Хæстон фæндæгтыл Берлины онг бахæццæ, гитлеронты фидар штурмæй сисыны операцийы архайдта.
Уый размæ та уыдысты тæссагдзинæдтæй йемыдзаг хæсты дæргъвæтин азтæ… Берлин сисыны фæстæ Рейхстагы къултæ йемыдзаг уыдысты советон салдатты уæлфыстытæй: нæмттæ, мыггæгтæ, горæтты нæмттæ, хæстон маршруттæ. Тедеты Георги дæр йæ мыггаг æмæ ном фыста.

Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы зæхкусæг бинонты фырт Тедеты Георги Сачинойы фырт куыд мингай советон лæппутæ æмæ чызджытæ, афтæ скъола каст фæцис, æмæ ацыд фронтмæ.

Рæнхъон Тедейы фырт йæ хæстон фæндаг райдыдта 394-æм æхсæг дивизийы 808-æм æхсæг полчы. Цыбыр рæстæгмæ цæвиттойнаг салдат, æрвыст æрцыд горæт Тбилисмæ артиллеристты скъоламæ. Уым ын радтой кæстæр лейтенанты ном. Æфсæддон ахуырадон уагдоны фæстæ æвзонг афицер нысан æрцыд Азербайджаны æхсæг дивизийы 416-æм æхсæг полкы взводы командирæй. Æмæ йæ уæд бахъуыд йæ зонындзинæдтæй практикæйы спайда кæныны сæр.

1942 азы  сæрды карз тугкалæн тохтæ цыдысты Цæгат Кавказы Мæздæджы цур. 416-æм дивизи алыг кодта Грознæйы нефтмæ фæндаг. Радон хæстон операцийы рæстæджы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй Тедеты Георгийæн саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден.

Знаг æппæрст æрцыд Цæгат Кавказы хохрæбынтæй. Ныр размæ æмæ æрмæстдæр размæ! Йæ фæндагыл полк йæ фæстæ уагъта знагæй ссæрибаргонд горæттæ æмæ районтæ – Батайск, Азов, Таганрог.  Уæлдай тынгдæр банысан кæнын хъæуы Таганрогы цур тохты. Ам дæр та стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыста Тедейы фырты артиллеристты взвод. Уæлдæр командæгæнæджы бардзырдæй 1943 азы 30-æм августы 416-æм дивизийæн лæвæрд æрцыд «Таганрогаг»-ы ном фашистты таганрогаг къорды скуынæг кæныны тынг хорз хæстон архайдтыты тыххæй.

Уæлахиз къухты æнцонтæй никуы баф­ты. Радон карз тохы рæстæджы Георги фæцæф. «Мæ фыд куы сдзæбæх, уæд æвæс­тиатæй фæстæмæ ацыд фронтмæ. Хайад иста Никополь, Мариуполь, Мелитополы сæрыл тохты», – радзырдта нын фронтоны чызг, Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Нанули.

Дыууæ мæйы дæргъы тугкалæн тохтæ цыдысты Мелитополы, горæт цыд къухæй къухмæ. Размæбырсæг советон æфсæдтæ уыцы рæстæгмæ æййæфтой хæстон æрмæджыты хъуагдзинад, æрцыд сыл уды зиæнттæ, фесæфтой сæ техникæйæ. Æмæ немыцæгтæ та æппынæдзух истой æххуыс. Уæд полчы разамынад аскъуыддзаг кодта размæбырст æхсæвыгон саразын. Командæгæнæгы бардзырдмæ гæсгæ Тедейы фырты дæлхай рацыд раззаг рæнхъыты сæ къухтæм автоматтæ райсгæйæ.

