, уӕ фӕндӕгтӕ уын сыгъдӕг чи дары, уӕ машинӕты уын давын чи нӕ уадзы?..

… Цӕуын сындӕг къахдзӕфтӕй хӕдзармӕ  – Тотойӕн раджы бауромын кодтон, раджы рахызтӕн йӕ машинӕйӕ… Цӕуын ӕмӕ хъуыды кӕнын, куырмӕджы хилгӕйӕ, кӕй онг фӕхӕццӕ уыдзыстӕм, ууыл,  алчи дӕр нӕ йӕхи гуылы бын ӕндзара, уый нӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл…

ГӔБӔРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.