Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цалдæр азы размæ цы дыргъдон сырæзт «Южный сад», зæгъгæ уым 25-æм августæй бавналдзысты тыллæг æфснайынмæ.

Агрофирмæйы директор Бекъойты Леван куыд зæгъы, афтæмæй дыргъдон фаронимæ абаргæйæ ацы аз къаддæр тыллæг ратдзæнис. Фæлæ уый нæ нысан кæны дыргъдоны фæцудыд. Хæдзарад ацы аз дæр хъавы хæрзаудæн акци саразынмæ. Йæ тыллæгæй фæхай кæндзæн республикæйы социалон центртæ – рынчындон, Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернаттæ, зæрæдты хæдзар «Аудындзинад», реабилитацион центр «Ныфс», Ленингоры сывæллæтты хæдзар, цалдæр скъола æмæ скъолайы агъоммæ уагдонтæн.

Куыд зонæм, афтæмæй дыргъдон саразынæн Инвестпрограммæйæ Кæсæг-Балхъайраг инвесторæн хицæн æрцыд 100 милуан сомы. Дыргъдон арæзт æрцыд 45 гектары фæзуатыл. Талатæ æрластой Италийæ. Фыццаг аз ныссагътой 60 мин талайы бæрц. Уыдон æртæ азмæ дæтын райдыдтой хъæздыг тыллæг. Фæткъуыты сорттæ иууылдæр сты хæрзгъæд æмæ нæ климатон уавæрты хорз чи зайы, ахæмтæ. Дыргъдонæн ис йæхи сæрмагонд техникæ. Йæ рæстæджы арæзт æрцыд егъау бассейн дæр, цæмæй дыргътæ донхæр хъуаг ма æвзарой. Ихуардтытæй тæссаг кæй вæййы, уымæ гæсгæ  та дыргъдоны сæрмæ ивæзт æрцыд сæрмагонд хызтæ.

Ам æппынæдзух кусы 60  адæймаджы, фæлæ ма дзы уыдонæй дарддæр ис специалисттæ дæр, кæцытæ агрономы сæрмагонд курсытæм æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацимæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ та инвестор бынатмæ æрхоны Цæгат Ирыстон Аланийæ фæлтæрд агрономты. Уыдон бынæттон кусджытæн ауадзынц инструктажтæ, куыд хуыздæр æмæ цафон хъæуы дыргътæм бахæссын хъацæнтæ. Бæлæстæм хорз кæй зилынц, уый бæрæг у иу гектарæй 50 тоннæйы бæрц тыллæг кæй æркæнынц, уымæй. Бекъойты Леван зæгъы: «Бæлæстæй искæцы куы фæрынчын вæййы, уæд ивд æрцæуы æндæрæй. Тала садзыны рæстæджы нæ агрономтæ скъахынц, йæ зиллак 90 сантиметры æмæ йæ арф та 40-50 сантиметр кæмæн у, ахæм уæрм. Тала дзы куы нывæрынц, уæд æй байдзыг кæнынц 40 килограммы компостæй, хæццæ йæм кæнынц 100 граммы суперфосфат æмæ 100 грамм та калийы хъацæнтæ. Фыццаг талайыл хъæуы арæзт дон кæнын – къуыри дыууæ хатты стæй та стæмдæр хатт. Хъацæн аразын хъæуы стуры, кæнæ карчы фаджысæй донимæ хæццæйæ æмæ йыл мæй иу хатт хъæуы 2-3 ведрайы ныккæнын. Ахæм зылды фæcтæ талайæн æнæ рзайгæ нæй. Æмæ алчи дæр афтæ куы зила дыргътæм, уæд мах дыргъдон куыд хъæздыг тыллæг дæтты, сымахæн дæр уыдзæн афтæ».

Бекъойты лæппу ма куыд загътæ, афтæмæй тагъд цы дыргътæ  тонынмæ бавналдзысты, уыдон сты ахæм сорттæ, куыд «Голден», «Гала», «Нестор». Ивгъуыд аз дыргътæ тонынмæ хуынд æрцыд 100 адæймаджы бæрц. Уыдонæн боны мидæг фыстой 1 600 сомы. Æппынæдзух дзы чи кусы, уыдон мæйы мызд та у 30 мин сомы æмæ фылдæр.

«Южный сад»-ы сæргълæууæг зæгъы, тыллæджы иу æмбис кæд хæрзаудæн лæвæрд æрцæудзæн, иннæ хай та ласт æрцæудзæн Уæрæсейы Федерацимæ уæймæ. Уый тыххæй таможнæйы сæрты ахизынæн æмбæлон гæххæттытæ æмæ бадзырдтæ сты цæттæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.