Алчидæр æй зоны, республикæйы транспорты куыст зæрдæзæгъгæ кæй нæу, уый. Дзæуæджыхъæуы уынгты цалдæр паддзахадон микроавтубусæй дарддæр, иннæтæ сты хисæрмагонд машинæтæ. Иугæр афтæ у, уæд сæ шофыртæ кусынц æмæ æргътæ æвæрынц, куыддæриддæр сæ фæнды, афтæ. Мур дæр ницæмæ дарынц закъæттæ æмæ республикæйы разамонджыты уайдзæфтæ.

Цалдæр мæйы размæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ныфс бавæрдта цæрджытæн, хисæрмагонд транспорт сабыргай муниципалонæй кæй раивдзæн, уый тыххæй. Загъта æмæ йæ аразгæ дæр кæны.

Ацы мæй уал Цæгат Ирыстон Китайæ лизинджы хуызы райста 23 автобусы. Нырыккон транспорт ифтонг у удæнцой бандæттæй, видеоцæстдарды системæйæ, тахографтæй, кондиционертæй. Афæдзы кæронмæ ма ацы автобустыл бафтдзæн иу ахæм, уыимæ ног трамвайтæ дæр.

Трансорты æмæ фæндæгты инфраструктурайы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд банысан кодта, афтæмæй сæйрагдæр сæ нысан у, горæты уынгтæ чи фыдуынд кæны æмæ æдас дæр чи нæ у, уыцы транспорты ногæй раивын. Уый та хъуамæ уа паддзахады дæлбар. Кусæн кæмæн нал уа, уыцы зæронд машинæты шофыртæн сæ бон у ног транспортыл кусын ног домæнтæ æххæст кæнгæйæ.

Ныртæккæ специалисттæ цæттæ кæнынц документтæ ног машинæты уынгты ауадзыны тыххæй.

Алывæрсыг æххуыс сывæллæттæн

Парти «Иугонд Уæрæсе» бирæ хорз фæндæттæ рахæссы, стæй сæ царды дæр рауадзы. Ныр дæр та фæндон бахаста республикæйы бирæсывæллонджын бинонтæн иумæйаг æххуысы мадзæлттæ сфидар кæнын.

Партийы пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ, амынд хъуыддаг баххæст кæнынæн сфидар кæнын æмбæлы льготæйы иумæйаг стандарт, æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн дæттын хъæуы иумæйаг æвдисæндар.

— Сæвзæрæг уавæр нымайгæйæ, хæссæм бирæсывæллонджын бинонты статус сфидар кæныны фæндон. Ацы статус бавдисæн ис æппæт бæстæйы фæзуатыл архайæг æвдисæндарæй. Уымæй уæлдай, ныртæккæ амынд адæмæн æххуысы бæрц иу регионæй иннæ регионы ʻхсæн бæлвырд хицæн кæны. Зæгъæм, Уæрæсейы субъектты æмбисы бирæсывæллонджын бинонты ′хсæн цæрæг сывæллæттæн ис горæты транспортыл лæвар цæуыны бар, иннæ регионты ахæм льготæтæ нæй. Ацы æууæлы аххосæй адæмы царды уавæртæ æмхуызон не сты. Адæймаг кæцы регионы цæры, уый нæ нымайгæйæ, æххуысы иумæйаг стандарт сфидар кæнын æмбæлы, — загъта партийы минæвар.

Ног закъон ма куыд амоны, афтæмæй цæрæнуаты уавæртæ фæнывыл кæныны æууæл нымад уыдзæн бирæсывæллонджын бинонтæн æххуысы мадзæлттæй иуыл. «Бинонты ипотекæ»-мæ гæсгæ, райдайæн фиддоны бæрц дæс проценты фæкъаддæр кæныны æууæл амынд хъуыддагæн ахъаз кæндзæн.

Уыимæ, бирæсывæллонджын бинонты иунæг цæрæнуат æхцайы хæсты сæрмæ тыххæй бадомынæй хъахъхъæнинаг у. Амынд æууæл нымайгæйæ, «Иугонд Уæрæсе» Центрон банкæн бафæдзæхста уыцы закъон нымайын.

Уымæй дарддæр, «Иугонд Уæрæсе» хицауады раз æрæвæрдта, раздæр азты-иу сывæллæттæ сæ фæллад кæм уагътой, уыцы лагерты куыст сног кæныны хæс. Сæ фарс рахæцыд Федерацийы Совет. Парти баххуыс кæндзæн, регионты чи нæ фаг кæны, уыцы лагерты нымæц фæфылдæр кæныны æмæ сывæллæтты фæлладуадзыны кампани ноджы нывылдæрæй арвитыны хъуыддаджы. Программæ царды рауадзыны фæдыл фæндæттæ æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Хицауадмæ.

— Нæ хæс у сывæллæтты дзæбæхгæнæн кампани нывылдæрæй æрвитынæн уавæртæ саразын, цæмæй, гæнæн цас ис, уый бæрц фылдæр сывæллæттæн сæ бон уа лагерты сæ фæллад суадзын. Уæлæмхасæн хъомылады, сывæллæтты сфæлдыстадон æгъдауæй рæзыны хъуыддаджы лагертæн аргъ нæй. Хъыгагæн, регионты уыдон нæ фаг кæнынц, æмæ программæйæн йæ нысан у ацы фарста алыг кæнын. Сывæллæтты фæлладуадзыны ахæм объекттæ хъæуынц æнæмæнгæй канд сæрдыгон нæ, фæлæ афæдзы дæргъы дæр. Партийы нысанмæ гæсгæ, программæ æххæстгонд хъуамæ æрцæуа фондз азмæ, — загъта Паддзахадон Думæйы депутат, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионты ʻхсæн координацион советы разамонæг Мæхъиты Зураб.

Нæ уацх.