«Южный сад» йæ æркæнгæ тыллæгæй 50 тоннæйы фæхай кæндзæн рес-публикæйы цалдæр социалон æмæ ахуырадон уагдонæн. Фæткъуытæ уал фыццаг гуманитарон хуызы баласдзысты Цхинвал æмæ Дзауы интернаттæн, афтæ Ленингоры сывæллæтты хæдзар, реабилитацион центр «Ныфс» æмæ зæ-рæдты хæдзар «Аудындзинад»-æн. Фæйнæ 150 килограммы та райсдзысты скъолайы агъоммæйы уагдæттæ, иумæйагахуыргæнæн скъолатæ. Бирæпрофилон медицинон центр æмæ районты рынчындæттæн дæр фæхай кæндзыстæм нæ тыллæгæй. Райсдзысты ма лæвар бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæ. Хæрзаудæн акцийы инициатор нæхæдæг стæм. «Южный сад»-ы дыргътæ зайы ныр цыппæрæм аз. Фыццаг аз тыллæг иууылдæр байуæрстам уæлдæрзагъдгонд уагдæттыл. Фæлæ уый фæстæ азы та æркæнгæ дыргътæн байуарæм се ‘мбис. Хæрзаудæн акцийы фæлгæтты дыргътæ уарын райдайдзыстæм ацы бонты», – фехъусын кодта ООО «Южный сад» Цæгат Ирыстон-Аланийы генералон директор Бæтæгаты Вячеслав.

Директор ма нын куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ цы фæткъуытæ тонынц, уыдон сты сæрмагонд сорттæ «Га-ла», «Местар», «Голден». Ивгъуыд аз фылдæр тыллæг æркодтой – 100 тоннæйы бæрц. Фæлæ ацы аз уалдзæджы уазæлттæ кæй ахаста, уый тыххæй къад-дæр тыллæг æрзад. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы аз ноджы  фæуæрæхдæр кодтой сæ дыргъдон. Ныссагътой ахæм фæткъуыйы сорттæ куыд «Фуджи», «Пинк леди» æмæ «Гренни Слит». Куыд зонæм, афтæмæй дыргъдон «Южный сад»-ы инвестор сарæзта йæхи сæрмагонд фæрæзтæй. Быдыры фæзуат у 38 гектары æмæ дзы цыдæриддæр инфраструктурæ арæзт цæуы, уыдон дæр инвестор йæхæдæг аразы. Ныртæккæ та дыргъдоны иу кæрон арæзт цæуы цад, цæмæй кæддæриддæр дыргъдонæн уа донхæры дон.

Дыргъдоны райсом 7 сахатæй суанг 16 сахатмæ кусджытæ мыдыбындзытау фезмæлынц. Райсомæй алы кусæджы дæр басгары дохтыр-терапевт. Сбары йын йæ туджы æлхъывдад æмæ кæд йæ медицицнон уавæр, йе ‘нæниздзинад йæ уагыл вæййы, уæд ын радты бар дыргъдоны дыргътæ тонынæн.

Горæты администрацийы ахуыры хайад стыр бузныг сты компанийæ. Скъолайы агъоммæйы уагдæттæн æмæ скъолаты ахуыргæнинæгтæн уыдон фæткъуытæ фæкæнынц æлхæнгæ æмæ сын ацы дыргътæ вæййынц хорз лæвар.

Дыргътыл райгондæй сæмбæлынц медико-социалон центр дæр. Нæ республикæйы цы зæрæдты хæдзар ис, уымæн æххуыс бирæ хицæн адæймæгтæ кæнынц. Фæлæ ахæм хæдзарадтæй æххуыс арæх нæ вæййы. Интернаттæ æмæ сывæллæтты хæдзары къухдариуæггæнджытæ дæр куыд загътой, афтæмæй сын арæх балæвар кæнынц чингуытæ, уæлæдарæс, ахуыры рæстæджы хъæугæ æрмæджытæ, фæлæ дыргътæ лæвары хуызы уыдон фыццаг хатт райстой.

Фæткъуытæ сты хæрзгъæд. Уый бафидар кодта æмбæлон службæ. Дыргътæ басгæрстой æмæ сæ нитраттæ нормæйæ фылдæр нæй.

«Южный сад»-ы директор Бекъойты Леуан куыд зæгъы, афтæмæй ацы дыргъдоны сырæзт канд инвесторæн пайда нæу, фæлæ ма стыр ахъаз у хъæуы цæрджытæн дæр, уымæн æмæ сын фæзынд куысты бынæттæ. Бæлæстæм æппынæдзух чи зилы, уыдоны нымæц кæд 35 адæймаджы йедтæмæ нæу, уæддæр дыргътæ æфснайыны афон уыдонмæ æрбацæуы 100 адæймаджы бæрц. Уыдон куыд æмбæлы, кæд афтæ бакусынц нормæмæ гæсгæ, уæд сæ боны куыстмызд вæййы 2 мин сомы. Уый ма загъта, зæгъгæ, цы тыллæг æрæмбырд кæной, уымæн йæ иу хай ацы къуыри аласдзысты Уæрæсейы Федерацимæ. Фæткъуытæ балхæнæн уыдзæн «Южный сад»-æн йæхи территорийыл, уæй цæудзысты нæхи базары дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ хъæууон хæдзарады ацы къабаз пайдаджын у, пайда хæссы канд инвесторæн нæ, фæлæ ма республикæйы экономикæйæн. Уымæ гæсгæ сиды нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй се ‘ргом аздахой ацы куыстмæ. Бузныг зæгъы республикæйы къухдариуæгад æмæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауырæн, инвестор ссарынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.