Ныртæккæ æппæты фылдæр цы фарсты фæдыл дзырдæуы, уый у пенсион рацарæзты фарст. Ацы фарсты фæдыл ног закъоны авторыл нымад у УФ-йы Финансты министрады НИФИ-йы (Зонадон-иртасæн финансон институт) директор, æрыгон ахуыргонд Владимир Назаров. Уый бирæ фæсарæйнаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты райста цалдæр ахуырдзинады æмæ ацы закъон сси йæ уæзгæдæр бахаст уæрæсейаг экономикæйы фадыджы куыстмæ.

Пенсион рацарæзты закъоны дзырд цæуы, зæгъгæ, адæймаг пенсийы хъуамæ ацæуа – нæлгоймæгтæ 65, сылгоймæгтæ та – 63-аздзыдæй. Уымæй дарддæр ма закъонæн æттейæ дзырд цæуы, цæмæй пенсийы кар дыууæ æрдæн дæр уа æмхуызон, ома, сылгоймагæй-нæлгоймагæй пенсийы цæуой  65-аздзыдæй.

Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ пенсийы цыдæуы 55/60-аздзыдæй. Фæлæ ма ныр, ног закъонмæ гæсгæ, сылгоймæгтæ хъуамæ уæлæмхас бакусой æстгай азтæ, нæлгоймæгтæ та – фæндзгай азтæ.

Ацы фарст Уæрæсейы паддзахадон Думæйæ æрвыст æрцыд уæрæсейаг регионалон парламенттæм хъæлæс ыл скæныны сæраппонд. Ныртæккæ ацы ног закъоны пайдайæн æппæрццаг фæндон рахастæуыд 17 регионы. Уыдон æхсæн сты Цæцæн, Дагъыстан, Камчаткæйы край, Дзуттаг автономон област, афтæ Мæскуыйы æмæ бирæ æндæр рæтты. Хорзыл æй банымадтой 51 регионалон парламент æмæ 40 закъондæттынадон æмбырдæй фылдæр. Уыдон нымæц ныр фæфылдæр уыдаид. Фæстаг бонты онг уыдон æхсæн уыдысты Цæгат Ирыстон, Ленинграды, Саратовы, Калининграды, Архангельскы, Кировы æмæ Томскы областтæ, Алтайы, Карелийы, Мордови, Чуваши, Алтай æмæ Приморский крайтæ æмæ а.д. Бæлвырд куыд у, афтæмæй регионты фæндæттæ æмбырд кодтой 17 июлы онг. Уый фæстæ уыдзæн Паддзахадон Думæйы Фæллой æмæ социалон политикæйы фæдыл комитеты рабадт, цыран æй бавдисдзысты райсынмæ. Гæнæн ис, æмæ уыцы хъуыддаг æрцæуа 19 июлы.

Бирæ информагентадтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй пенсийы фæдыл ног закъоны ныхмæ æхсæна-ды ис карз ныхмæлæууынад. Бирæ регионтæй цæрджыты номæй Паддзахадон Думæмæ æрвыст æрцыдысты фыстæджытæ, цыран адæм домынц, цæмæй пенсион рацарæзты закъон ист ма ‘рцæуа.

Уæрæсейы Федералон хицауады минæвæрттæ, уыцы нымæцы УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Антон Силуанов лæмбынæг æмæ бæстонæй зонгæ кæны адæмы ног закъоны нысаниуæг æмæ ахадындзинадимæ. Цыбыртæй Антон Силуановы хъуыды у ахæм, ома, ныртæккæ пенсион кар куынæ фæфылдæр кæнæм, уæд уый фæстæ нæ бон нæ бауыдзæн пенсион ифтонгад фæфылдæр кæнын дæр.

Бирæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, уыцы закъон цы зындзинæдтæ æрхæсдзæн уæрæсейаг адæмæн, уыдон аххосæй цардæмгъуыд фылдæр нæ, фæлæ фæуыдзæн къаддæр, æмæ 65 азы онг уæззау куыст чи кæна, уыдонæй уыцы кармæ уæвгæдæр ничи фæцæрдзæн. Æндæртæ та хæцынц хицауады хъæппæрисы фарс æмæ ног закъон нымайынц æнæмæнгхъæ-уæгыл. Уыдон фидарæй лæууынц ахæм хъуыдыйыл, ома, ныртæккæйы фæндзай фондз æмæ æхсайаздзыд адæм тынг хицæн кæнынц сæ раздæры æмгæрттæй. Абон сты куыстхъом, хъæддых æмæ цардбæллон. Йе уый тыххæй тынг хорз уыдзæн ацы ног закъон уыдон цæрдхъомдзинад адаргъ кæнынæн.

Хъуыдыты алыгъуызондзинадмæ ма бафтауын хъæуы уый, æмæ ныртæккæйы уавæрты цыппораз-дзыдæй фæстæмæ куыстмæ бацæуын тынг зын кæй у. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыстагурджыты бартæ бахъахъхъæнынæн ис закъонон бындур, фæлæ æдзух тæрхондæттæм цæуынæн та уæлдай тых æмæ фæрæзтæ хъæуы. Уыдон сæ дыууæ дæр вæййынц æрыгон адæммæ, æмбис карæй чи ахызти, уыдон та хъуаг сты. Афтæ у æви нæ, уый равдисдзæн рæстæг. Ныр та уал æнхъæлмæ кæсдзыстæм, закъоны хъысмæт куыд аскъуыддзаг уыдзæн, уымæ.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.