Наци ногæй йæ къахыл слæууын кæнæн

ис æрмæст скъолайы фæрцы.

Скъола хъуамæ суа нацийы авдæн.

Мигель де Унамуно

 

Къорд азы размæ Ирыстоныл айхъуыст, фесæфынæй тас кæмæн у, ЮНЕСКО-йы арæзт атласы уыцы æвзæгты номхыгъдмæ ирон æвзаг дæр бахауд, зæгъгæ. Ирон адæм æй сæ зæрдæмæ хæстæг айстой – сæ мадæлон æвзаг цы уавæры ис, уый цыма фыццаг хатт ЮНЕСКО-йæ базыдтой æмæ фехъуыстой, уыйау ыл ныссагъæс кодтой, нал ыл фæлладысты дзурын æмæ фыссынæй. Ныр ацы хъуыддаг айрох.

Кæцыфæнды æвзаджы уавæр базонын дæ кæд фæнды, уæд æппæты фыццаг сбæрæг кæн, рæзгæ фæлтæр æй зонынц æви нæ. Ирыстоны рæзгæ фæлтæр, скъолайы агъоммæ кары сабитæй райдай æмæ скъоладзау фæсивæдæй фæу – нал зонынц сæ мадæлон æвзаг, дзурынц æрмæстдæр уырыссагау, уый ссис сæ сæйраг æвзаг.

Ацы атласы ма амынд цæуынц, æвзаг куыд æмæ цас бæрцæй хъахъхъæд æмæ цардхъом у, уымæн аргъ кæныны бæрæггæнæнтæ. Уыдонмæ хауы æвзагыл дзурджыты иумæйаг нымæц, иу фæлтæрæй иннæмæ куыд лæвæрд цæуы, царды алы къабæзты дзы куыд пайда кæнынц, уыимæ хабархæссæг хъусынгæнинаджы фæрæзты дæр, чиновниктæ йæм цавæр цæстæй кæсынц, куыддзы пайда кæнынц сæ куысты æмæ афтæ дарддæр. Æдæппæтæй дзы ис фараст бæрæггæнæны. Æмæ уыдоны ‘хсæн, мадæлон æвзагæй рæзгæ фæлтæр куыд пайда кæны, уый нымад у æппæты сæйрагдæрыл. Ацы хъуыддаг ноджы ахсджиагдæр у, дыууæ æвзагæй кæм пайда кæнынц, уыцы æхсæнæдты. Куыд рабæрæг, афтæмæй дунейы ахæм бæстæты æмæ адæймæгты нымæц, «иуæвзагонтимæ» абаргæйæ, фылдæр у. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, (Т.В. Черниговская, С.П. Капица) сывæллон фондз азмæ æвзагæй цы базоны, уый у æппæты сæйрагдæр, фæстæдæр вæййы зындæр. Раиртæстой уый дæр, æмæ, дыууæ æвзагыл дзургæйæ цы сывæллæттæ рæзынц, уыдонæн сæ хъуыды кæныны авналæнтæ æмæ сфæлдыстадон фадæттæ вæййынц бирæ рæвдздæр, фæлæ ацы бæлвырд хъуыды ирон ныййарджтæ сæхимæ хæстæг нæ уадзынц. Уымæ гæсгæ сæвзæрд ахæм æнахуыр уавæр: Ирыстоны официалон æгъдауæй ис дыууæ паддзахадон æвзаджы: сæ иу, уырыссаг, – тыхджын, парахат; иннæ, ирон, – лæмæгъ, æгуыст, æвæгæс. Ахæм уавæры “æдых” æвзæгтæн ахуыргæндтæ бирæ цæрæнбоны ныфс нæ дæттынц, уæлдайдæр та ныры технологион дуджы. Цауды фæндагыл ын йæ цæрæнбон дих кæнынц цыппар фæлтæрыл. Зæгъæм, æвзаг “фыццаг фæлтæрæн у æдас, уымæн æмæ йыл гыццылæй-стырæй алчидæр дзуры; цыппæрæм фæлтæрмæ æвзаджы уавæр свæййы тынг тæссаг, уымæн æмæ “мадæлон æвзагыл дзурынц æрмæст карджын адæм, ныййарджытæ ма йæ æмбаргæ кæнынц, фæлæ йыл сæ сывæллæттимæ æмæ кæрæдзиимæ дæр нал дзурынц”. Фæстаг къæпхæн нымад цæуы æвзаджы мæлæтыл: мадæлон æвзагыл ма стæмæй дзурынц ацæргæ адæм. Сæ фæстæ мадæлон æвзагыл дзурæг фæлтæр нал баззайы, æмæ æвзаг нымад æрцæуы мардыл.

Ирон æвзагæн бирæ цæмæйдæрты у тæссаг, ныхас дæр сыл фæцæуы, фæлæ йын уæддæр иууыл тæссагдæр у йæхи адæмæй: не ‘взаг сног кæнынæй ницыуал рауайдзæн, нал нæ хъæуы, уырыссаг æвзаг дæр нын фаг у, зæгъгæ, хъуыдыйыл ирон адæм цы уысм сразы уой, уым сæхицæн рахæсдзысты мæлæты тæрхон. Аргъæутты куыд загъд вæййы, уыйау ирон æвзагæн дæр йæ мæлæт æрмæстдæр ирон адæмæй æрцæудзæн. Ахæм у æрдзы фæтк, уый у æнæ цæстмæхъус закъон.

