Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы радон 7-æм номыр.

Зындгонд поэт, æхсæнадон архайæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисæг Мæргъиты Къостайы райгуырдыл сæххæст 100 азы. Уый цытæн журнал мыхуыр кæны Хъазиты Мелитоны уац «Мæргъиты Къостайы царды бонты сабыр дзуринæгтæ», Мæргъиты Къостайæн йе ʻмдзæвгæты цикл «Зæххæй цæуæг рухс», афтæ ма «Æмдугонтæ Мæргъиты Къостайы тыххæй», зæгъгæ.

Прозæйæ журналы мыхуыр цæуынц Кцойты Астемыры мысинæгтæ «Царды гуылфæнты» æмæ Бызыккаты Земфирæйы æцæг хабар «Бирæгъы нуар».

Рубрикæ «Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ»-йы бынмæ мыхуыр цæуы Владимир Кузнецовы уац «Ирæттæ – Кавказы алантæ».

«Ног тæлмацтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн адигеаг фыссæг Тембот Керашевы уацау «Рæгъаугæсы мастист». Уырыссаг æвзагæй йæ ратæлмац кодта Безаты Фаризæ.

Биазырты Людмилæйы уац «Царды æнкъарæнтæ», зæгъгæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы аи-вæдты сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг Харебаты Валаны сфæлдыстады тыххæй мыхуыр цæуы рубрикæ «Аивад, культурæ»-йы бын. Рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст та нæ зонгæ кæны Харебаты Валаны куыстытимæ.

Рубрикæ «Фыссæджы цардæй», зæгъгæ, журналкæсæджы зонгæ кæны Хозиты Барисы «Иу фæлтæры минæвæрттæ»-имæ (Бицъоты Грисы фыстæджытæ Гаджиты Георгимæ).

«Бакæсæм нæ хурты хуртæн», ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Туаты Алинæйы æмдзæвгæтæ «Æз нанайы бирæ уарзын» æмæ цæцæйнаг аргъау «Фынæй сæрæнгуырд». Журналы, рубрикæ «Публицистикæ»йы бын, мыхуыр æрцыд Дзбойты Михалы очерк «Хорзæхтæ та-уæг».

«Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад»-ы бын журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн Скъодтаты Эльбрусы уац «Тугъд æма уæлахез». «Алы адæмты хабæрттæ»-имæ базонгæ уыдзыстут рубрикæ «Хæзнадон»-ы бынмæ. «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай» та мыхуыр цæуы «Хъæлдзæг хабæрттæ»-йы бын.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.