Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78 азы кадджын бæрæгбон 9 майы, Уæрæсейы иннæ регионтау, Цæгат Ирыстон дæр банысан кодта. Æрмæст раздæрау уæрæхæй нæ. Уымæн та бирæ аххосæгтæ ис. Фæлæ уæддæр рохуаты ничи баззад.

Цалдæр боны раздæр уал æфсæддон службæгæнджытæ базылдысты хæстон намысы цыртдзæвæнтæм æмæ сыл сæвæрдтой Уæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатæ.  Æфсæддонтæ ма азылдысты хæсты ветерантыл æмæ сын сæхи фæрæзтæй скодтой лæвæрттæ. Уымæй дарддæр, акци «Посмотри на их лица»-йы фæлгæтты Дзæуджыхъæуы уынгты баннертыл лæвар æвæрд æрцыд 600 хæстон хъæбатыры портреты.

Бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ райдыдтой 8 майæ. Уыцы бон республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ 58 æфсады командыгæнæг Хæдæрцаты Марат хицауады иннæ уæнгтимæ дидинджытæ сæвæрдтой Хæстон Намысы цыртдзæвæнтæ æмæ монументтыл.

Уыцы бон ма Национ музейы байгом хæстон темæимæ баст равдыст «Художники о войне», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уыдон сты хæсты рæстæджы конд нывтæ: цæф кæнæ мард хæстонтæ, пырх хæдзæрттæ æмæ куыстуæттæ, хæсты быдыр…  Сæ автортæ сты Дзанайты Азанбег, Хохты Аслан-Гирей, Арсентий Румянцев, Василий Лакисов æмæ æндæртæ. Музейы директор Цуциты Аслан куыд загъта, афтæмæй нывгæнджытæ сæ зæрдæйы хъыгтæ æвдыстой нывты руаджы. Музеймæ дæр æрбахаудысты уыцы азты.

9 майы 10 сахатыл Сабырдзинады проспекты райдыдта æфсæддон парад. Ветерантæ æмæ цæрджытæн бæрæгбоны арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

  «Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ Ирыстоны цæрджытæ дæр слæууыдысты знаджы ныхмæ. Мах кæддæриддæр мысдзыстæм йæ цард фыдыбæстæйы сæрыл чи радта æмæ чи фæуæлахиз, уыдоны нæмттæ. Нæ хæс у, цæмæй сын сæрыстырæй хæссæм се сгуыхтдзинæдтæ æнусты сæрты, истори зыгъуыммæ кæнын ма бауадзæм æмæ банысан кæнæм нæ адæмы стыр хайбавæрд иумæйаг уæлахизмæ».

Уый фæстæ Дзæуджыхъæуы гарнизоны хицау, булкъон Алексей Ткачевы разамындæй рацыдысты парады æфсæддон хæйттæ, æдæппæт мины бæрц адæймаджы. Уыдонимæ уыдысты 58 æфсады службæгæнджытæ, Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты  дæлхайæдтæ, Суворовон æфсæддон училищейы æмæ ЦИПУ-йы цур æфсæддон ахуыргæнæн центры курсанттæ, æфсæддон училищейы барабанщикты ротæ, иу æртын иуæджы алыхуызон æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ.

Изæры дæс сахатыл азæлыд бæрæгбоны солют. Уымæй фесты бæрæгбоны мадзæлттæ. Æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, стæй ма ныртæккæйы хæстон уавæр нымайгæйæ, ацы хатт бæрæгбоны нæ уыдысты «Æнæмæлгæ пъолк», сæрмагонд тематикон фæзтæ, хъазтизæртæ, быдырон къæбиц кас æмæ цаимæ æмæ алыхуызон æндæр хиирхæфсæн мадзæлттæ.

 

*      *      *

 

Уæлахизы бæрæгбоны рохуаты нæ баззадысты, абон нæ хæстон фыдæлты фарн чи дарддæр кæны, уыцы хæстон лæппутæ – Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджытæ дæр. Æхсæнадон организациты æххуысæй цалдæр уæзласæн машинæйы араст Донбассмæ ирон чъиритæ æмæ алыхуызон хæлцадон продукттимæ.

Ацы бонты республикæйы арæзт æрцыд хæстонтæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы хæрзаудæн фонд «Будем жить». Йæ бындурæвæрджытæ сты Украинæйы хæстон операцийы фæмардуæвджытæ Сергей Висячы идæдз Галинæ Висяч æмæ Абайты Альберты мад Оксанæ. Йæ сæрдар дæр у Галинæ Висяч. Фонды нысан у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ном сæнусон кæнын, хæстон лæппутæ æмæ сын сæ бинонтæн æххуыс кæнын, фæмардуæвджыты тыххæй информаци æмбырд кæнын, сæ ингæнтæм сын зилын… Организацийы кусынц дохтыртæ, социологтæ, юристтæ, психологтæ, волонтертæ.

  «Нæ зæрды ис Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджыты бинонты се *ппæты дæр æрбаиу кæнын æмæ иумæ нæ лыггæнинаг фарстатæ скъуыддзаг кæнын. Æххуыс хъæуы алыхуызон: моралон, материалон, организацион… Ис дзы ахæм ныййарджытæ æмæ фæмард сæ иунæг хъæбул. Баззадысты иунæгæй сæ судзгæ мастимæ. Нал æй зонынц дарддæр цы аразгæ у. Ахæмты фарсмæ хъæуы æрбалæууын, аныхас кæнын семæ, моралон æххуыс сын бакæнын æмæ афтæ дарддæр», – загъта Галина Висяч.

Фонд кусдзæн паддзахадон программæты бындурыл. Пайдагонд цæудзæн бюджетон фæрæзтæ æмæ амалхъомты æххуысæй.

Ныртæккæ Ирыстоны лæппутæй Фыдыбæстæйы сæрыл сæ цард чи радтой, уыдоны нымæц у 239 адæймаджы.

                                                  Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.