Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ Пенсион реформӕ ӕмӕ пенсион кар фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй закъоны проектмӕ цалдæр хатты бахастой ивддзинӕдтӕ. Ивддзинӕдтӕ хӕсгӕйӕ, нымад ӕрцыдысты, Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин адӕммӕ йӕ Ныстуаны рӕстӕджы цы фиппаинӕгтӕ загъта, уыдон. Афтӕмӕй ног документ ӕртыккаг бакасты фӕстӕ фидаргонд ӕрцыд.

Ногдзинæдтæ сæ тыхы бацӕудзысты 2019 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ. Пенсион кар фӕфылдӕр уыдзӕн 1959-ӕм азы ӕмӕ уымӕй фӕстӕдӕр чи райгуырд, уыцы нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ, 1964 азы ӕмӕ уымӕй фӕстӕдӕр чи райгуырд, уыцы сылгоймӕгтӕн. Ацы кары нӕлгоймæгтӕ пенсийы ныр цӕудзысты 65-аздзыдӕй (раздӕр цыдысты 60-аздзыдӕй), сылгоймӕгтӕ та – 60-аздзыдӕй (раздӕр цыдысты  55-аздзыдӕй).

Ног закъоны хицӕн бынат ахсы, йӕ фӕллойадон стаж бирӕ кӕмӕн у, уыцы адӕмæн пенсийы рагацауацӕуыны фæтк. Ацы ран дӕр нымад ӕрцыдысты Президенты фиппаинӕгтӕ, ӕмӕ ныр, йӕ фӕллойадон стаж 42 азы кӕмӕн у, уыцы нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн пенсийы раздӕр ацӕуын (ӕрмӕст сыл 60 азӕй къаддӕр хъуамӕ ма цӕуа), афтӕ, 37 азы цы сылгоймаг бакуыста, уый дӕр (ӕрмӕст ыл 55 азӕй къаддӕр хъуамӕ ма цӕуа).

Пенсион кар фӕфылдӕр кӕныны хъуыддаг се ‘ппӕтмӕ нӕ хауы. Зӕгъӕм, нырмӕ куыд цыдысты, афтӕ дарддӕр дӕр пенсийы цӕудзысты:

– йӕ кар кӕмӕн ӕрӕййӕфта, ӕмӕ 2019 азы 1 январӕй раздӕр пенсимӕ ацӕуынӕн йӕ гӕххӕттытӕ чи бацӕттӕ кодта ӕмӕ сӕ Пенсион фондмӕ чи ба-лӕвӕрдта, уыдон;

– ӕнӕниздзинадӕн зианхӕссӕг ӕмӕ уӕлдай уӕззаудӕр уавӕрты чи куыста, уыдон (шахтертӕ, геологтӕ, ӕрдзон фӕрӕзтӕ амалгӕнджытӕ, шахтӕтӕ ӕмӕ рудниктӕ аразджытӕ, “тӕвд” цехты кусджытӕ, бæлццæттæ ласыны горӕты ӕхсӕнадон транспорты маршрутты шофыртӕ, уæлдæфон нау скъæрджытæ ӕмӕ æмбæстагон авиацийы инженерон-техникон кусджытӕ);

– йӕ социалон уавӕртӕ кӕнӕ ӕнӕниздзинадмӕ гӕсгӕ пенсийы раздӕр рацӕуыны бартӕ кӕмӕн ис, уыдон (цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм инвалидтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ; фӕллойадон стаж Дард Сыбыры чи бакуыста, афтӕмӕй 2 ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллоны чи ныййардта, уыцы сылгоймӕгтӕ; йӕ гуырцæй инвалид сывӕллонмӕ чи каст ӕмӕ йӕ 8 азы онг чи хъомыл кодта, уыцы ныййарджытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ);

– техногенон ӕмӕ радиацион бӕллӕхты (зӕгъӕм, “Маяк” кӕнӕ Чернобылы) хъыгдард чи баййӕфта, уыдон.

