Ацы бонты Дзæуджыхъæуы балцы уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Пысылмон Республикæ Ираны минæварады бæрнон кусджытæ. Делегацийы разамонæг – Пысылмон Республикæ Ираны Æххæстбарджын минæвар Казем Джалалиимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фембæлды архайджытæ æркастысты Цæгат Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ ноджы æнгомдæр кæныны фарстатæм.

Делегацийы уæнгтæн зæрдиаг салам ратгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн ис рагон историон, культурон æмæ æндæр ахæм бастдзинæдтæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы тæгтæ хъæуы ноджыдæр фенгомдæр кæнын.

– Æхсызгон мын у Пысылмон Республикæ Ираны делегацийы уæнгтимæ фембæлын.

Иран æмæ Ирыстоны адæмтæн рагæй-æрæгмæ дæр æнгом бастдзинæдтæ уыд. Æмæ абон махæн нæ иумæйаг хæс у, цæмæй уыцы хæлар ахастдзинæдтæ фидæны уой ноджы æнгомдæр, – фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг. Ираны минæвар йæ дзуаппон раныхасы ахсджиагыл банымадта сæ делегацийы балц Цæгат Ирыстонмæ.

– Фысымтæн стыр бузныг зæгъын, рæдау ахаст нæм кæй равдыстой, уый тыххæй. Республикæмæ фыццаг хатт ссыдтæн, фæлæ мæхи æнкъарын, мæнæ цыма мæ рагон хæлæрттæм ссыдтæн, уый хуызæн. Раздæр бирæ хорз хабæрттæ фехъуыстон Ирыстоны тыххæй, фæлæ, куыд фæзæгъынц, афтæмæй сæдæ хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у. Æмæ ацы хъуыддаг нæ къухы бафтыд. Сæрмагондæй ма мæ зæгъын фæнды иу хъуыддаджы тыххæй. Цалдæр боны размæ фембæлд уыд Уæрæсе æмæ Ираны президенттæ Владимир Путин æмæ Эбрахим Раисийæн. Уыцы фембæлды нæ бæстæты разамонджытæ бæстон æрдзырдтой æппæтвæрсыг ахастдзинæдтæ æнгомдæр кæныныл. Президенттæ уæлдай æргом аздæхтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн экономикон бастдзинæдтæ хъомысджындæр кæныны фарстамæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагондæй бакусын хъæудзæн дыууæ бæстæйы регионты ‘хсæн экономикон æмгуыстад рапарахат кæнынмæ. Мæ зæрдæ дарын, уыцы архайды Цæгат Ирыстон раздзогты ‘хсæн кæй уыдзæн, ууыл. Уымæн ис хорз фадæттæ. Сæ сæйрагдæр – республикæ ахсджиаг стратегион бынат кæй ахсы, уый. Мах цæттæ стæм нæ дарддæры экономикон бастдзинæдтыл æрдзурынмæ. Хорз уаид, нæ дарддæры æмархайды нысантæ ныридæгæн куы фæбæрæг кæниккам, уый, – бафиппайдта Казем Джалали.

Ираны минæвар фæндон бахаста, цæмæй сæ бæстæйы Минæварад æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады минæвæрттæй арæзт æрцæуа сæрмагонд кусæг къорд. Уыцы специалисттæ бæстон æркæсдзысты, цавæр къабæзты хуыздæр гæнæнтæ ис не ‘мгуыстад рапарахат кæнынæн, уымæ, стæй бацæттæ кæндзысты дарддæры æмархайды пълантæ. Ираны минæвар куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныридæгæн дæр саразæн ис цалдæр иумæйаг проекты. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдонæй, гæнæн ис, æмæ суа Ираны экономикон равдыст Дзæуджыхъæуы.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг разыйæ баззад ахæм фæндæттæй.

– Не ‘мгуыстад фæхъомысджындæр кæныны хъуыддаджы махæй цы аразгæ уа, ууыл нæ бацауæрддзыстæм. Ныфс мæ ис, нæ æмархайды пъланты фыццаг хай хæстæгдæр рæстæг арæзт кæй æрцæудзæн, уымæй, – кæронбæттæны загъта Сергей Меняйло.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан æмæ УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дзæуджыхъæуккаг минæварады разамонæг Хетæгкаты Алан.

Газ. «Рæстдзинад»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.