Æхсæвыгон арв уыд сыгъдæг æмæ ирд, ацы хатт мæй зынд уæлдай стырдæрæй. Æрдзы ацы рæсугъддзинад цæлхдуртæ æвæрдта размæбырсджыты раз, уымæн æмæ знаг, гæнæн уыд, æмæ фæхатыдаид советон дæлхæйтты размæцыд. Фæлæ сын уæддæр бантыст сæ фæнд сæххæст кæнын. Æмæ мæнæ фыццаг ныхдур – минæтæ æвæрд сты ныхмæлæууæджы позициты раз æнæхъæн тыгъдады.  Тедейы фырт куы нæ уыдаид, уæд уыцы æхсæв хæстонтæй сæрæгасæй ничи аирвæзтаид.

«Сæ полкы сапертæ нæ уыд. Мæ фыд йæхæдæг æрæвнæлдта минæтæй фæндаг асыгъдæг кæнынмæ. Æрдуйыл лæууыдысты йæхи   æмæ йæ салдатты цард дæр», – зæгъы Тедеты Нанули.

Ахызтысты быдырыл, гæнæн уыд сусæгæй размæ цæуын. Цыдæр рæстæджы фæстæ полкы хæстонтæ федтой немыцаг фынæй салдаттæй йемыдзаг акъоппытæ. Æхсын сæ райдыдтой пулеметтæй, атакæ кодтой джебогътæй æмæ знаджы позицитæ бацахстой. Фашисттæй ма удæгасæй чи баззад, уыдоны та ракодтой уацары. Горæтмæ æрбацыдысты иннæ дæлхæйттæ дæр æмæ Мелитополь сæрибар æрцыд.

Мелитополь ссæрибар кæныны тыххæй Тедеты Георги хорзæхджын æрцыд 1-аг къæп­хæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй.

Хæстон бонтæ кодтой уæззауæй – уæззаудæр, фæлæ иуæй иу цаутæ ветеран мысыд уæлдай хъармдæрæй:

Мелитополь ссæрибар кæныны рæстæджы бастдзинады кусæг Къацты Димитр йæ хъус дардта, цæмæй бастдзинад куыстаид æнæ къуылымпытæй. Быдырон телефонæй полкы командир бардзырд радта Тедеты Георгийæн: «Капитан Тедейы фырт, уæ хæцæнгæрзты хæтæлтæ ныддарут фæстæмæлæууæг танктыл квадрат «8»-мæ». Къацты Димитр куы базыдта Георги йе ‘мхъæуккаг, йе ‘взонгады хæлар у, уæд тынг фæдис кодта. Æнæнхъæлæджы фембæлд сын æрхаста стыр циндзинад. Тедеты Георги æмæ Къацты Димитр иу полкы, фæлæ хицæн батальонты баслужбæ кодтой цалдæр мæйы дæргъы.

Чи загъта æмæ уæлахиз къухты æнцонтæй æфты? Мелитополы фæстæ советон æфсæдтæ ссæрибар кодтой Одессæ æмæ Николаевы. Тедейы фырты артиллерион дæлхай активон хайад иста размæбырсæн операциты.  Одессæйы сæрыл тохты Георгийы батарея скуынæг кодта бирæнымæц немыцаг салдатты, цалдæр танкæйы æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ.

«Мæ фыдæн-иу арæх æрлæууыдысты йæ зæрдыл уыцы бонтæ, Одессæйы тыххæй-иу дзырдта, зæгъгæ, уым уыд тынг тæссаг, горæт сыгъд, сыгъдысты магазинтæ, хæдзæрттæ, нæмыгонтимæ æфтауцдæттæ. Горæтмæ бахизгæйæ, æмæ уынгтыл цæст ахæсгæйæ федтой партизанты. Уыдон сын фехъусын кодтой, зæгъгæ, немыцаг салдаттæ машинæтыл ласынц оперон театры ифтонггæрзтæ æмæ декорацитæ Кишиневы ‘рдæм», – дзырдта йæ фыды мысинæгтæ хæсты хайадисæджы чызг.

