Интернеты цы политикон хæст цыдис, уый ранхъæвзта уынгтæм. Ныр цалдæр боны дæргъы Цхинвалы уынгты лæууынц æфсæддон машинæтæ, æфсæддон формæйы адæймæгтæ æмæ дыууæ сæдæйы онг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Уыдон ультимативон хуызы домынц, гæнæн цæмæн нæй, уый – закъоны фехалын. Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ æрæмбырд вæййынц  æнæзакъонон митингтæ уадзынмæ æмæ цоппай кæнынмæ, хицауад та æрвылхатт дæр архайы кæрæдзийæ сæ бахъахъхъæныныл.

Нырма уал митинггæнджыты зæрдæмæ нæ фæцыд, Централон æвзарæн къамис Президенты бынатмæ кандидатæй Кокойты Эдуарды кæй не срегистраци кодта, уый, кæцы фæстаг фондз азы нæ цард Хуссар Ирыстоны. Уый та домы æдзух Хуссар Ирыстоны территорийыл «æдзухæй цæрыны ценз», кæцыйы райста Кокойты Эдуард йæхæдæг. Уый фæстæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыд республикæйы Сæйраг тæрхондоны уынаффæ, кæцы Централон æвзарæн къамисы уынаффæ ныууагъта йæ тыхы, Кокойты Эдуард цы бæлвырдгæнæнтæ æрбавдыста, уыдон сбæрæг кæнгæйæ. Уый фæстæ та сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, Президент Тыбылты Леонид закъон фехалыныл кæй не сразы æмæ тæрхондоны уынаффæ кæй нæ аивта, уый, уымæн æмæ йæ бон уый саразын нæу æмæ  йæ ма дæр хъуамæ  сараза. Уый фæстæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, ахæм «капризтæн» министртæ дзуапп кæй нæ дæттынц, уый æмæ та радон æнæзакъонон митинджы змæнтджыты разыйæ хъæртæ æмæ æфхæрæн ныхæстæ хъуысынц Хицауады бæстыхайы цурæй.

Дыккаг къуыри Хуссар Ирыстон цæры æндыгъд уавæры. Республикæйы цæрджыты нæ фæнды ныхмæлæуды дугмæ раздæхын. Æхсæнад æргомæй загъта йæ хъуыды: паддзахады ис закъон æмæ йæ фехалыны бар æппындæр никæмæн ис. Адæмы нæ хъæуы, цæмæй фæлхатт æрцæуой 2011 азы цутæ, фæлæ хъуыддаг уымæ кæнынц экс-президент æмæ йæ фарсхæцджытæ.

НЫХМÆЛÆУУЫНАД НÆ  ХЪÆУЫ АДÆМЫ

Къуылыхты Альбинæ, гимназии «Альбионы» ахуыргæнæг: «Мах тырнæм, цæмæй саразæм барадон паддзахад æмæ нæ алчи дæр хъуамæ цæра закъонмæ гæсгæ. Æз афтæ нымайын, æмæ закъонæн халæн нæй. Мæ бинонты ‘хсæн æнцойдзинад нал ис. Æппæт мæ хъуыдытæ дæр баст сты, дарддæр цы уыдзæн, уыимæ. Æз тыхсын мæ сывæллæтты тыххæй».

Гæззаты Лианæ, ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институты директор: «Мæн фæнды экс-президент æмæ иннæ кандидаттæн дæр зæгъын, цæмæй нæ ма хъыгдарой! Махæй та алчи дæр йæхи бынаты цæрдзыстæм, кæрæдзиимæ ныхас кæндзыстæм, кусдзыстæм».

Гуыцмæзты Иринæ, гимнази «Альбион»-ы директор:  «9-æм апрелы мах иууылдæр æрцæудзыстæм æмæ хъæлæс ратдзыстæм. Нæ адæм куырыхон сты, сæ куырыхон зондахаст бирæ хæттыты фенын кодтой. Уадз, рамбулæт, фылдæр адæм кæимæ ис, уый. Дæ рæстдзинад мустъучъийæ нæ хъæуы бæлвырд кæнын».

Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ æвæткдзинадæй тæрсгæйæ, æдасæй нал хизынц уынгтæм. Нырма уал, æцæгæй дæр нырма! – Президент æмæ Хицауады тыхтæй уавæрыл контроль кæнынц, фæлæ мах сымахимæ зонæм, фаг у иу зынджы цæхæр æмæ эмоцитæ рахиздзысты исты бæллæхмæ.

ПРЕЗИДЕНТ НÆ ФЕХАЛДЗÆН ЗАКЪОН

Фыццаг бонæй фæстæмæ æнæзакъонон митингтæм чи æмбырд кæны, уыдон домынц, цæмæй сæм Президент рахиза. Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ Президент Тыбылты Леонид ис Мæскуыйы, цыран 21 марты фембæлдзæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ. Тъехты Алан куыд загъта, афтæмæй Президент у Конституцийы гарант æмæ æргомæй закъон фехалын чи домы, уыдонимæ цæуыл аныхас кæна, уый нæй.

Æцæгæйдæр, ныртæккæ уыцы адæ-мимæ бадзырдтæм рахизын, кæцытæ æргомæй халынц закъон, уадзынц æнæ-закъонон митингтæ, домынц Уæлдæр тæрхондоны закъонон уынаффæ аивын, уый нысан кæны фарст æнæбарадон  архайдмæ ракæнын. Дунейы иунæг цивилизацион бæстæйы дæр Президент йæхицæн уый бар нæ ратдзæн. Нæ Президент уыд æмæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы æмæ Закъоны гарант, сабырдзинад  бахъахъ-хъæныны тыххæй дзуапп дæттгæйæ, кæцымæ мах цыдыстæм бирæ азты дæргъы. Уыцы адæймæгтæ, кæцытæ нæ кад кæнынц нæ закъонæн, нæ кад кæнынц сæ паддзахадæн, уыдон нæ кад кæнынц æппæт ирон адæмæн дæр.

ДЫУУÆ БÆСТÆЙЫ ПРЕЗИДЕНТТЫ ФЕМБÆЛД УАГЪД ЦÆУЫ ИРЫСТОНЫ АДÆМЫ ИНТЕРЕСТЫ ТЫХХÆЙ

Тъехты Алан банысан кодта: «Тыбылты Леониды правленийы рæстæджы са-бырдзинад къухты бафтыд тынг зынтæй. Алчидæр нæ хъуыды кæны 2011 азы цаутæ, æмæ уæд цы цыд æппæт,  уыдæтты тыххæй. Ныртæккæ Президент ис Мæскуыйы, цыран ын 21-æм марты ахсджиагдæр фембæлд уыдзæн Владимир Путинимæ. Уыцы фембæлды ист цæудзысты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады, нæ экономикæйы æмæ бирæ æндæр фарстыты фæдыл сæйрагдæр уынаффæтæ.

Ацы фоныл, куыд уынæм, уымæ гæсгæ фæзындысты ахæм тыхтæ, кæцыты фæнды уавæр сдестабилизаци кæнын æмæ фембæлд ма бауадзын, кæцы тынг ахсджиаг у нæ адæмæн. Мах алыхатт дæр æргом стæм ныхас кæнынмæ æмæ цæттæ стæм закъонæн ныхмæвæрд чи не сты, æппæт уыцы фарстытыл дæр æруынаффæ кæнынмæ. Алчидæр хъуамæ хорз æмбара уый, æмæ Уæлдæр тæрхондоны уынаффæйыл ницахæм ревизитæ нæ уыдзæн».

