Проект «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы инвестор Константин Ластович куыд зæгъы, афтæмæй йæ дыргъдон ацы аз радта хорз тыллæг. «Æдæппæтæй ныссагътам фæткъуыты 5 хуызы. Талатæ иууылдæр ласт æрцыдысты Сербийæ. Уырдыгæй сæ уымæн æрластон, æмæ уыдон бынæттон климатон уавæрты хорз рæзынц. Цалынмæ талатæ бынатмæ не ‘рластам, уæдмæ æмбæлон куыст бачындæуыд мæры миниуджытæ сахуыр кæнын æмæ йын анализ саразыны фæдыл, цæмæй талатæн, гæнæнуæвгæйæ, хуыздæр уавæртæ арæзт æрцыдаид нæ климатыл æрцахуыр уæвынæн. Сæрмагонд шлангтæ ныппæрстæуыд алы талайы бын дæр донхæр кæнынæн. Никæй уырныдта, нæ талатæ ацы аз тыллæг кæй ратдзысты, фæлæ мæнæ уæхи цæстæй уынут – зайы сыл дыргътæ. Фидæн аз мах æнхъæлмæ кæсæм стырдæр тыллæгмæ. Нырма нæм уадиссаг куыст кæй нæ цæуы, уый тыххæй нæм кусы 8 адæймаджы».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй проект фæстæдæр рауæрæх кæндзæн æмæ кусдзысты дыргъты продукци уадзыныл. Фидæны фæнд кæнынц дыргъы дæттæ, джем, павидлæ æмæ æндæр хуызы продукци уадзын. Хъавынц ма талахъомылгæнæн саразын дæр. «Дыргъдон куы сырæза планмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ, уæд «Ирыстоны дыргъдæтты» фæзуатæй планмæ гæсгæ исдзыстæм 2500 тоннæйы фæткъуытæ» –  зæгъы проекты хицау.

Ацы дыргъдон арæзт æрцыд  фæстаг азты цы Инвестицион проекттæ æххæст цæуынц, уыдонæй сæ иу «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы фæлгæтты, Цхинвалы районы 5-гектары фæзуатыл æмæ дзы сагъд æрцыд 165 мин талайы. Проект ма куыд амоны, афтæмæй дзы арæзт æрцæудзæн 3 мин тоннæйы бæрц дыргътæ æмæ халсæрттæ æфснайæндæттæ дæр. Уыдæттæ иууылдæр арæзт куы æрцæуой, уæд кусæн бынæттæ дæр зынгæ фæфылдæр уыдзысты

Инвестпроектæн йæ аргъ у 265, 64 милуан сомы. Уыдонæй инвесторæн йæхи фæрæзтæ сты 60,1 милуан сомы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.