Абон ирон адæм дзурынц, цард сæ цы æвзагыл дзурын кæны, ууыл. Ацы хъуыддаг хъæуы æмбарын æмæ, куыд фæзæгъынц, «уырдыгæй симын”.

Процесс йæхигъæдæй бауромдзæн? Нæй йын бауромæн, уымæн æмæ адæймаг афтæ арæзт у: йæ царды ис культурон, социалон, экономикон домæнтæ. Адæймаг та сæйрагдæр уыдæттæй адæймаг у. Æмæ ацы домæнтæ æххæст кæнынæн цард алы рæстæджы цы “кусæнгæрзтæ” æмæ фадæттæ радты, уыдонæй пайда кæны. Ирон æхсæнады ныртæккæ ахæм “кусæнгарз” у уырыссаг æвзаг. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг нал рæзы, цардæй фæсте аззад, ноггæнæн процесс дзы бар-æнæбары урæд æрцыд. Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ нæм ничи æрцæудзæн мадæлон æвзаг сног кæнынмæ. Ацы хъуыддаг алы адæмæн дæр йæхимæ кæсы.

Ахсджиаг у, фарстайыл бындуронæй бакусынæн цас хъæуы, уый раиртасын, æмæ уымæ гæсгæ мадзæлттæ снысан кæнын. Хорз уаид, скъоладзаутæ сæ мадæлон æвзаг куыд зонынц, уый фæдыл Ирыстоны æппæт скъолаты бафарст саразын. Цæмæй, æппынфæстаг, мауал уа дызæрдыгдзинæдтæ ацы хъуыддаджы. Иу хъуыддаг ныхас у, иннæ – бæлвырд зонинæгтæ, нымæцтæ.

Уæрæсейы паддзахады цæрын кæд нæ хъысмæт у, уæд йе ‘взаг дæр у нæ хъысмæт. Фæлæ нæхи мадæлон æвзаг дæр нæ хъысмæт у, æндæр гæнæн дзы нæй, – тынг нæ куы фæнда, уæддæр уырыссаг æвзаг ирон адæмæн мадæлон никуы суы-дзæн, уымæн æмæ æвзаг, иуæй-иутæ йæ куыд æнхъæлынц, афтæ хуымæтæг нæу – алы æвзагæн дæр йæхи сæрмагонд “дуæрттæ” æмæ фæрæзтæ ис дуне базонын æмæ бамбарынмæ. Мадæлон æвза-джы дзырдтæ æмæ зæлты фыст у адæмы цардвæндаг æнæхъæнæй, æмæ уыцы фыст фехалын нысан кæны адæймаджы гуырдзмæ ныхилын æмæ йæ сызмæнтын, сæмтъеры йæ кæнын.

Бæлвырд фæрæз ис, дыууæ æнæмбар æвзаджы кæм ис, ахæм æхсæнады мадæлон æвзаг йæ къахыл слæууын кæнынæн? Æвзæгты истори нын, ис, зæгъгæ, æвдисы.

Æвзаг бынтон æдзæллагæй сног кæныны цæвиттонтæ дзæвгар ис. Сæ иу – валийаг æвзаг. Стыр Британийы ныгуылæн хай Уэльсы валийаг æвзаг бынтон æдзæллаг уавæрæй англисаг æвзаджы æмрæнхъ паддзахадон æмвæзадмæ куыд схызти, уый у мадæлон æвзаг иууыл æдзæллагæй æппæты бæрзонддæр æмæ кадджындæр бынатмæ ракæныны цардæгас цæвиттон. Уый валийæгтæн сæ къухы бафтыд, се ‘взаг сын зынаргъ кæй уыдис æмæ йыл æнувыд кæй уыдысты, уый фæрцы. Валийæгтимæ абаргæйæ, Ирыстоны ис хуыздæр уавæртæ: уыдон куыд хъыгдардтой, афтæ ирон адæмы абон ничи хъыгдары се ‘взагыл дзурынмæ. Ирон æвзаг, кæд фæччыгъæдæн у, уæддæр нымад у паддзахадон æвзагыл, иронау дзурынц радио æмæ телеравдыстыты, фæйнæ газеты æмæ журналы цæуы Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы. Иу-уыл стырдæр æнтыст та уый у, Ирыстоны ныр къорд азы ирон национ скъолайы дæнцæг кæй кусы. Уый у Алайнаг гимнази.

Ирон æвзаг цæмæй æцæг паддзахадон уа, уый тыххæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ хъуамæ уой æмбар æмæ æмдых. Дыууæ æвзагæн æмхуызон бартæ раттын – нæ адæмы ног иделоги. Мадæлон æвзаг нæ зонынæн мацы æфсон хъуамæ уа.

Æцæг стыр куыст райдайын хъæуы ирон национ скъолатæ аразынæй. Бындур дзы ис, ныр сæ хъæуы фылдæр кæнын. Уый фæстæ ацы скъолаты фæрцы дзурæн уыдзæн иннæ хъуыддæгтыл дæр.

Мадæлон æвзаджы фарст цалынмæ ныхæстæй хъуыддæгтæм нæ рахиза, йæ сæйраг фарста цалынмæ ирон национ скъола саразын не суа, цалынмæ ацы фарсты фæдыл алы ныхас дæр ирон скъола куыд хуыздæр саразыны алыварс нæ цæуа, уæдмæ ирон æвзаджы фарст хаудзæн тынг тæссаг уавæры категоримæ.

ХОЗИТЫ Петр

Газет «Рæстдзинад»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.