Ацы уавæры нæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ республикæйы Парламент раздæрау ныртæккæйы ситуацийы тыххæй кæй ницахæм комментаритæ дæтты. Уымæй дарддæр ма цалдæр депутаты хайад исынц æнæзакъонон митингты. Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй нæ Парламенты зæрдæмæ цæмæннæ цæуы, Цæгат Ирыстоны æвзарæн фадгуытæ конд кæй цæуынц, уый æмæ цæмæннæ исты дзуры, республикæйы Закъон хæлд куы цæуы æмæ закъон фехалынмæ куы сидынц, уæд?

«МАХ НÆ ХЪÆУЫНЦ ХУЫЗДЖЫН РЕВОЛЮЦИТÆ»

Хуссар Ирыстоны адæм биря тыхтæдз кодтой уый тыххæй, цæмæй 2011 азы цауты фæстиуджыты сæрыты ахуызтаиккой. Республикæйы ситуации сдестбилизаци кæнынмæ ныртæккы бафæлвæрдтытæ не мбæстæгтæм æвзæрын кæнынц стыр катайдзинад. Номхуындæй, уымæ гæсгæ политикон партиты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ сидынц æхсæнадон фæткхалджытæм сабырдзинад æмæ зондджындзинадмæ.

Санахъоты Давид, парти «Ног Ирыстоны» лидер: «Мах тыхсын кæны ситуаци. Фæстаг рæстæжы мах иумæ куыстам ууыл, цæмæй сфидар уыдаид сабырдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Стыр архайдтыты руаджы махæн уый нæ къухты бафтыд. Æппæт сæвзæргæ фарстыты скъуыддзаг кæнын хъæуы закъонмæ гæсгæ, ницахæм æндæр фæндаг нын нæй. Мах ам нæ хъæуынц хуызджын революцитæ. Украинæйы цæвиттоныл мах уынæм, цæмæ æркæнынц ахæм архайдтытæ, уый. Ис закъон, æмæ уый хъуамæ алы æмбæстаг дæр хъахъхъæна. Ныртæккæ махмæ цæмæн хъуамæ уа ахæм змæстытæ, цæ-мæн сæ провокаци кæнынц? Провокацитæ арæзт цæуынц, фæлæ махæн бар нæй змæстытæ бауадзын. Ныртæккæ Президент атахт Мæскуымæ Путинимæ фембæлынмæ, цæмæй аскъуыддзаг кæной æфсæддон службæгæнджыты социалон гарантиты, Хуссар Ирыстоны куыстмызд фæфылдæр кæныны, нæ хъæуты газификаци  кæныны фарстытæ. Уыдон иууылдæр сты нæ адæмæн ахсджиаг фарстытæ.

Президент нæма ацыд, афтæмæй нæ бæстæйы расидтæуыд змæстдзинад. Уый та никæйы хъæуы. Æмæ чидæриддæр Ирыстоны уарзы, уыдон уый æмбарынц. Кæд искæйы фæнды Президентон æв-зæрстыты хайад исын, уæд уый кандидатурæйы фæдыл фæндон хæссы Централон æвзарæн къамис. Алкæмæн дæр уый фæстæ ис уыцы фæнды фæдыл хъаст тæрхондонмæ бахæссыны фадат. Тæрхондоны фæндон Кокойты Эдуарды тыххæй мыхуыргонд æрцыд, æмæ алы адæймагæн дæр ис уыйимæ базонгæ уæвыны фадат. Æмæ уый фæстæ нал хъæуы адæмы кæрæдзийыл ардауын. Махмæ уыд 2011 аз, æмæ уый сфæлхатт кæнын нæ фæнды адæмы. Мах хъæуы æрмæст сабырдзинад æмæ кæрæдзи æмбарынадзинад».

Фыд Иаков: «Мæн фæнды бахатын не ‘ппæт æфсымæртæ æмæ хотæм. Цæй æмæ уæм æнгом мидæг, мах ма хъуамæ æруадзæм ныхмæлæуд. Мах хорз федтам Украинæйы цытæ цыд, уый. Æз сидын нæ куырыхон адæммæ иудзинадмæ, цæмæй ныхмæдзыд ма ‘руадзæм, науæд уый фæстæ байрæджы уыдзæн».

