УФ-йы Президенты Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травины кусæгон балц Хуссар Ирыстонмæ

Ацы бонты нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты ХПÆ-йы бæстæтæ  Республикæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ уазджытимæ бабæрæг кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи цæуынц, уыцы объектты.

Медико-социалон центр цæгатæрдыгæй горæтмæ æрбахизæны кæй ис, уымæ гæсгæ уал бацыдысты уырдæм. Хатæнтыл азилгæйæ, Денис Травин бацымыдис кодта, чи дзы цæрдзысты, уыдонæй алкæмæндæр сæ цæрæн хатæнты æвæрд æрцæудзысты телевизортæ æмæ сын фадат уыдзæн телеалæвæрдтæм бакæсынæн.

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги уазæгæн радзырдта, ам æмбæлон уавæрты цæрыны тыххæй арæзт кæй цæуы æппæтдæр. Иууыл иумæ дзы уыдзæн 35 сынтæджы. Хатæнтæ та сты иу æмæ дыууæбынатон. Алы хатæны дæр дзы уыдзæнис телевизор æмæ æнæмæнгхъæуæг хæдзарон дзаумæттæ. Хатæнты ис хинайæнтæ æмæ къахæвæрæнтæ. Цы ифтонггæрзтæ ма сæ хъæуы, уыдон ацы бонты æрласдзысты. Хæрзарæзт цæуы йæ территори дæр. Арæзт æм æрцыд асфальт фæндаг. Министры ныхæстæм  гæсгæ  октябры  мæйы  кæрон объект лæвæрд æрцæудзæнис эксплуатацимæ.

Уазæг азылдис æмæ йæхи цæстæй федта хæринагкæнæн хатæны дæр, цымыдис кодта цы ног ифтонггæрзтæ дзы æвæрд æрцыдис, уыдонмæ дæр.

Денис Травины бацымыдис кодта зæрæдтæ кæм сты, уым сын цæрыны фадæттæ ис æви нæ, уымæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр куыд загъта, афтæмæй, ныртæккæ дæр æнæркаст не сты  зæрæдтæ, фæлæ сæ бæстыхай ис мæгуырау уавæры. Медико-социалон центры та сын арæзт æрцæудзæн æппæт уавæртæ дæр, цæмæй дзы сæхи хатой хорз, загъта министр.

Уазæг æмæ йе ‘мбæлццæттæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ горæты администрацийы æххуысæй дæр арæзтцæуæг уынгты. Уыдон та сты Аланты, Нарты, Руставелийы, Суворовы, Дмитровы æмæ Коцты Грийы уынгтæ. Базонгæ сты, арæзтадон куыстытæ сæ куыд цæуынц, уыимæ. Ацы уынгты кусджытæ кæнынц æмызмæлд. Иутæ архайынц асфальтмæ йæ цæттæ кæныныл, иннæтæ тротуартыл æвæрынц тротуарон плиткæ. Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард уазæгæн куыд радзырдта, афтæмæй куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ. Æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц гъæд-джынæй æмæ банысангонд æмгъуыдты. Тротуарон плиткæ та, ам, бынаты кæй аразынц, уый фехъусгæйæ уазæг райгондæй баззад. Уынгты цы рухсгæнæнтæ æмæ светофортæ арæзт æрцæудзысты, уыдон дæр уыдзысты бæрæг хуыздæр, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттынц, ахæмтæ.

Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдонмæ бацæугæйæ, уазæг цымыдис кодта фыццаг хæдзар цал фатерон уыдзæнис, стæй арæзт цы æмгъуыдтæм фæуыдзæнис, уымæ.

Арæзтады прораб куыд загъта, афтæмæй уыдон уыдзысты дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары, уыдзысты фондзподъездон æмæ дзы уыдзæнис 50 иухатæнон, 50 дыууæхатæнон æмæ 50 та – æртæхатæнон фатертæ. Арæзт æрцæудзысты тынг хорз планировкæмæ гæсгæ æмæ сæ цæрынæн та уыдзæнис хæрзвадат уавæртæ. Ныртæккæ куыстытæ дыууæ корпусы дæр æххæст цæуынц æнæкъуылымпыйæ. Фыццаг корпусы амайынц цыппæрæм уæладзыджы къултæ. Кусæгдых æмæ техникæйæ дæр сты ифтонг. Фатертæ æцæгæйдæр йæ цæрæнуаты уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдонæн лæвæрд цæудзысты æви нæ, ахæм фарстæн горæты администрацийы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, фæткхалæн цаутæн бынат нæ уыдзæнис. Фатертæ лæвæрд æрцæудзысты закъонон æгъдауæй. Уый тыххæй арæзт æрцыдис къамис 15 адæймаджы скондæй, æмæ бæлвырд цæуынц, æнæмбæлонæй фатер райсынмæ чи хъавынц, ахæм адæймæгтæ.

