2014 азы нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрад цы проекттæ æххæст кодта, уыдонæй иу уыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 4 гектар афтид зæххы фæзуатыл талатæ ныккалын.

Уыцы нысанæн Цæгат Ирыстонæй хуынд æрцыдысты специалисттæ. Уыдон сахуыр кодтой мæр агрохимикон æгъдауæй. Анализтæн хатдзæгтæ саразыны фæстæ зæхх бакуыстæуыд æмæ дзы ныссагътой 4 318 талайы. «Ай-даред», «Голден» æмæ «Семеринка»-йы сорт фæткъуытæ цалдæр азмæ хъуамæ уæй цыдаиккой куыд бынæттон базары, афтæ республикæйы фæлгæтты дæр. Талатæ ласт æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй. Цалынмæ сæ бынатмæ не ‘рластой, уæдмæ æмбæлон уавæрты хъомыл кодтой, бынæттон климатыл æрцахуыр уавæры фадат сын лæвæрдтой талахъомылгæнæндоны. Талаты куы ныссагътой, уæд сæм сарæзтой, дон кæуылты хъуамæ цæуа, ахæм къанаутæ донхæрæн.

Хицауады хъуыды уыд, ныр профессионалон арендатор ссарын æмæ дыргъдон уый къухтæм радтын. Цæмæй ацы проект йæ тыхы бацыдаид, уый тыххæй лæвæрд æрцыд бынæттон лæппутæй цалдæрмæ. Хъыгагæн, уыдон куыстмæ серьезон ахаст кæмæн ис, ахæмтæ нæ разындысты. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй дыргъдонмæ куыд æмбæлы, афтæ зылд нæ цыд, талатæ кæрдæджы бын фесты. Рæстæгыл сæ кæй нæ пырх кодтой, уый тыхфхæй алыгъуызон низтæй фæрынчын сты. Афтæмæй та проектмæ гæсгæ фæстæдæр хъуамæ ноджыдæр рауæрæх æрцыдаид дыргъдон. Фидæны та хъуамæ бынаты арæзт æрцыдаид дыргъы продукци уадзæн завод. Дыргъыдæттæ, джемтæ, павидлæтæ æмæ æндæр хуыз продукци хъуамæ суыдаид Хуссар Ирыстоны бренд дыргъгуысты къабазы.

Хъæууон хæдзарады министрад йæ бадзырд фехæлдта бынæттон арендатортимæ, дыргъдонмæ æмбæлон уагæй зылд кæй нæ цыд, уый аххосæй. Ныр та агурын райдыдта, фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм арендаторы.

Икъаты Ибрагимы нæ республикæйы цæрджытæ зонынц, куыд эстрадон зарæггæнæг, бирæ хитты æххæстгæнæг. Фæлæ ма уый кæны амалиуæггæнæджы куыст дæр. Уый хъомыл кодта ацы хъæуы. Рагæй цымыдис кæны дыргъдоны куыстмæ, ис æм фæлтæрддзинад. Уымæ гæсгæ сфæнд кодта дыргъдон арендæйы райсын, фæткъуыбæлæстæм базилын.

Икъаты Ибрагим куыд зæгъы, афтæмæй дыргъгуысты хъуыддаджы махмæ, республикæйы, цы хъæздыг традицитæ уыд, уыдон дзурæг кæй сты, хъæууон хæдзарад нæм раздæр размæдзыд кæй уыд. «Мæ хъæуы цæрджытæй ацы куыст бирæтæ кодтой. Сæ дыргътæм-иу базылдысты, аластой-иу сæ Уæрæсемæ æмæ-иу афæдзмæ сæхицæн хæдзæрттæ самадтой. Уæдæ цæмæннæ ис гæнæн ныр ацы здæхты куыст дæтта хорз фæстиуджытæ», – зæгъы æрыгон лæппу.

Уый нын лæмбынæг дзырдта, æдзæллаг уавæрмæ цы дыргъдон æрхауд, уый куыд хъавы сæндидзын кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ райдианы уый бæстон ныссыгъдæг кæндзæнис дыргъдоны фæзуат кæрдæгæй. Базилдзæн сæм æмбæлон æгъдауæй, хус талатæ ивд æрцæудзысты æндæртæй. «Талатæ садзын хъæуы майы мæйы. Раздæр сагъд куы æрцæуой, уæд тæссаг у, куынæ схæцой, мæры температурæ æмбæлон кæй нæма у, уый тыххæй. Ныридæгæн сæм арæзт æрцыд къанаутæ. Дыргътæм зылд кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ фæрынчын сты, фæткъуы бæласæн характерон чи у, ахæм низтæй. Æз рагацау балхæдтон химикаттæ æмæ афон куы уа, уæд сæ бапырх кæндзынæн Ныртæккæ дыргъдоны цы бæлæстæ ис, уыдон сты 2080-йы бæрц. Мæ зæрды ис уыдон дыууæ хатты фæфылдæр кæнын. Дыргъдоны æнæ техникæйæ кусын зын у, уымæ гæсгæ балхæдтон трактор. Мæ зæрды ис бæлæсты æхсæнты халсæрттæ ныссадзын – пъамидортæ æмæ къабускæ, кæцытæ уæй цæудзысты бынæттон базары. Æрласæггаг халсæрттæй алы хатт дæр фæлхасгæнæг хуыздæрæн фæагуры бынæттон продукци. Ацы аз дыргъдон уадиссаг тыллæг нæ ратдзæн, фæлæ фидæн аз хъуамæ бæрæг хуыздæр уа сæ тыллæгæрзад», – зæгъы Икъаты Ибрагим.

Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй талатæ куы бахъомыл уой, уæд алы бæлас дæр дæтдзæнис 40 кг тыллæг. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уыдон хъавынц æндæр проекттæ дæр среализаци кæнын хъæууон хæдзарады къабазы. Баныхæстæ уагъд цæудзæнис æндæр фермертимæ дæр, кæцытæ цымыдис кæнынц ахæм куыстытæм. Дыргъгуыст æмæ халсаргуыст хъомыл кæныны та алы хатт дæр уыд рентабелон. Уыдон хорз уæй цæуынц бынæттон базарты, экологион æгъдауæй сыгъдæг кæй вæййынц, уымæ гæсгæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.