Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентаритæ ацы аз æмхъæлæсæй райстой «Опекæ æмæ æвджиддарды фæдыл» закъон. Ацы закъон нымад цæуы нæ республикæйы социалон сферæйы иууыл ахсджиагдæрыл.  Йæ сæйрагдæр нысан у, цæмæй паддзахад ауда йе ‘мбæстæгтыл.

«Опекæ æмæ æвджиддарды» закъоны дзырдæуы, ома кæд æмæ рæстæгмæ ныййарæгæн йæ бон нæу ныййарæджы хæстæ æххæст кæнын, уæд уыцы хæстæ рæстæгмæ лæвæрд æрцæудзысты сывæллонæн æввахсдæр  хионмæ. Закъоны ма фыстæуы, зæгъгæ, йæхимæ хæстæ чи райста опекæ æмæ æвджиддарды фæдыл, уыдон хъуамæ сæ хæстæ æххæст кæной сæ къухдариуæгады бын чи ис, уыдоны интерестæ хъахъхъæнгæйæ.

Ацы закъоны ист кæй æрцыд, уый тынг ахсджиагыл банымадта  Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты цур сывæллæтты барты фæдыл  æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ. Уый нын куыд  загъта, афтæмæй «Опекæ æмæ æвджиддарды» фæдыл цы закъон ист æрцыд, уый у  æнæмæнгхъæуæг нæ паддзахады: «Уырны мæ, æхсæнады кæй ис ахæм категорийы адæм, кæцытæн ацы закъон фæахъаз уыдзæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Ацы бынаты кусын куы райдыдтон, уæдæй абоны онг мæм бирæ æмбæстæгтæ хатыдысты, цæмæй сæхимæ райсой бæрндзинад сæ æххуысхъуаг хиуæттæй искæуыл.  Ацы закъон райсыны фæдыл дзырд цыд 2016 азæй фæстæмæ, фæлæ хъуыддаг ныддаргъ ис, уымæн æмæ закъоны проект домдта лæмбынæгдæр куыст. Уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтон, афтæмæй-иу кæд æмбæстæгтæ мæнмæ æрбахатыдысты, цæмæй сæ хион сывæллоны,  кæцы цавæрдæр уа-вæртæм гæсгæ баззад æнæ ныййарджытæй, кæнæ æндæр царды аххосæг-тæм гæсгæ сты иунæг, уыдонæн баххуыс кæнынæн опекæ саразын. Ныры онг уал уыцы фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл йæхимæ бæрндзинад райстой нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæ. Уымæ гæсгæ мын тынг æхсызгон у, ацы закъон нæ республикæйы кæй райдайдзæн кусын», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Кæд æмæ ныййарæг кæронмæ куыд æмбæлы, афтæ нæ æххæст кæны йæ хæстæ, уæд опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæ хъуамæ проблемæ сахуыр кæной æмæ æрцæуой ахæм хатдзæгмæ, кæцыйы фæрцы хъахъхъæд цæудзысты   сывæллоны бартæ.

Ивгъуыд аз афæдзы дæргъы нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны  министрады базæйыл опекæ æмæ æвджиддарды хайад ацы фарстатæ лыг кодта. Хайады кусджытæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй æрвыст цыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæ хыгъды æвæрынц нæ республикæйы социалон æгъдауæй æнæ-рæстмæ бинонты, афтæ ма ацы закъонмæ гæсгæ уыдонæн фадат уыдзæн кæцыдæр ныййарæгæн йæ бартæ байсынæн дæр.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны ми-нистрады  опекæ æмæ æвджиддарды хайады гæс Цхуырбаты Иннæ нын ноджы радзырдта: «Бирæ азты дæргъы кæд «Опекæ æмæ æвдджидарды фæдыл»  закъон ист нæ уыд, уæддæр мах нæ куыст æххæст кодтам, Уæрæсейы закъоныл æнцойгæнгæйæ. Сарæзтам, ацы закъонмæ цы категорийы  æмбæстæгтæ хауынц, уыдоны хыгъдтæ, ис ма нын сæрмагонд базæ дæр.  Тынг æнгом куыст кæнæм  нæ республикæйы мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады инспектортимæ. Ацы хайады инспектортимæ иумæ цæуæм, хыгъды цы бинонтæ лæууынц, уыдоны царды уавæртæ  бæрæг кæнынмæ, бынаты сын æркæсæм сæ цардуагон фадæттæм.

Бирæ хъæндзинæдтæ сбæрæг кæнæм, зæгъæм, сывæллæттæн нæ вæййы æнæмæнгхъæуæг царды уавæртæ, хъыгагæн, иуæй-иу хатт æййафынц ныййарæджы рæвдыды хъуагдзинад дæр. Уымæй дарддæр ма нæм тынг арæх æрбахатынц опекæ снысан кæныны фæдыл дæр.

Цхуырбаты Иннæ ма загъта, зæгъгæ, ныфс сæ кæй ис, æввахс рæстæджы сæ куыстмæ хауæг æппæт фарстатæ скъуыддзаг кæй цæудзысты, уымæй  æмæ куыст кæй æрбæстон уыдзæн закъоны домæнтæм гæсгæ. Æмæ уæд сæ бон суыдзæн баххуыс кæнын алкæмæн дæр:  психикон æгъдауæй рынчынтæн, сидзæр сывæллæттæн æмæ æнд.

Кæй зæгъын æй хъæуы, опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæн разæй ис стыр куыст. Ныртæккæ ацы хайады кусынц æрмæстдæр дыууæйæ æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм, цæмæй сæ нымæц фæфылдæр уа, уæлдайдæр та районты. Ныфс нæ ис, ацы фарст дæр скъуыддзаг кæй æрцæудзæн æвæрццагæй. Цæмæй куыстæн уа хорз фæстиуджытæ, уый тыххæй хъæуы фаг кусджытæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.