Азылды радон объект уыдис Хъайтарты уынджы кæрон цæрæн комплекс. Йæ аразæг организаци,  гом акционерон æхсæнад «СТМ-ЮГ»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег уазджытæн куыд радзырдта, афтæмæй ног цæрæн комплекс цæттæ у эксплуатацимæ радтынмæ æмæ рæхджы цæрæнуат райсынмæ горæты администрацийы рады чи лæууынц, уыдонæн лæвæрд æрцæудзысты. Фатерты цæрæн фæзуат у, ныртæккæ горæты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдонæй бирæ уæрæхдæр. Хæдзæрттæм бацæуæнты арæзт æрцыдис домофонтæ. Алы фатеры дæр арæзт æрцыдис дыгай балкъæттæ. Фатерты та алцыдæр у аив æмæ бæстон арæзт.

Горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан дæр банысан кодта хæдзæртты гъæдджын арæзтад æмæ загъта, зæгъгæ, къамис архайы, цæмæй номхыгъдмæ ма бахауой æнæнхъæлæджы адæм æмæ фатертæ лæвæрд æрцæуой, кæмæ æмбæлынц, уыдонæн.

Дарддæр уазджытæ бацыдысты уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадмæ. Ам аразджытæ æрывнæлдтой дыккаг уæладзыджы систæ амайынмæ. Æнæуый уыдзæнис æртæуæладзыгон, монсардаимæ. Кусджытæн сæ куыст не ‘рлæууы сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм. Ныккæнды арæзт цæуынц хатæнты гæрæнтæ. Куыст цæуы электроны æмæ инженерон хызæгтæ бауадзыныл. Уазæгдонæн бахъахъ-хъæд æрцæудзæнис йæ раздæры æддаг хуыз. Арæзтады прораб куыд загъта, афтæмæй ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй æмæ кусæгдыхæй.

Уазæгдон арæзт цæуы 43 номырæн. Уыдзæнис дзы куыд люкс, афтæ хуымæтæгдæр номыртæ, президентон люкс  бар, ресторан, бизнес-центр.

Денис Травин цымыдис кодта бакæнгæ куыстыты гъæдмæ, арæзтадон нормативтæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уымæ.

Дарддæр уазæг æмæ йе ‘мбæлццæттæ федтой дзулфыцæн комбинаты ног бæстыхай, кæцы ифтонг у нырыккон ифтонггæрзтæй. Куыстуаты директор Цхуырбаты Вадим уазджытæн радзырдта, сæ куыст ныр бирæ кæй фенцондæр æмæ цы продукци уадзынц, уымæн дæр йæ гъæд бирæ кæй фæхуыздæр. Денис Травин бафиппайдта, ам цы дзул уадзынц, уый, кæддæриддæр, вæййы хæрзгъæд. Сæ куыстæн ахæм аргъ кæй æрцыд, уый æхсызгон уыдис куыд директор, афтæ кусджытæн дæр.

Комбинаты директор ма куыд банысан кодта, афтæмæй сын ног ифтонггæрзтыл кусын райдианы зын уыд. Фæлæ комбинаты куыстуарзаг коллектив уайтагъд фæцалх сты ног ифтонггæрзтыл æмæ ныр райгонд сты сæ куыст, сæ архайдæй.

 

ХИМÆРАЙСТ ПРЕЗИДЕНТМÆ

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт-цæуæг объекттыл азылды фæстæ ХПÆ-йы бæстæтæ Республикæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмæ йе ‘мбæлццæтты йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Президенты Аппараты къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ, РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

Фембæлды уынаффæ цыдис 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстатыл.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестпрограммæ реализаци цæуы планмæ гæсгæ.

«Аз фæуд кæны æмæ æхсызгон хъуыддаг у Инвестицион программæ æппæт бæрæггæнæн-тæй дæр планмæ гæсгæ кæй цæуы. Уый та фыццаг рады у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмбæлон структурæтимæ иумиаг куысты руаджы», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ серьезонæй бацæттæ кæныны ахсджиагдзинад.

Йæ рады Денис Травин загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны арæзтадон процесс бæлвырдæй зыны. Афтæ ма радзырдта УФ-йы Президенты хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй. Уыцы хæслæвæрдтæ радта Бибылты Анатолимæ йæ фембæлды фæстæ. Уыдонæй сæ иу уыд бюджетон организациты кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.