Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уагъд æрцыд депутаттæ фембæлдысты компани «Аланты бындур»-ы генералон директор Тæтæраты Аланимæ. Фембæлды ма хайад райстой Мугуты хъæуы цæрджытæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй инвестор райдыдта Аунеуы хъæуы территорийыл æхсæрты дыргъдон аразын, кæцы расайдта Мугуты хъæуы цæрджыты æнæразыдзинад, æмæ уыдон сидт ныффыстой РХИ-йы Парламенты спикермæ, цæмæй сæвзæргæ уавæрмæ æркæсой. Уыдон уыцы зæхх куыстой, тыдтой мæнæу æмæ æндæр нæмыгон культурæтæ. Уымæй уæлдай ма, уыдон куыд банысан кодтой, афтæмæй уыцы территори уыд фосæн хизæн бынат, æмæ уым æнгузты дыргъдон саразыны фæстæ уыдонæн фадат нæ уыдзæн уым фос хизынæн.

Фембæлды райдианы инвестор банысан кодта, зæгъгæ, проект æххæст æрцæудзæн уыцы зæххытыл, кæцытæ ацы хъæуы цæрджытæ нæ куыстой. Тæтæраты Алан хъусдард аздæхта уымæ, зæгъгæ, дыргъдон цы территорийыл арæзт æрцæудзæн, уыцы зæхх азгæйтты куыстгонд нæ цыд. Уый банысан кодта, проектæн кæй ис социалон здæхт æмæ уыдон цæттæ кæй сты бынæттон цæрджытимæ кусынмæ. Инвестор банысан кодта, зæгъгæ, кæд цæрджытæ проекты архайой, æмæ сын ахæм фæндон дæр загъта, уæд се ‘фтиæгтæ фæфылдæр уыдзысты.

«Мах цæттæ стæм, кæй бафæнда, уыдонæн æнæпроцентон хæс радтын талаты хуызы фондз азмæ кредит бафидыны æртæ хуыз фæрæзимæ. Фыццаг – адæймаг кусдзæн махмæ быдыры, æмæ йæ куыст стажыл нымад цæудзæн. Дыккаг – фадат уыдзæн тыллæгæй бафидын, кæцы дыргъдон дæтдзæн фондз азмæ. Æмæ æртыккаг та, кæд уыцы рæстæгмæ кусæгæн райгуыра дыууæ сывæллоны, æмæ йæм бæлвырдгæнæн гæххæтт уа, уæд уый сæрибар цæуы кредит фидынæй. Уыдон иууылдæр арæзт цæудзысты официалонæй», – загъта Тæтæраты Алан.

Уымæй уæлдай ма уый куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджыты куы бафæнда дыргъдоны бакусын, уæд уыдонæн сæ бон уыдзæн æнæныхдуртæй сæ продукци реализаци кæнын, уымæн æмæ уыцы хæс дæр инвестор йæхимæ исы.

«Мах цæттæ стæм сымахæй кæимæфæндыдæр бардзырд саразын дæс азмæ биржæйон аргъмæ тыллæг балхæныны тыххæй. Сымах нæ бахъæудзæн уæ продукци реализаци кæныны фæндæгтæ агурын», – загъта уый.

Тæтæраты Алан банысан кодта, зæгъгæ, дыргъдæтты арæзт æрцæудзысты куысты æппæт уавæртæ. Уый цæттæ у æнæмæнгхъуæг техникæ радтынмæ. Италимæ хъæугæ адæмы арвитын квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ кæнæ та италиаг специалистты Хуссар Ирыстонмæ фæхонын, цæмæй адæмы бынаты ахуыр кæной.

«Мах та хъуыддаджы фенын кæндзыстæм, куыд кусы дыргъдон æмæ уымæй цы æфтиаг цæудзæн. Фæлæ мах фарсæрдыгæй уыдзæн карз контроль, контрактон хæстæ куыд æххæст цæуынц, ууыл, уымæн æмæ талатæ афтæ дæттын махæн дæр нæ бон нæу. Уыдон хъуамæ уой бæрн-джын адæм, кæцытæ цæттæ сты реалон æгъдауæй кусын æмæ дыргъдонмæ хорз зилын. Уыдон хъуамæ сæхи номыл сфидар кæной уыцы зæххытæ æмæ фидой хъалонтæ.

«Инвесторы информаци æмæ социалон проекттæм байхъусгæйæ йын мах  хъуамæ баххуыс кæнæм, уымæн æмæ махæй ницы домдæуы. Инвестор нæ сифтонг кæндзæн кусæгон бынæттæй, сараздзæн уын æппæт уавæртæ. Æхсæры дыргъдон  у тынг пайдаджын проект, уымæй уыдзæн хорз æфтиаг. Æмæ уымæй сымахæн у пайдаджын, уымæн æмæ нæмыгон культурæтæй цы æфтиаг исут, уымæй фылдæр уыдзæн æхсæры æфтиаг», – загъта Тадтаты Алан.

Ацы проектæн æххуысы ныхæстæ загъта РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Чилæхсаты Владимир дæр.  Уый банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ фадат радтой инвесторæн республикæйы территорийыл бакусынæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны экономикæ рæзын кæнæм. Раздæры инвестортимæ абаргæйæ, уый цæттæ у цæрджытæн кусæгон бынæттæ радтынмæ, афтæ ма дзуапп дæтты товар уæй кæнынæн.

Мугуты хъæуы цæрджытæ сæ рады банысан кодтой, зæгъгæ сæм инвестормæ домæнтæ  нæй, уымæн æмæ уый æрцыд, цæмæй талатæ ныссадза æмæ равдиса æвæрццаг фæстиуæг. Уыдон бахатыдысты депутаттæм, цæмæй сын баххуыс кæной, бирæ æмгъуыдмæ арендæ чи райста æмæ сæ хорз чи кусы, уыцы адæмæн, зæххы фадгуытæ сæхи номыл саразыны хъуыддаджы.

Ацы фарсты фæдыл ма йæ хъуыды загъта РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Плиты Александр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бирæ цæрджытæ кæцыдæр чиновникты æххуысæй райстой зæххыты цалдæр дæсгай гектартæ арендæйы бирæ азтæм æмæ сæ нæ кусынц, афтæмæй æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Ахæм æдзæсгом арендатортæн уыцы зæххытæ хъæуы райсын æмæ сын стыр ивартæ бафидын кæнын, цæмæй   бæрндзинад хатой.

Тадтаты Алан банысан кодта, зæгъгæ, проблемæ æмбæрстгонд у æмæ сараздзæн æппæт дæр, цæмæй ацы фарст æххæсткæнынадон хицауады раз сæвæра.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.