Социалон хызæгты апарахат не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг, Уæрæсейы иууыл стырдæр куыстуæттæй иу, агрохолдинг «Евродон»-ы генералон директор Уанеты Вадимы хъусынгæнинаг. Амалиуæггæнæг Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй куры æххуыс. Уый куыд фыссы, афтæмæй та ногæй разынд ахæм адæймæгтæ йе ‘нтыстдзинæдтæ йын хи бакæнынмæ чи хъавы.

Уыцы ныхæсты фæстæ Уанеты Вадимы ныхмæ информацион хæст расидтысты. Дзыллон информацион фæрæзтæй иуæй-иуты фыссынц, Уанеты Вадимæн, фæсарæнты фатертæ, хæдзæрттæ, яхтатæ æмæ хæдтæхджытæ ис, зæгъгæ. Фæлæ уыцы ныхæстæн бындур нæй, чи сæ дзуры, уыдонæн та сæ нысан æрмæстдæр у, цæмæй амалиуæггæнæгæн байсой йæ куыстуат.

Ахæм уавæры ма Уанеты Вадим уыди дыууæ азы размæ. Уæд рæстдзинад  фæуæлахиз æмæ Уанеты Вадимы ныхмæ чи уыд, уый ахæстоны сбадын кодтой.

Нæ республикæйы 2 азы размæ Инвестицион программæйы фæлгæтты Уанеты Вадим цы фыдызгъæлы завод байгом кодта, уый йæ куысты райдианæй фæстæмæ рауагъта 100 тоннæйы продукци, уыдонæй 60  тоннæйы рауагъта 2018 азы. Продукци цæуы маркæ «Нæртон»-ы бын. «Нæртон» маркæйы продукцийæн тынг аргъ кæнынц канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма æввахсдæр регионты дæр. Фыдызгъæлы завод «Растдон» куысты бынæттæй сифтонг кодта 25 бынæттон адæймаджы. Уыдон 25-æм сентябры æрæмбырд сты «Растдон»-ы раз æмæ ауагътой митинг. Семæ ма æрбаиу сты горæты цæрджытæ дæр. Митинг уагъд цыд ахæм лозунгтимæ «Вадим Ванеев мы с тобой!», «Руки прочь от Евродона!»

Æрæмбырдуæвджытæн лозунгтæ сæ къухы, афтæмæй дзырдтой, зæгъгæ, «15 азы размæ Уанеты Вадим сарæзта гогызы фыды куыст кæм кæнынц, ахæм стыр куыстуат. Ис дзы 7 мин куысты бынаты. Уый 15 азы йæ куыстæй улæфты дæр никуы ацыд, æппынæдзух кæны архайгæ æмæ йæ ныууадзæт йæхи бар, радтут ын рæстæг æмæ алцы дæр æрбæстон кæндзæн!

Митинггæнджытæм æрбаиу сты Ветеранты æхсæнад дæр. Уыдонæй сæ иу Бабаты Хъазбег йæ раныхасы загъта: «Уанеты Вадимы хайбавæрд Хуссар Ирыстон сæндидзын кæнынмæ стыр у. Уый хæрзаудæн архайды фæрцы арæзт æрцыд кувæндон, зын уавæры бахауæг адæймæгтæй баххуыс кæны бирæтæн. Æз сидын æгас ирон адæммæ, бахъахъхъæнæм æй тыхæйисджытæй!»

Митингы уынаффæ рахастой, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинмæ æрвыст æрцæуа петицитæ ирон адæмы номæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.