Куыд Уæрæсейы æппæт регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр иууыл стырдæр политикон парти у «Иугонд Уæрæсе». Йæ хайадтæ сты алы районты, фылдæр сты йæ мандатон бынæттæ дæр. Уымæ гæсгæ республикæйы ахсджиагдæр æмæ стырдæр фарстатæ скъуыддзаг кæнынц уыдон.

Фæстаг азты партийы регионалон хайадæн разамынд лæвæрдта Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, фæлæ ацы вазыгджын рæстæг бирæ фарстытæ лыг кæнын кæй хъæуы, нæ размæ бирæ хæстæ кæй ис, уымæ гæсгæ хъæуы ноджы бæрнондæрæй архайын. Уымæ гæсгæ, партийы уæнгтæ сæ радон конференцийы æмхуызонæй схъæлæс кодтой уыцы бæрнон бынатмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы снысан кæнын. Цалдæр мæйы размæ та æвзæрст æрцыд партийы Уæлдæр советы уæнгæй.

Сергей Меняйло бузныг загъта, ахæм бæрнон хъуыд-даг ыл кæй баууæндыдысты, уый тыххæй. «Ацы тыхст заман мах хъæуы æнгом æрбалæууын æмæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путинæн æххуыс кæнын, Уæрæсейы дарддæры рæзтæн фидар бындур æрæвæрын, адæмы иудзинадыл бацархайын, абоны уавæры тыххæй сæм рæстдзинад хæццæ кæнын. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы фарстатæ алыг кæныны фылдæр хæс æвæрд ис «Иугонд Уæрæсе»-йыл».

Республикйы Сæргълæууæг æмбырды архайджыты базонгæ кодта, партийы раз цы фыцаградон хæстæ лæууы уыдонимæ. Уыдонæй сæйрагдæр у ныртæккæ Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы чи архайы, уыдон хæстон архайды ветерантыл банымайын. Уый тыххæй закъоны проект барвыстой Паддзахадон Думæмæ. Проектмæ гæсгæ,  ацы æфсæддон службæгæнджытæн уыдзæн æрвылмæйон фиддонтæ исыны, лæвар медицинон лæггæдты, хъалонты, транспортыл цæуыны, коммуналон лæггæдты льготæтæй пайда кæныны бар.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы закъон æрæджы бафыста нæ бæстæйы Президент Владимир Путин.

 

ТЕРРОРИСТОН  ФÆЗЫНДТЫТÆЙ БАХИЗЫНÆН

РЦИ-Аланийы Террористон фæзындтыты ныхмæ республикон къамис æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырды архайджытæ сæ раныхасы сæйрагдæр се ‘ргом аздæхтой, муниципалон скондты сæргълæуджытæ æмæ алыхуызон организацитæ, кусæндæттæ террористон фæзындтытæй æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Æмбырды архайдтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, министрадты минæвæрттæ…

Къамисы уæнгтæ дзуаппон докладтæ скодтой, муниципалитеттæ æмæ организациты разамонджытæ раздæр бæрæггонд хъуагдзинæдты тыххæй цы мадзæлттæ сарæзтой, уый тыххæй. Уыимæ, къамисы уæнгтæ фæн-дон бахастой, цæмæй уæлдæр амынд æгъдаухæлдтытæ афойнадыл аиуварс кæныныл ахадгæ мадзæлттæ чи нæ аразы, уыдон административон æгъдауæй карз æфхæрд цæуой.

Террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны нысанимæ цы профилактикон куыст цæуы, уый тыххæй уыд йæ раныхас республикæйы Сæргълæууæгæн. Уыцы куысты хицæндзинæдтыл бæстон æрлæугæйæ, фæбæрæг кодта, æппæт фарстаты фæдыл дæр барадхъахъхъæнæг органтимæ æргом æмархайд кæй хъæуы, уый. Барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы ведомствоты минæвæртты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, куыд фæнысан кодта, афтæмæй æдзух бæстон цæстдард хъуамæ уа профилактикон куыстмæ, цæмæй Ирыстоны цæрджытæ хызт уой терроризмы рынæй.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг æрмæст барадхъахъхъæнæг органтæй аразгæ нæу. Фарстамæ, хицауады органтæй уæлдай, се ‘ргом хъуамæ здахой æхсæнадон организацитæ æмæ æндæр дзыллон иугæндтæ дæр. Уыдоны хъæппæрисджын архайд зынгæ фæхъомысджындæр кæндзæн террористон æмæ экстремистон фæзындтыты ныхмæ профилактикон куыст. Уæлдай къæрцхъус уæвын нæ хъæуы ныр, ацы хæстон заман. Ахæм рæстæджы терроризм дæр йæ сæр æдæрсгæйæ сдары, – загъта Сергей Меняйло.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.