Ирыстоны спортивон историйы æрцыд стыр цау. Фыццаг хатт ирон боксер ссис дунеон боксы федерацийы (IBF) версимæ гæсгæ дунейы чемпион. Ацы титул зындгонд боксер Денис Лебедевæй байста ирон боксер Гасситы Мурат. 12-раундон тох цыд Мæскуыйы. Ацы тохмæ дæргъвæтин рæстæджы æнхъæлмæ кастысты Ирыстоны æмæ дунейы цæрæг ирон спортуарзджытæ. Гасситы Мурат тохы фæстæ куыд загъта, афтæмæй ацы уæлахизмæ цыд 5 азы дæргъы. Залмæ æрбацыдысты æмæ тохмæ кастысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ хицауады уæнгтæ.

Фембæлды фыццаг дыууæ раунды Мурат архайдта хъавгæйæ. Фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уымæн уыд ахæм тактикæ, цæмæй цадæггай тынгдæрæй тынгдæр кодтаид йæ темптæ. Кæд Лебедев арæхдæр цавта Мураты, уæд Мураты цæфтæ та уыдысты бирæ тыхджындæр æмæ уæззаудæр. Уый бæрæгæй разынд 5-æм раунды. Мурат галиу къухæй тыхджын цæф ныккодта Лебедевы игæр æмæ уый нæ бафæрæзта. Афтæмæй фыццаг хатт йæ карьерæйы Лебедев йæ игæрмæ цæф бауадзыны фæстиуæгæн уыд нокдауны.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ныхмæлæууæджы игæр ныццæвыны фæстиуæгæн Мурат кæй фæуæлахиз бирæ хæттыты.

Дарддæр дæр Мурат йæ тых йæ бонтæй цавта Лебедевы. Ныхмæлæууæджы цæфтæ та стыр зиан нæ хастой Муратæн, æмæ уымæ гæсгæ Сланты Виталийы хъомылгæнинаг йæхи тынг дæр нæ хъахъхъæдта. Уыцы хъуыддаг дзурæг у ууыл, æмæ Мурат фæразон кæй у ныхмæлæууæджы цæфтæн дæр. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, бæрæг у Мураты кæй хъæуы кусын ныхмæлæууæджы цæфтæй  хи бахизыны тыххæй. Уымæн æмæ кæд Мурат дарддæр ахиза иууыл уæззаудæр уæзы категоримæ, уæд уым архайæг спортсменты цæф у бæрæг уæззаудæр. Ацы тохæй ма бæрæг у уый дæр æмæ Мурат 5 азы æмгъуыдмæ кæй ссис дунеон æмвæзады боксер.

Тохы фæстæ Денис Лебедев куыд загъта, афтæмæй ныр уыдзæн Гасситы Мураты дуг.

Гасситы Муратæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид.

«Хуссар Ирыстон адæм сæрыстыр сты дæуæй æмæ мæ ныфс ис нырма нын бирæ хæттыты кæй барухс кæндзынæ нæ зæрдæтæ. Ды дæ фидæны фæлтæртæн хорз цæвиттон», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр» та кæй сорганизаци кодта, цæмæй тох æвдыст æрцыдаид Цхинвалы киноконцертон зал «Чер-  мен»-ы. Зал йемыдзаг уыд спортуарзджытæй. Тохы фæстæ бирæ спортуарзджытæ ра-хызтысты горæты уынгтæм, æмæ арфæтæ кодтой кæрæдзийæн. Мурат ныр профес-сионалон рингыл акодта 24 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз.

Ацы профессионалон изæры ма рингмæ рахызт ноджы иу ирон боксер Чилæхсаты Георги. Уый архайдта телеканал «Матч ТВ»-йы проект «Бой в большом городе»-йы. Ирон боксер ацы проекты ахызт финалмæ, цыран тох кодта проекты иннæ хайадисæг Владимир Мышевимæ. Чилæхсаты Георги фæуæлахиз техникон нокаутæй. 4-æм раунды йæ ныхмæлæууæджы тренертæ рингмæ раппæрстой урс хи-сæрфæн. Ацы уæлахизы фæрцы Георгийæн лæвæрд æрцыд фатер æмæ ма контракт бафысдзæн проумотерон компани «Мир бокса»-имæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.