Фæстаг азты цы Инвестицион проекттæ æххæст цæуынц, уыдонæй сæ иу у «Ирыстоны дыргъдæттæ». Ацы проекты фæдыл куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый бынаты бабæрæг кодта Хъуылымбегты Доменти. Йемæ ма уыд республикæйы хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали. Бæрæг куыд у, афтæмæй интенсивон  типы фæткъуыбæлæсты дыргъдон арæзт цæуы Цхинвалы районы 50 гектары фæзуатыл æмæ дзы сагъд æрцæудзæн 165 мин талайы.

Хицауады сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй ацы инвестицион проект æндæр проекты æмрæнхъ ирдæй уынын кæны инвесторæн цымыдисон кæй у инвестицитæ бахæссын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у нырма райдиан. Арæзт цæуы æрмæст дыргъдон нæ, фæлæ 3 мин тоннæйы бæрц дыргътæ æмæ халсартæ æфснайынæн инфраструктурæ дæр. Проект реализаци куы æрцæуа, уæд ам арæзт æрцæудзæнис 50  кусæгон бынаты. Ныртæккæ та дзы бынæттон адæймæгтæй кусынц 8 адæймаджы.

Дыргъдоны талатæ сагъд цæудзысты иууыл нырыккондæр методтæм гæсгæ. Æдæппæт ныссадздзысты фæткъуыты 5 хуызы æндæр æмæ æндæр сорты, уыдон сты абон фæлхасгæнджытæ иууыл тынгдæр кæй агурынц, ахæм сорттæ. Талатæ иууылдæр ласт цæуынц Сербийæ. Уырдыгæй  та сæ уымæн ласæм æмæ махмæ хорз рæзынц. Цалынмæ  сæ ардæм не ‘рластам, уæдмæ æмбæлон куыст бачындæуыд мæры сахуыр кæнын æмæ йын анализ саразыны фæдыл, цæмæй талатæн гæнæнуæвгæйæ хуыздæр уавæртæ арæзт æрцыдаид нæ климатыл æрцахуыр уæвынæн. Сæрмагонд шлангтæ æрластæуыд донхæр кæнынæн æмæ æвæрæд куы æрцæуой, уæд дыргъдоны æппæт территори дæр донхæр цæудзæн», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Проекты инициатор у профессионалон дыргъдонкуыстгæнæг Константин Ластович æмæ Хицауады Сæрдар куыд зæгъы, афтæмæй уый проекты фæстæдæр рауæрæх кæндзæн æмæ кусдзысты дыргътæй продукци уадзыныл. Ластович фæнд кæны дыргъы дæттæ, джемтæ, павидлæ æмæ æндæр хуыз продукци уадзын æмæ «Ирыстоны дыргъдæттæ» гæнæн ис æмæ суа Хуссар Ирыстоны бренд дыргъгуысты къабазы. Хицауады Сæрдар ма куыд загъта, афтæмæй ам уыдзæнис талахъомылгæнæн дæр бынæттон цæрджытæн. Инвестпроектæн йæ аргъ у 265,64 милуан сомы. Уыдонæй инвесторæн йæхи фæрæзтæ сты 60,1 милуан сомы.

«Ацы проект реализаци цæуы экономикæйы реалон секторы рæзтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты. Проекты инициатор – инвестор Коктантин Ластовичмæ ис стыр фæлтæрддзинад ацы здæхты». Æз хъуыды кæнын афтæ æмæ ацы проекты фæстæ фæзындзысты æндæр проекттæ дæр хъæууон хæдзарады къабазы. Баныхæстæ уадзæм æндæр инвестортимæ дæр. Уыцы нымæцы бынæттон фермертимæ дæр, кæцытæ цымыдис кæнынц ацы фæлтæрддзинадимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ дыргъкуысткæнынады хъуыддадджы махмæ республикæйы цы хъæздыг традицитæ уыд, уыдон нын фадат дæттынц афтæ дзурынæн æмæ хъæууон хæдзарад уæддæр æндзыг уавæры кæй нæ уыд, уый нæ, фæлæ ма уыд змæлды æмæ ацы здæхты куыст дæтты йæ конкретон фæстиуджытæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Константин Ластович дæр лæмбынæг радзырдта йæ проекты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, талатæ рацыдысты санитарон контролы æртæ этапы. Фыццаг Сербийы, дыккаг Уæрæсейы æмæ æртыккаг та ам бынаты. Йæ ныхæстæм гæсгæ талаты садзын райдайдзысты æрмæстдæр майы мæйы райдианы. Раздæр, зæгъгæ, сагъд куы æрцæуой, уæд тæссаг у куынæ схæцой, мæры температурæ æмбæлон кæй нæма у, уый тыххæй. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, «Ирыстоны дыргъдон»-ы фæзуатæй план кæнынц 2500 тоннæйы фæткъуытæ æртонын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.