Ацы тыхст æмæ æнæнцой царды ма поэзи йæ царды нысан кæмæн у, ирон зонад, культурæ, аивад, литературæмæ ахæм сфæлдыстадон хуынтæ чи хæссы, уый æгæрон арфæйаг хъуыддаг аразы. Уæлдай æхсызгон уый у, æмæ ахæмтæ æрыгон фæлтæрæй куы вæййынц.

Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты æвзаджы хайады зонадон кусæг, поэт, тæлмацгæнæг, «Булæмæргъ» æмæ «Мах дуг»-ы дунеон литературон премиты лауреат Дыгъуызты Зæлинæ, зæгъæн ис, ирон поэзийы йæ бынат ссардта. Ахуыргонд чызгæн поэзи сси йæ цинтæ, йæ хъыгтæ зæгъыны фæрæз. Уыимæ ма у уæздан, хæдæфсарм адæймаг. Æрæджы Дыгъуызонæн рацыд йæ диссаджы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Баззай…», зæгъгæ, ахæм номимæ, æмæ йын стыр аргъ скодтой поэзиуарзджытæ.

«Арвыл сырх хурвæдæй баззай…»

Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд чиныджы презентаци. Ардæм чиныгыл бацин кæнынмæ, сæ хъуыдытæ зæгъынмæ, æрбацыдысты фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ, Зæлинæйы хæлæрттæ, Дыгъуызты мыггаджы минæвæрттæ… Мадзал амыдтой библиотекæйы хайады сæргълæууæг Мурасты Риммæ æмæ Гаглойты Альбинæ. Риммæ радзырдта Дыгъуызоны цард æмæ сфæлдыстадон куысты тыххæй: «Зæлинæ райгуырд Хуссар Ирыстоны Сатихъары хъæуы фæрнджын бинонты *хсæн. Скъолайы фæстæ каст фæцис музыкалон училищейы вокалон хайад, стæй та Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты филологийы факультеты ирон-персайнаг æвзаджы хайад сырх дипломимæ. Йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы зонæдты академийы. Республикæйы, стæй университеты разамынд æй йæ хорз ахуыр æмæ бирæ зонындзинæдты тыххæй цалдæр хатты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй».

Дарддæр Риммæ бæлвырд равзæрста поэты сфæлдыстад.

Профессор Дзугаты Къоста радзырдта, Зæлинæимæ кусгæйæ йын йæ курдиаты тых куыд банкъардта, æвзагзонынады дæсны уæвгæйæ, литературæмæ ахæм хуынтæ куыд æрбахаста. Дзугайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй йæхицæн хæсыл банымадта ахæм курдиатджын адæймагæн баххуыс кæнын йæ чиныг рауадзыны хъуыддаджы.

«Ахæм чызг цы мыггаджы ис, уыдон тæхудиаг сты. Ирыстоны ахæм кæстæртæ куы уа, уæд нын тас ницæмæй у. Хаджеты Таймуразы фæстæ поэт уæвын тынг зын у, æмæ йæ ныфс чи бахæсса, уый арфæйаг у. Поэзийы ахæм æвæрæнтæм бавнæлдта, ирон ныхæстæй тыччытау афтæ хъазы æмæ адæймаг дисы бацæуы: нырмæ сæм куыд ничи бавнæлдта. Зæлинæ, дæхимæ цы уæз райстай, уымæй макуы бафæллай!» – йæ раныхасы фæнысан кодта фыссæг Гæбæраты Юри.

Ахуыргонд Сатцаты Эльбрус сæйрагдæр æрлæууыд Дыгъуызоны зонадон куыстыл. Куыд загъта, афтæмæй иу адæймаджы уды æрцардысты алыхуызон курдиæттæ æмæ йын алы къабазы дæр хорз æнтысы. «Зæлинæ ма у хорз бинойнаг, мад, чындз, хæдзары æфсин дæр. Зонадон куысты йын кæй æххуыс кæнын, уый фæдыл сæм хæдзары арæх сæмбæлын æмæ йын йæ уды миниуджытæ хорз базыдтон. Поэзийы йын куыд æнтысы, афтæ зонадон куысты дæр. Персайнаг æвзаг афтæ хорз зоны æмæ йыл фыссы, стæй тæлмац кæны æмдзæвгæтæ дæр».

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбег йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй æмдзæвгæ «Сæнайы хох»-ы йæ уд баззади. «Зæлинæ æрмæст уый куы ныффыстаид, уæддæр барджынæй поэтты æмрæнхъ æрлæууыдаид».

Дыгъуызты Зæлинæйы диссаджы æмдзæвгæтæй цалдæр бакастысты поэттæ Годжысаты Георги æмæ Бæззаты Эльбрус. Музыкалон арфæ ракодтой Бæззаты Эльбрус æмæ Хетæгкаты Иринæ. Мадзалы архайджытæ æхсызгонæй байхъуыстой экраныл видеоравдысты Зæлинæйы бирæ хæлæртты арфæйы ныхæстæм.

Изæрмæ чи æрбацыд, уыдонæн мыггаджы номæй зæрдиаг бузныг загъта мыггаджы советы сæрдар Дыгъуызты Алыксандр, сæ хойæн ын ахæм кад кæй скодтой, уый тыххæй.

Кæронбæттæны Дыгъуызты Зæлинæ арфæ ракодта Дзугаты Къостайæн, Гæбæраты Юрийæн, чиныг рауадзынмæ йын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй. Бузныг ма загъта чиныджы редактор Дзассохты Ланæйæн, йæ корректор Дзуццаты Иринæйæн, нывгæнæг Джиоты Дианæйæн, рауагъдад «Литера»-йы кусджытæн, стæй мадзалы организатор Мурасты Риммæйæн. «Цы фæнды курдиатджын адæймаг дæр ницы бакæндзæн, адæмы хорзæх æмæ йын æнувыд æххуысгæнджытæ йын куы нæ уа, уæд. Ахæм ахаст та мыл сæвæрдта ноджыдæр уæлдай бæрнондзинад. Нырæй фæстæмæ ноджы зæрдиагдæрæй архайдзынæн Ирыстоны сæраппонд».

Зæлинæйы ног чиныг стыр лæвар у поэзи уарзджытæн, æмæ йын æй Хуыцау сæдæйы сæр фæкæнæд. Йе ‘мдзæвгæтæ се ‘ппæт дæр сты зæрдæмæхъаргæ, фæлæ мæн фæнды, стыр аргъ ын кæмæн скодтой, уыцы æмæдзæвгæ «Сæнайы хох»-æй цалдæр рæнхъы æрхæссын:

Мæ уæзæгыл куыд ысивон мæ уд,

Цы бæстæйы ыссардзынæн хъæрмуд?

Зæйластæй дæ куыд ныууадзон Ирыстон,

Куы мын фæуай фыдæлгъыстау гæныстон…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ   

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.