Дард Сыбыры чи куыста, уыдонӕн, стӕй медицинон кусджытӕн, ахуыргӕнджытӕн, аивады кусджытӕн, пенсийы раздӕр ацӕуыны уагӕвӕрдтӕ иуцасдӕр аивдзысты ног закъоны проектмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, ахуыргӕнджытӕ, дохтыртӕ, аивады кусджытӕн, нырмӕ куыд уыд, афтӕ хъуамӕ уа пенсимӕ раздӕр ацӕуынӕн бардӕттӕг сӕрмагонд профессионалон стаж – 15 азӕй 30 азы онг. Фӕлӕ пенсимӕ ацӕуынӕн гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кӕныны фарста къӕпхӕнгай кӕндзӕн дарддӕр – 2019 азӕй райдайгӕйӕ, алы аз дӕр ыл ӕфтдзӕн афӕдз. Афтӕ-мӕй, ивддзинӕдтӕ аххӕсдзысты 2023 азмӕ (уыцы аз  дӕр нымайгӕйӕ), цалынмӕ 5 азмӕ не схӕццӕ уой, уӕдмӕ.

Пенсимӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр рацӕуыны бар уыдзӕн, бирӕ  сывӕллонджын сылгоймӕгтӕн (ацы ран сӕйраг у, сывӕллæтты нымæц). Уымӕй уӕлдай, пенсийы ӕмбырдгӕнӕн хай кӕмӕн ис, ома, кусгӕйӕ пенсион ӕвӕрӕнтӕ йӕхӕдӕг чи кодта, уымӕн уыдзӕн уыцы ӕхца райсыны бартӕ, нырмӕ куыд уыд, афтӕ. Ӕрмӕст сӕ райсынӕн сылгоймагыл хъуамӕ сӕххӕст уа 55 азы, нӕлгоймагыл та – 60 азы.

Пенсион кар фӕфылдӕр кӕны-ны закъоны проектӕй уӕлдай ма Уӕрӕсейы Хицауад Паддзахадон Думӕмӕ бавдыста Фӕллойы дунеон организацийы 102-ӕм Конвенцийӕн юридикон тых раттыны тыххӕй закъоны проект. Ныхас дзы цӕуы социалон ӕфсисады ӕппынкъаддӕры бӕрцыл. Ацы Конвенцимӕ гӕсгӕ, фӕдзӕхстадон пенсийы ӕппынкъаддӕры бӕрц, кусӕг цы мызд иста, уымӕй 40 процентӕй къаддӕр хъуамӕ ма уа.

Уымӕй уӕлдай, Конвенцимӕ гӕсгӕ фидаргонд ӕрцӕудзысты пенсион системӕйы хицӕн бындуртӕ. Зӕгъӕм: пенсион кар 65 азӕй фылдӕр хъуамӕ ма уа, уыцы кар та фидаргонд хъуамӕ цӕуа ӕрмӕстдӕр фарстайыл дзуап-дӕттӕг хицаудзинады органты уынаффӕйӕ, стӕй бӕстӕйы кардзыд цӕрджыты куыстхъомдзинадмӕ гӕсгӕ; паддзахадӕн ис пенситӕ фидыны тыххӕй уагӕвӕрдтӕ фидар кӕныны бар; гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг пенси йӕ раздӕры мызды 40 процентӕй иса къаддӕр, стаж ӕм фаг куы нӕ уа, кӕнӕ дзы Пенсион фондмӕ фиддонтӕ кӕд нӕ цыд, уӕд (фйфӕлӕ цыфӕндыйӕ дӕр фӕллойадон стаж, ӕппынкъаддӕр, хъуамӕ уа 10 азы).

Уымӕй уӕлдай, ныхас цӕуы, адӕймаг барвӕндонӕй пенсион ӕвӕрӕнтӕ кӕй кодта, уыцы программӕйыл дӕр. Уый дӕр уыдзӕн ног пенсион системӕйы хицӕн хай. Ахӕм ӕвӕрӕнтӕ чи скодта, уымӕн йӕ пенси уыдзӕн 10-20 проценты фылдӕр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.