Цæгат Ирыстоны информацион сайт «15-регион» бацæттæ кодта проект-конкурс «Пойдем с нами». Уыцы конкурс «Юнкор-2023»-йы архайдзысты, йæ фидæн журналистикæимæ сбæттынмæ чи хъавы, уыцы фæсивæд. Бынæттон ахуырдзаутæй уæлдай дзы архайдзысты Мæскуы, Петербург, Донецк, Симферополь, Краснодар, Воронеж, Омск, Калуга æмæ Кавказы республикæтæй.

Конкурсы сæйраг нысан у фæсивæды сæ истори æмæ культурæмæ æнгом кæнын, се ʻхсæн хъомыладон куыст æмæ сæм патриотон æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын. Уый тыххæй уал сын Дзæуджыхъæуы цæудзæн ахуыртæ. Зонгæ сæ кæндзысты журналистикæйы сусæгдзинæдтимæ, дзурдзысты сын Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ Украинæйы сæрмагонд операцийы тыххæй, уадздзысты сын мастер-къласстæ алы предметтæй…

«Конкурсы архайджытæм æнхъæлмæ кæсы бирæ мидисджын мадзæлттæ, базонгæ сæ кæндзыстæм Ирыстоны рæсугъд æрдзимæ, не ʻгъдæуттæ æмæ нæ культурæимæ. Уый сын стыр ахъаз фæуыдзæн сæ дарддæры сфæлдыстадон куысты», – загъта сайт «15-регион»-ы блогер Бæззаты Алинæ.

Уыцы зонындзинæдты бындурыл конкурсы архайджытæ ныффысдзысты сæ конкурсон куыстытæ. Ист цæуынц куыд хицæн куыстытæ, афтæ коллективонтæ дæр. Æркæсдзысты сæм 1-æм февралæй 10-æм апрелмæ. Йæ архайджытæй алчидæр райсдзæн диплом. Уæлахиздзауты фæндаг та уыдзæн практикон мадзæлтты архайынмæ. Сæ фæлтæрддзинад сын амондзысты дзыллон мыхуыры фæрæзтæ, цæмæй журналистикæмæ ноджы фылдæр зонындзинæдтимæ бахизой.

 

ЦАРД  АХÆМТЫЛ  ЛÆУУЫ

Республикæйы дарддæр цæуынц сæрмагонд хæстон операцийæн æххуысы мадзæлттæ. Куы иу ран, куы иннæ ранæй араст вæййы гуманитарон æххуыс нæ лæппутæм. Ис ахæмтæ æмæ хæсты райдайæнæй нырмæ йе ʻххуыс кæнын нæ ныууагъта. Уыдонæй иу у, транспорты хæйттæ чи уæй кæны, ахæм дуканийы хицау Антон Гурин.

Ацы амалхъомы хæрзаудæн архайдыл чиныг ныффыссæн ис. Хæстон операцийы архайджытæн æдзух æрвиты хæлцады продукттæ, квадрокоптертæ, маскæтæ, телескоптæ, хæстон дзаумæттæ, згъæр хæдæттæ…

Фæлæ йæм ныр уый дæр фаг нал фæкаст. Гурин ацы бонты балхæдта, алы рæтты дæр чи ацæудзæн (внедорожник), ахæм машинæ, саргъуыдтой йыл нæлгоймæгты моладзандоны æмæ æрвыст æрцыд ирон батальонтæм фронты раззаг хаххмæ.

Уымæй дарддæр, Куыстдæттыны республикон центр сарæзта ваканситы сæрмагонд программæ, Донбассæй ам рæстæгмæ чи ʻрцард, уыдонæн, кæд дзы ныридæгæн бирæтæ кусы, уæддæр. Ис дзы алыхуызон дæсныйæдтæ. Алкæмæн дæр дзы йæ бон равзарын у, цавæр куыст зоны, ахæм. Уыдзæн сын сæрмагонд транспорт, куыстмæ æмæ сæ фæстæмæ чи кæна, ахæм.

Республикæйы разамындмæ арфæйаг фæндон бахастой юридикон æмæ психологон факультетты студенттæ æрæджы сæ бæрæгбоны рæстæджы. Куыд фæнд кæнынц, афтæмæй сæ дæсныйадæй лæвар æххуыс кæндзысты, Донбассæй ам чи цæры, уыдонæн, стæй Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыдоны бинонтæн. Уый у стыр æххуыс.

Уæрæсейы уавæр чи æмбары, сæрмагонд операцийы фарсмæ чи æрбалæууыд æмæ йын æххуыс кæны, уыдон арфæйаг хъуыддаг аразынц. Ахæмты руаджы Уæлахиз уыдзæн мах. Цард ахæм хорз адæймæгтыл лæууы.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.