Полк ацыд уыцы здæхты æмæ æцæгæйдæр партизантæ раст разындысты. Разæй цыд салдаттимæ автомашинæты колоннæ. «Мæ фыд райдыдта æхсын, сцæф кодта фыццаг машинæйы æмæ сын афтæмæй æрæхгæдта сæ фæндаг. Немыцаг салдаттæ, уæзласæн машинтæй рагæпп кæнгæйæ, райдыдтой лидзын сæ уæзтæ фæндагыл ныууадзгæйæ. Афтæ бахъахъхъæдтой Одессæйы оперон театры реквизит», – радзырдта нын Тедеты Нанули.

Одессæйы сæрыл тохты артиллерион батареяйыл раст æмæ арæхстджынæй къухдариуæгад кæныны тыххæй, Тедеты Георги хорзæхджын æрцыд 2-аг къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй. Тедейы фырты тыххæй арæх фыстой фронтон газетты, дзырдтой йын йе сгуыхтдзинæдты тыххæй.

1945 аз. Тедеты Георги æмæ йе ‘мполкъонтæ уыдысты Берлины къулдуары цур. Знаджы йæ лæгæты æхста советон артиллери. Æрмæст Тедейы фырты батарея ныхмæлæууæгыл ауагъта 300 снарядæй фылдæр. Рацыд цыдæр рæстæг æмæ Рейхстагы сæрыл æрсагътой Сырх тырыса. 2-æм майы берлинаг гарнизон сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрдтой. Советон салдаттæн бардзырд радтой æхстытæ æруромыны тыххæй. Уæд райдыдтой зынын уæлфыстытæ знаджы цитаделыл дæр.

«Уыдон æрзылдысты Рейхстагы алыварс, бацыдысты кæртмæ. Ам мæ фыд карды бырынкъæй скъахта – «Рейхстаг сисыны хайадисæг – ирон, батальоны командæгæнæг Тедеты Георги Сачинойы фырт», – дзырдта Тедеты Нанули.

Берлинаг операцийы рæстæджы фæстаг къуыриты немыцæгтæ удуæлдай тох кодтой. Уый фæдыл-иу Георги йæ мысинæгты дзырдта: «Берлины горæтгæрæтты цыдысты карз тохтæ. Хъæбатырæй хæцыдысты мæ батареяйы артиллеристтæ æмæ æгъатырæй куынæг кодтой знаджы танкæтæ. Артиллеристтæ хайад истой Бранденбургаг кулдуæртты цур тохты дæр».

Фæлæ хæстон хæрзæгъдау кæй уыд, уымæ гæсгæ никуы дзырдта, 3-аг цæвæг армийы рæнхъыты Берлины сæрыл тох кæнгæйæ, уый Уæлахизы Тырыса кæй æрсагъта Рейхстагæй цалдæр метры æддæдæр, Бранденбургаг кулдуæртты сæрмæ.

Тедеты Георгийы сгуыхтдзинæдты бæлвырдгæнæнтæ сты йæ ордентæ æмæ майдантæ. Хорзæхтæ абоны онг дæр конд сты ветераны пиджакыл. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Тедеты Георги дыууæ хатты хорзæхджын æрцыд 1-аг къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй æмæ дыууæ хатты та – 2-аг къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй, саккаг ын кодтой Александр Невскийы орден, Сырх Стъалыйы орден, майдантæ «За освобождение Варшавы», «За взятие Берлина», «За победу над Германией»-йы æмæ æндæр хорзæхтæ.

Сахъ ирон лæг, фæллад хæстон йæ Райгуырæн бæстæмæ æрæздæхт 1946 азы. Георги йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы амыдта æфсæддон хъуыддаг. Уый уыд уарзон цардæмбал, фыд æмæ иууыл зæрдæхæлардæр Дада йæ хъæбулы хъæбултæн.

Хъыгагæн, адæймаджы цард æнусон нæу, абон ветеран Тедейы фырт сæрæгас нал у, фæлæ йæ ном рох нæу. Сæ фыды стыр æхсызгонæй фæмысынц йæ сывæллæттæ. Сæрыстыр сты сæ Хъайтарæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.