Коцты Игорь, парти «Ныхас»: «Алы йæхицæн аргъгæнæг ирон адæймаг дæр хъуамæ æххæст кæна закъон æмæ барвæтк, цæмæй нæ адæм ма тæрсой уынгтæм рахизынæй æмæ 2011 азы цаутæ фæлхатгонд ма ‘рцæуой. Мах не ппæт дæр, нæ сывæллæттæ, нæ цардæм-бæлттимæ ма хъуамæ тæрсæм уынгмæ рахизынæй. Уымæ гæсгæ æз сидын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй æххæст кæной закъон. Хъæуы саразын афтæ, цæмæй 2011 азы цы политикон цаутæ æрцыд, уыдон фæлхатгонд ма ‘рцæуой».

Дудайты Иртох, парти «Фыдыбæстæ»: «Фыццаджыдæр мах не ‘ппæтдæр стæм æфсымæртæ æмæ хотæ. Æмæ абон æнæзакъон митингтæм чи цæуы, уыдонæн хъæуы бацамонын, уый цæмæ æркæндзæн, уый. Мах бирæ цæвиттонтæй уынæм, æнæзакъон митингтæ хорзæй ницæмæ æркæнынц æмæ æркæндзысты, уый. Ныртæккæ махмæ цытæ цæуы, уыдон сты æнæзакъон архайдтытæ. Мах фондз азы дæргъы сабыр уавæрты размæ цæуæм, æрфидар нæм ис сабырдзинад, æмæ та ныр Хуссар Ирыстоны уавæр хъавынц скарз кæнынмæ. Мах хъуамæ уый ма æруадзæм, мах хъуамæ равдисæм нæ цæрдхъомдзинад, нæ зæнджындзинад æмæ Уæрæсеимæ нæ цæдисыл æнувыддзинад. Мах хъæуы сабырдзинад, мах фыццаджыдæр Уæрæсейæн хъуамæ равдисæм, ирон адæм рæстаг адæм кæй сты. Мах Уæрæсейы кæд стратегион партнерыл æмæ не стыр æфсымæ-рыл нымайæм, уæд махæн бар нæй, цæмæй уыдон фыдæнхъæл фæкæнæм. Æз сидын æппæт адæммæ дæр, митингты вæййынц сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ. Хъæуы фарн æмæ разыдзинад бахъахъхъæнын».

АЛАНТÆ СТЫ СÆРЫСТЫР ÆМÆ САБЫРУАРЗ

Хъуыддаг нырма нæ бахæццæ ис цæхгæр архæйдтытæм, барадхъахъæнæг органтæ нырма уавæр дарынц сæ дæлбар, адæмы сабыр кæнын фæразынц. Фæлæ иучысыл провокаци дæр йæ бон у æмæ æркæна уæззау фæстиуджытæм. Мах не ‘ппæтдæр хорз хъуыды кæнæм 2011 азы цаутæ. Уæд мах, адæмы уынгтæм чи ракота, уыдонæн уæддæр фаг кодта æмбарындзинад, цæмæй адæмы комкоммæ ныхмæлæудмæ ма бакодтаиккой. Æмæ абон фыццаджыдæр хъæуы бахатын, адæмы уынгтæм чи кæны, йæхи политикон хиуарзондзинады тыххæй адæмæй чи пайда кæны, уыдонмæ. Алы адæймагæн дæр закъон у иугъуызон. Нæ хъæуы халын æхсæнадон сабырдзинад хисæрмагонд пайдайы тыххæй. Мах нæ хъæуы Майдан. Мах ирæттæ стæм, мах Алантæ стæм, цæй æмæ уый ма рох кæнæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.