Æртæ азы размæ Къостайыхъæуы сырæзт аграрон куыстуат «Южный сад». Уый ныридæгæн ссис нæ республикæйы территорийыл æнтыстджындæр инвестицион проекттæй сæ иу.

Дыргъдон саразынæн Инвестицион программæйæ хицæн æрцыд 100 милуан сомы. Йæ фæзуат æмткæй у 50 гектары бæрц. Æдæппæт дзы сагъд æрцыд 60 мин 450 фæткъуыбæласы талайы. Уыдон сты ахæм сорттæ куыд – «Голден», «Гала», «Нестор».

Агрофирмæйы директорæй урæд æрцыд Бекъойты Леуан. Талаты æрластой Италийæ. Ацы сорт бæлæстæ тыллæг дæттын райдайынц фыццаг аз дæр, бирæ сыл нæма æрзайы, фæлæ æртæ азмæ уыдон æххæстæй тыллæг раттынц æмæ иу гектарæй сæрибарæй райсæн вæййы 50 тоннæйы бæрц фæткъуытæ. Фыццаг аз дыргъдоны цы тыллæг æрзад, уыдон инвестор байуæрста, быдырмæ йæ хъус чи дары, уыдоныл. Ивгъуыд аз дыргъдоны цы фæткъуытæ æрзад, уыдон та уæрст æрцыдысты сабиты рæвдауæндæттæ, интернат æмæ горæты скъолатыл, суанг ма министрадтæ æмæ паддзахадон уагдæттыл дæр. Ацы дыргъдоны хæрзаудæн æххуысæй æнæхъæн зымæг хайджын уыдысты зæрæдты хæдзары цæрджытæ, республикон бирæпрофилон медицинон уагдон æмæ Уæрæсейы Æфсады 4-æм базæйы службæгæнджытæ дæр.

Дыргъдоны кусджытæ ныр дæр цы тыллæг æфснайынц, уыдонæн йæ иу хай, хæрзаудæн æххуысы хуызы, дæттынц сабидæттæм. Иу хай та дзы уæй цæудзæн бынæттон базары. Дыргъдоны æппынæдзух кусы 30 адæймаджы бæрц, кæцыты куыстмызд хизы 30 мин соммæ. Фæлæ бæлæстæ се ‘ппæт дæр куы сыстыр уой, æмæ куыд æмбæлы, ахæм тыллæг куы дæттой,  уæд сæ тонынмæ хуынд цæудзæн сезоны мидæг 100 адæймаджы. Ныртæккæ дыргъдоны цы адæм кусынц, уыдон сты бынæттон цæрджытæ, кæцытæ инвесторы æххуысæй æрвыст æрцыдысты сæрмагонд курсыты сахуыр кæнынмæ Уæрæсейы Федерацимæ. Кæд æмæ сæ æндæр цавæрдæр специалист бахъæуы, кæцы нæхимæ нæй, уæд уый та æрхонынц Балхъарæй, уыдон консультацитæ ауадзынц бынаты æмæ ма куысты сусæгдзинæдтыл фæцайдагъ кæнынц кусджыты дæр. Дыргъдоны территорийыл арæзт цы донхæргæнæн бассейн æрцыд, уый фæрцы кусджытæн фадат ис, куы бахъæуа, уæд бæлæстæ ныддонхæр кæнынæн. Дыргъдоны территори æрцыд æхгæд, уымæ гæсгæ йæм нæ ивæрзынц бынæттон цæрджыты фос. Ис сын сæхи сæрмагонд техникæ, кæцытæн йæ рæстæджы арæзт æрцыд ангар. Дыргъдон цæмæй хъахъхъæд уа ихуардæй æмæ сæ тыллæг ма фесафа, уый тыххæй  бæлæсты сæр ивæзт æрцыд хызтæ. Ахæм амалæй, дыргъдоны саразæг Бекъойты Леуан куыд зæгъы, афтæмæй бирæ азты пайда кæнынц Уæрæсейы Федерацийы регионты. Фæстиуæгджын кæй у, æмæ æрдзы аномалитæй иттæг хорз кæй хъахъхъæны дыргъдæтты, уый тыххæй арæзт æрцыд нæ республикæйы дæр. «Стыр бузныг дæн нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæй, ацы проект саразынæн нæм стыр хъусдард кæй аздæхтой», – зæгъы уый.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы климатон уавæртæ иттæг хорз сты дыргъгуыст кæнынæн æмæ, æнæмæнгдæр, пайда æрхæсдзысты республикæйы экономикæйæн. Зæгъы ма, зæгъгæ, ацы аз дæр цы тыллæг æркæной, уымæй хайджын уыдзысты сабидæттæ, скъолатæ, сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, колледж, университет, зæрæдты хæдзар æмæ ма бирæсывæллонджын æххуысхъуаг бинонтæ дæр. Сæ зæрды ис «Южный сад»-ы тыллæг экспортмæ æрвитын дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.